Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сабыр ныхас маст уромы, цӕхгӕр ныхас загъд къахы.

2 Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.

3 Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц: фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ, хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.

4 Сабыр ныхас — царды бӕлас, сайӕн ныхас зӕрдӕйӕн — масты хос.

5 Ӕдылы йӕ фыды зондамынд ницӕмӕ дары, уайдзӕфтӕм лӕмбынӕг чи хъусы, уый зондджын у.

6 Рӕстуды хӕдзары бирӕ хӕзнатӕ ис, ӕнӕхуыцауӕн та йе ’фтиаг фыдбылыз ӕрхӕсдзӕн.

7 Куырыхоны ’взаг зонынад тауы, ӕдылытӕм ахӕм зӕрдӕйы уаг нӕй.

8 Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.

9 Дунедарӕгӕн ӕнӕхуыцауы фӕндаг ӕлгъаг у, раст фӕндагыл чи цӕуы, ахӕмы уарзы.

10 Раст фӕндаг чи ныууагъта, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый фесӕфдзӕн.

11 Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ Аваддон Дунедарӕджы раз гом сты, уӕлдайдӕр та — адӕмы зӕрдӕтӕ.

12 Ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕ нӕ уарзы, куырыхонтӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.

13 Зӕрдӕ цин куы фӕкӕны, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы; зӕрдӕйы маст — уды хъынцъым.

14 Зондджыны зӕрдӕ зонынадмӕ тырны, ӕдылы та йе ’дылы зондӕй ӕфсӕды.

15 Ӕнамонд адӕймаг цӕрӕнбонты — ӕрхӕндӕг, йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕ та алы бон дӕр — куывд.

16 Фӕлтау дӕм бирӕ ма уӕд, фӕлӕ дӕм уӕд тас Дунедарӕджы раз, бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд уымӕн тӕрсыны бӕсты.

17 Уарзондзинад кӕм цӕры, уым сихорыл халсартӕ бахӕрын хуыздӕр у, цӕйнӕфӕлтау — хӕрзхаст гал, ӕнӕуынондзинад кӕм цӕры, уым.

18 Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.

19 Зивӕггӕнагӕн йӕ фӕндаг — сындзытӕй йедзаг, рӕстудты фӕндаг лӕгъз у.

20 Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.

21 Зондцух йе ’дылы митыл цин кӕны, зондджын раст фӕндагыл цӕуы.

22 Уынаффӕгӕнӕг куынӕ уа, уӕд хъуыддаг нӕ сырӕздзӕн, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ куы уой, уӕд алцыдӕр къухы бафтдзӕнис.

23 Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!

24 Зондджын царды фӕндагыл хӕрдмӕ цӕуы, мӕрдтыбӕстӕй йӕхи бахизы.

25 Дунедарӕг сӕрыстырты хӕдзӕрттӕ фехалы, фӕлӕ идӕдзы арӕнтӕ хъахъхъӕны.

26 Дунедарӕгӕн фыдвӕндтӕ ӕлгъаг сты, хӕларзӕрдӕ ныхӕстӕ сыгъдӕг сты Йӕ разы.

27 Кӕрӕф адӕймаг йӕ хӕдзарыл фыдбылыз ӕфтауы; гӕртӕмттӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты, уый та цӕрдзӕн.

28 Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.

29 Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у, рӕстуды куывдмӕ хъусы.

30 Рухс цӕстӕнгас зӕрдӕйӕн цин хӕссы, хорз уац лӕджы стӕгвидар кӕны.

31 Раст уайдзӕфтӕм чи хъусы, уый куырыхонтимӕ балымӕн уыдзӕн.

32 Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхицӕн знаггад ракӕндзӕн; уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый йӕ зондыл ӕфтауы.

33 Дунедарӕджы тас ахуыр кӕны уӕлзондыл, кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan