Ӕмбисӕндтӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Адӕймаджы зӕрдӕ фӕндтӕ кӕны, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр дзуапп Дунедарӕгӕй рацӕуы. 2 Алчидӕр йӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕгыл нымайы, фӕлӕ Дунедарӕг зӕрдӕтӕ фӕлвары. 3 Дӕ хъуыддӕгтӕ Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ сӕххӕст уыдзысты. 4 Дунедарӕг алцыдӕр йӕхи нысанӕн сфӕлдыста, суанг ӕнӕхуыцауы дӕр бӕллӕхы бонмӕ хъахъхъӕны. 5 Дунедарӕгӕн ӕнӕввӕрсон зӕрдӕ ӕлгъаг у, ӕнӕ ’фхӕрдӕй йӕ, бӕлвырд, нӕ ныууадздзӕн. 6 Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы. 7 Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны. 8 Фӕлтау дӕм иу чысыл исты уӕд, ӕмӕ раст фӕндагыл цу, цӕйнӕфӕлтау — хъӕздыг ӕфтиаг, фӕлӕ — тӕригъӕды фӕрцы. 9 Адӕймаг хъуыды кӕны йӕ царды фӕндагыл, фӕлӕ йын йӕ къахдзӕфтӕ Дунедарӕг аразы. 10 Паддзах хъусын кӕны Хуыцауы фӕндон, йӕ тӕрхоны нӕ фӕрӕдидзӕн. 11 Дунедарӕг раст уӕзбарӕнтӕ домы, хызыны цы уӕзбарӕнтӕ ис, уыдон Уый сфӕлдыста. 12 Паддзӕхтӕ фыдракӕндтыл ӕлгъ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ паддзахы бадӕн раст зондӕй сфидар вӕййы. 13 Паддзӕхтӕн раст ныхас ӕхсызгон у, ӕцӕгдзинад чи дзуры, уыдоны уарзынц. 14 Паддзахы маст — мӕлӕты уацхӕссӕг, фӕлӕ йӕ куырыхон басабыр кӕны. 15 Паддзахӕн йӕ рухс цӕстӕнгасы — цард, йӕ хӕрзаудӕн — уалдзыгон тӕрккъӕвда. 16 Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр. 17 Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы; йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры. 18 Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад. 19 Сӕрыстыртимӕ ’фтиаг дих кӕныны бӕсты, фӕлтау мӕгуыртимӕ цӕр сӕрныллӕгӕй. 20 Зондӕй чи архайы, уый ӕнтыстджын уыдзӕн, Йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, уый — тӕхудиаг. 21 Йӕ зӕрдӕйы уӕлзонд кӕмӕн цӕры, уый зондджын хондзысты; йӕ дзыхы ныхас ӕхцон кӕмӕн у, ууыл фылдӕр ӕууӕнддзысты. 22 Зонд кӕмӕ ис, уыдонӕн уый — царды гуырӕн, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ азар. 23 Куырыхон йӕ зонды фӕрцы, цы зӕгъа, уый ссардзӕн, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ уырнинагдӕр уыдзысты. 24 Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос. 25 Иуӕй-иу фӕндаг адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны. 26 Кусӕг лӕг стонг куы феййафы, уӕд йӕ фӕллад суадзынӕн йӕхицӕн бар дӕр нал фӕдӕтты. 27 Ӕнаккаг аразы фыдвӕндтӕ, йӕ дзыхӕй цыма пиллон арт кӕлы, уыйау. 28 Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты. 29 Фыдлӕг йӕ хионы фӕрӕдийын кӕны, галиу фӕндагмӕ йӕ асайы. 30 Цъынддзӕстӕй чи кӕсы, уый фыдвӕндтӕ аразы, йӕ былтыл йӕ дӕндӕгтӕй ӕрхӕц-ӕрхӕц чи кӕны, уый фыдбылызы фӕндтӕ нывӕнды. 31 Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис. 32 Фӕразон — хъӕбатырӕй хуыздӕр, йӕхиуыл хӕцын чи зоны, уый, сахартӕ чи басӕтты, уымӕй — тыхджындӕр. 33 Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia