Ӕмбисӕндтӕ 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Хивӕнд, йӕхи цы фӕнды, уый кӕны, раст уынаффӕ куы фехъусы, уӕд та загъд ракъахы. 2 Ӕдылы хъуыды кӕнын нӕ уарзы, фӕлӕ йын йӕхи зондджынхуызӕй равдисын йеддӕмӕ мацы ратт. 3 Фыдгӕнӕджы фӕдыл цӕуы ӕлгъ, ӕнаккаджы фӕдыл — худинаг. 4 Адӕймаджы ныхӕстӕ — арф доны ’нгӕс; уӕлзонды донгуырӕн цӕугӕдонау кӕлы. 5 Фыдгӕнӕгӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ рӕстуды раст тӕрхонӕй ӕнӕхай кӕнын хорз нӕу. 6 Ӕдылыйы ’взаг загъд къахы, йӕ дзыхы тыххӕй над баййафы. 7 Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ сафӕг, йӕ бырынкъ — йӕ ахсӕн хыз. 8 [Зивӕггӕнаг тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕры, буц ахуыр сыдӕй мӕлдзӕни.] 9 Фыдӕвзаджы ныхӕстӕ адджинаджы хуызӕн адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ бахизынц. 10 Зивӕггӕнаг кусӕг дӕрӕнгӕнӕгӕй уӕлдай нӕу. 11 Дунедарӕджы ном — фидар мӕсыг, рӕстуд дзы бамбӕхсдзӕн ӕмӕ уыдзӕн ӕдас. 12 Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы. 13 Ӕрхауыны размӕ фӕзыны ӕнӕввӕрсондзинад, кадӕн йӕ разӕй — сӕрныллӕгдзинад. 14 Ныхасмӕ кӕронмӕ ма байхъус, афтӕмӕй дзуапп ратт — уый ӕдылыдзинад ӕмӕ худинаг у. 15 Лӕг удвидар куы уа, уӕд йӕ буар дӕр низы ныхмӕ фидар уыдзӕн, фӕлӕ зӕрдӕсаст куы уа, уӕд ын хъару чи ратдзӕн? 16 Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы, куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад. 17 Лӕвӕрттӕ адӕймагӕн уӕрӕх фадӕттӕ байгом кӕнынц, стыр хицӕуттӕм ын фӕндаг раттынц. 18 Тӕрхондоны ныхасы бар фыццаг кӕмӕ ’рхауы, уый растдӕр фӕзыны, цалынмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг не ’рбацӕуы ӕмӕ йӕ не ’рфӕрсы, уӕдмӕ. 19 Хӕлттӕ куы сӕппарай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, дыууӕ тыхджын ныхмӕлӕууӕджы фӕйнӕрдӕм ацӕудзысты. 20 Тӕргай ӕфсымӕр — ӕнӕбаххӕсгӕ мӕсыг, хыл — кулдуары ӕвдузӕн. 21 Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн. 22 Цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр — ӕвзаджы дӕлбар, йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уый йын йӕ дыргъты ад базондзӕн. 23 Йӕхицӕн бинойнаг чи ссардта, уый — фӕрнджын, Дунедарӕджы хорзӕхӕй схайджын ис. 24 Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй, хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты. 25 Иуӕй-иу ӕрдхӕрдтӕ ӕрмӕст фыдбылызы хос сты, фӕлӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр хӕлар. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia