Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сӕн — хынджылӕггӕнаг, арахъхъ — нӕрӕмон, чи сыл фӕцалх ис, уый ӕдылы у.

2 Паддзахы маст — домбайы рыхын, дӕхиуыл ӕй куы бафтауай, уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.

3 Хъаугъатӕй йӕхи дард чи ласы, уымӕн уый — кады хос, алы зондцух та загъд къахынмӕ гӕппӕй лӕууы.

4 Зивӕггӕнаг йӕ афоныл хуым нӕ кӕны ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ницы ссары.

5 Адӕймаджы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕйы денджызау арф сты, фӕлӕ сӕ зондджын раргом кӕны.

6 Иузӕрдион хӕлӕрттыл сӕхи бирӕтӕ нымайынц, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕймаджы кӕм ссардӕуа?

7 Рӕстуд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕры, йӕ байзӕддӕгтӕн тӕхудиаг у сӕ фидӕн.

8 Паддзах тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рбады, уӕд йӕ цӕстӕнгасӕй алы ’взӕрдзинад дӕр дымгӕмӕ ныддары.

9 Кӕй бон у зӕгъын: «Мӕ зӕрдӕ сыгъдӕг у, мӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг дӕн?»

10 Сайаг барӕнтӕ, сайаг уӕзбарӕнтӕ — сӕ иу дӕр ӕмӕ сӕ иннӕ дӕр ӕлгъаг у Дунедарӕджы раз.

11 Адӕймаг ӕрыгонӕй дӕр йӕ митӕй бӕрӕг вӕййы — йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ цӕсгомджын сты ӕви нӕ.

12 Хъусгӕ цы хъус кӕны ӕмӕ уынгӕ цы цӕст кӕны — иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.

13 Кӕд фынӕй кӕнын уарзыс, уӕд мӕгуырмӕ ’рцӕудзынӕ, дӕ цӕстытӕ ма бацъынд кӕн ӕмӕ ӕфсӕст уыдзынӕ.

14 «Ницӕйаг дзаума у!» — фӕзӕгъы ӕлхӕнӕг уӕйгӕнӕджы раз, куы адард вӕййы, уӕд та йе ’лхӕдӕй феппӕлы.

15 Дунейы ис сыгъзӕрин, ис налхъуыт-налмастӕ, фӕлӕ уыдонӕй зынаргъдӕр — бирӕзонаг ӕвзаг.

16 Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи ратта, уымӕн фӕстагмӕ йӕ дарӕс дӕр ласт ӕрцӕудзӕн, искӕй усы ’вджид чи ныллӕуа, уымӕн дӕр — афтӕ.

17 Сайӕн миты фӕрцы цы хойрагыл фӕхӕст уай, уый хӕрзад вӕййы, фӕлӕ фӕстӕдӕр дӕ дзых змисӕй байдзаг уыдзӕн.

18 Фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, искӕимӕ уынаффӕ кӕн; тӕрхӕтты фӕстӕ тохы бацу.

19 Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны — дзӕгъӕлдзыхӕй дӕхи хиз.

20 Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.

21 Кӕрӕфӕй цы бынтыл ныххӕлоф кӕнай, уыдон арфӕгонд нӕ уыдзысты.

22 Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!» Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.

23 Сайаг уӕзбарӕнтӕ Дунедарӕджы раз ӕлгъаг сты, ӕхцон Ын не сты, сайгӕ цы барӕнтӕ кӕнынц, уыдон.

24 Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы, адӕймаг та йӕ фӕндаг куыд бамбара?

25 Адӕймаг ард бахӕрыныл куы фӕтагъд кӕна кӕнӕ, хъуыды нӕ акӕнгӕйӕ, искӕмӕн зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн.

26 Зондджын паддзах ӕнӕхуыцӕутты дымгӕмӕ ныддары, найгӕнӕнӕй сӕ бассӕнды.

27 Адӕймаджы мон — Дунедарӕджы цырагъ, цӕрдхуынкъӕй йӕ рухсдзыд скӕны.

28 Паддзахы хъахъхъӕнынц хӕрзаудӕн ӕмӕ ӕцӕгдзинад, йӕ паддзахы бадӕны ’рфидар вӕййы иузӕрдиондзинады фӕрцы.

29 Лӕппуйы кад — йӕ хъару, зӕронд лӕг та йӕ урс сӕрӕй фидауы.

30 Адӕймаджы йӕ цӕфтӕ фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕнынц, над йӕ зӕрдӕмӕ арф бахъары.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan