Ӕмбисӕндтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Хус къӕбӕримӕ фидыдӕй цӕрын — хуыздӕр, цӕйнӕфӕлтау дӕ хӕдзар ӕргӕвст фосӕй йедзаг уа, фӕлӕ дзы хъаугъа ма ’нцайа. 2 Зондджын цагъар йӕ хицауы ӕнӕуаг фыртӕн хицау суыдзӕн, ӕфсымӕртимӕ исбон байуардзӕн. 3 Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары. 4 Фыдлӕг фыдгӕнӕджы ныхӕстӕм лӕмбынӕг хъусы, фӕлитой йӕ хъус дары зианхӕссӕг ӕвзагмӕ. 5 Мӕгуыр лӕгыл чи худы, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры; искӕй хъыгыл цин чи кӕны, уый ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн. 6 Зӕронд лӕгӕн йӕ кады худ — йӕ цоты цот, фырттӕ та кадджын сты сӕ фыдӕлтӕй. 7 Ӕдылыйыл хиппӕлой ныхӕстӕ нӕ фидауынц, уӕзданыл та — мӕнг ныхӕстӕ. 8 Гӕртам, чи йӕ дӕтты, уый цӕсты у алӕмӕты дур: кӕдӕмфӕнды ма фӕзилӕд, алы ран дӕр — пайда. 9 Уарзтмӕ чи бӕллы, уый йе ’фхӕрд ферох кӕны; йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый йе ’мбалӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн. 10 Зондджыны уайдзӕф куыд фӕрӕхойдзӕн, афтӕ зондцухмӕ сӕдӕ цӕфы нӕ бахъардзысты. 11 Фыдгӕнӕг ӕрмӕст змӕстмӕ тырны, ӕгъатыр зӕды йӕм рарвыстӕуыдзӕн. 12 Зондцухыл, йе ’дылы зонд куы рафыцы, уыцы рӕстӕг сӕмбӕлыны бӕсты фӕлтау, йӕ лӕппынты кӕмӕн амардтой, ахӕм арсыл сӕмбӕл. 13 Хорз ӕвзӕрӕй чи фиды, уымӕн йӕ хӕдзарӕй фыдбылыз иуварс никуы ацӕудзӕн. 14 Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн. 15 Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын, иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг. 16 Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ. 17 Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис; ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры, цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа. 18 Ӕнӕзонд ивазы йӕ къух, искӕй ӕвджид ныллӕууынмӕ тагъд кӕны. 19 Хъаугъатӕ уарзӕг тӕригъӕд уарзы, йӕхи чи стауы, уый та ’рхауынмӕ бӕллы. 20 Сайӕгой зӕрдӕ хорзӕй ницы фендзӕн, мӕнгард ӕвзаг фыдбылызы бахаудзӕн. 21 Ӕдылыйы ныййарӕг — додойаг, зондцухы фыд цин нӕ кӕны. 22 Зӕрдӕйы цин — ӕвдадзы хос, ӕрхӕндӕг зӕрдӕ стджытӕ бахус кӕны. 23 Ӕнӕхуыцау фӕччийы бынӕй гӕртӕмттӕ исы, цӕмӕй раст тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕна. 24 Зондджынӕн йӕ цӕстӕнгас — уӕлзонды ’рдӕм арӕзт, ӕдылыйы цӕстытӕ зӕххы кӕрӕттыл зилынц. 25 Ӕдылы фыртыл йӕ фыд хъынцъым кӕны, йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос. 26 Хорз нӕу ӕнаххосы ’фхӕрын кӕнӕ номджын лӕджы рӕстдзинады тыххӕй нӕмын. 27 Бирӕзонаг ныхас кӕны хъавгӕйӕ, зондджын фидарзӕрдӕ у. 28 Ӕдылыйы дӕр, куы ницы сдзура, уӕд куырыхоныл банымайдзысты, йӕ дзыхыл куы хӕца, уӕд искӕмӕ зондджын фӕкӕсдзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia