Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уыцы мӕгуыр лӕг ӕдылы фӕлитойӕ — хуыздӕр.

2 Ӕнӕ зонынадӕй зӕрдӕйӕн зын у, тагъд чи кӕны, уый та фӕкӕлдзӕнис.

3 Адӕймагӕн йе ’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндаг ныссуйтӕ вӕййы, мӕсты та Дунедарӕгмӕ фӕкӕны.

4 Хъӕздыгдзинад ӕрдхӕрдты нымӕц фӕфылдӕр кӕны, мӕгуыр лӕджы та йӕ лымӕн дӕр ныууадзы.

5 Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлитой нӕ фервӕздзӕн.

6 Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе ’рдхорд у.

7 Мӕгуыр лӕг йе ’фсымӕртӕн дӕр — ӕнӕуынон, йе ’мбӕлттӕ дзы сӕхи хизынц: куы сӕм фӕсиды, уӕд ӕрбайсӕфынц.

8 Зондагурӕг чи зилы, уый йӕ удыл тыхсы; уӕлзонд чи хъахъхъӕны, уый фарн ссары.

9 Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлитойӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн.

10 Ӕдылыйыл нӕ фидауы фырхъӕздыгдзинад, цагъар ӕлдӕрттӕн хицау суа, уый та — уӕлдайдӕр.

11 Зондджын йӕ маст уромын зоны; искӕмӕн йӕ рӕдыд куы ныббары, уӕд йӕхицӕн кад кӕны.

12 Паддзахы маст — домбайы рыхын, йӕ хорзӕх та, цыма кӕрдӕгыл ӕртӕх ӕрызгъӕлы, уыйау.

13 Ӕдылы лӕппу йӕ фыды фенамонд кӕны; зындзӕрин ус — хуынкъ цары ’нгӕс.

14 Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.

15 Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.

16 Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, йӕ цардвӕндагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кӕсы, уый та фесӕфдзӕн.

17 Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.

18 Дӕ фырты, цалынмӕ нӕма байрӕджы, уӕдмӕ ’фхӕргӕ кӕн, ма йӕ фесаф.

19 Мӕстыгӕр уадз ӕмӕ ’фхӕрд баййафа, куы йын ныббарай, уӕд ӕвзӕрдӕр уыдзӕн.

20 Уынаффӕмӕ куы хъусай ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд фидӕны куырыхон суыдзынӕ.

21 Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.

22 Адӕмы ’хсӕн иузӕрдыгдзинад кадджын у; мӕгуыр лӕг фӕлитойӕ — хуыздӕр.

23 Дунедарӕгӕй тас цардмӕ кӕны, уыцы тасӕй йемыдзаг чи у, уый фынӕй кӕны ӕнӕмӕтӕй, фыдбылыз ӕм нӕ баххӕсдзӕн.

24 Зивӕггӕнаг хӕринаджы тӕбӕгъы йӕ къух нытътъыссы, фӕлӕ йӕ дзыхмӕ схӕссын зивӕг кӕны.

25 Ӕдзӕсгомӕн куы бауайдзӕф кӕнай, уӕд ӕнӕхинтӕ раст зондмӕ раздӕхдзысты; зондджынӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ ма йӕ зондыл ноджыдӕр бафтдзӕн.

26 Йӕ фыды хӕдзар чи сафтид кӕны ӕмӕ йӕ ныййарӕг мады чи суры, уыцы лӕппу — ӕгад ӕмӕ фидиссаг.

27 Мӕ лӕппу! Зондамындмӕ куынӕ хъусай, уӕд ӕнӕ бацамындӕй фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.

28 Мӕнгӕвдисӕн тӕрхондонӕй хынджылӕг кӕны, ӕнӕхуыцау тӕригъӕдтӕй ӕфсӕды.

29 Ӕдзӕсгом ӕнӕ тӕрхонӕй нӕ баззайдзӕн, ӕдылыйы рагъ та — ӕнӕ надӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan