Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕ лӕппу! Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, мӕ зондамынд мын дӕ уды рӕбын куы бавӕрай,

2 дӕ хъус куы ’рбадарай уӕлзондмӕ, дӕ зӕрдӕ зонды ’рдӕм куы саразай,

3 зонынадмӕ куы сидай ӕмӕ лӕгъстӕйӕ зонд куы курай,

4 куы йӕм бӕллай, ӕвзистау ӕй куы агурай,

5 уӕд Дунедарӕгӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый бамбардзынӕ, уӕд базондзынӕ Хуыцауы.

6 Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.

7 Рӕстгӕнджытӕн Уый ӕрцӕттӕ кодта уӕлахиз, тӕригъӕдӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.

8 Уый хъахъхъӕны раст адӕмы фӕндӕгтӕ, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны цӕуӕнтӕ.

9 Уӕд бамбардзынӕ рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы, алы хорз фӕндаджы мидис.

10 Уӕлзонд дӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ зонынад дӕ удӕн ӕхсызгон уыдзӕн.

11 Дӕ дардмӕуынӕг зонд дӕ хъахъхъӕндзӕн, дӕ зонд-иу дӕ бахиздзӕн.

12 Уӕлзонд-иу дӕ фервӕзын кӕндзӕн галиу фӕндӕгтӕй ӕмӕ сайӕгойтӕй;

13 талынг фӕндӕгтыл цӕуыны мондагӕй, раст фӕндаг чи ныууагъта,

14 йӕ фыдракӕндтыл цин чи кӕны, ӕнӕуаг ӕмӕ ӕвзӕр митӕй йӕ зӕрдӕ кӕмӕн райы,

15 галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы ӕмӕ, йӕхи фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл, уыдонӕй.

16 Афтӕмӕй дӕхи бахиздзынӕ искӕй усӕй, моймӕдзыды узӕлӕг ныхӕстӕй,

17 йе ’взонджы бонтӕй йын цы сӕрыхицау уыд, уый кӕмӕй ферох ис, йӕ Хуыцауы фӕдзӕхстыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уымӕй.

18 Йӕ хӕдзар — мӕлӕтмӕ фӕндаг, йӕ цӕуӕнтӕ дӕ мӕрдтимӕ баиу кӕндзысты.

19 Мидӕмӕ йӕм чи бахизы, уый царды фӕндагыл нал ацӕуы.

20 Уымӕ гӕсгӕ раст адӕмы фӕндӕгтыл цу, рӕстгӕнджыты цӕуӕнтыл фидар хӕц.

21 Уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрдзысты рӕстгӕнджытӕ, рӕстзӕрдӕтӕ йыл баззайдзысты,

22 ӕнӕхуыцӕуттӕ та фӕхъӕудзысты зӕххӕй, фӕлитойты сӕ бындзарӕй срӕдувдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan