Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.

2 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый раст фӕндагыл цӕуы; Дунедарӕгыл ӕлгъ чи кӕны, уый цӕуы галиу фӕндӕгтыл.

3 Ӕдылыйӕн йе ’взаг — йӕ ехс, куырыхоны та йе ’взаг хъахъхъӕны.

4 Галтӕ кӕм нӕй, уым хордон — афтид; хъаруджын галтӕ кӕм уа, уым тыллӕг бирӕ уыдзӕн.

5 Рӕстӕвдисӕн сайгӕ нӕ кӕны, мӕнгӕвдисӕн мӕнгдзинадӕй улӕфы.

6 Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.

7 Ӕдылыйӕ дӕхи дард лас — зондджын ныхас дзы нӕ фехъусдзынӕ.

8 Зондджынӕн йӕ куырыхон зонд, йӕ фӕндаг кӕй ӕмбары, уый мидӕг ис, зондцухӕн та йе ’дылыдзинад — йӕ мӕнг хъуыдыты.

9 Ӕдылытӕ худынц тӕригъӕдтӕ сыгъдӕггӕнӕг нывондыл, фӕлӕ цӕсгомджын адӕм Дунедарӕджы хорзӕх райсдзысты.

10 Лӕгӕн йӕ рыст йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны, йӕ циныл дӕр ын йӕхицӕй фылдӕр ничи фӕцин кӕндзӕн.

11 Ӕнӕхуыцауы хӕдзар ныззыгуым уыдзӕн, рӕстуды хӕдзар — дидинӕфтыд.

12 Адӕймагмӕ иуӕй-иу фӕндаг раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.

13 Циндзинады дӕр зӕрдӕ фӕриссы, ӕмӕ цин раивы мастӕй.

14 Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.

15 Ӕнӕхин алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, фӕлӕ зондджын йӕ къахдзӕфтӕм лӕмбынӕг кӕсы.

16 Зондджын фыдбылызӕй тӕрсы, ӕмӕ дзы йӕхи хъахъхъӕны, ӕдылы та — нӕрӕмон ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст.

17 Мӕстыгӕр ӕдылы митӕ бирӕ кӕны; мӕнгард лӕг адӕмӕн — ӕнӕуынон.

18 Ӕнӕфендӕн йӕ хай — ӕдылыдзинад, зондджыны кады худ — зонынад.

19 Фыдгӕнджытӕ ӕркъул уыдзысты хӕларзӕрдӕ адӕмы раз, ӕнӕхуыцӕуттӕ — рӕстуды кулдуары цур.

20 Мӕгуыр лӕгыл йӕ хион дӕр былысчъилтӕ кӕны, хъӕздыгӕн бирӕ ’рдхӕрдтӕ ис.

21 Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.

22 Фыдвӕндтӕ чи аразы, уымӕн йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн, хорз хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыимӕ сты рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинад.

23 Алы уӕззау куыстӕй дӕр исты ’фтиаг разыны, дзӕнгӕдайӕ та — ӕрмӕст мӕгуырдзинад.

24 Куырыхонӕн йӕ кады худ — йӕ хъӕздыгдзинад, зондцух йӕхи йе ’дылы зондӕй сфӕлынды.

25 Рӕстӕвдисӕн адӕмы фервӕзын кӕны, мӕнгӕвдисӕн улӕфы мӕнгдзинадӕй.

26 Хуыцауы тас — фидар мӕсыг, Йӕ сабитӕн Уый у ӕмбӕхсӕн.

27 Дунедарӕгӕй тас — царды гуырӕн, уый фӕрцы мӕлӕты ахсӕн хызӕй фервӕздзынӕ.

28 Паддзахӕн йӕ дӕлбар бирӕ адӕм куы уа, уӕд скадджын уыдзӕн, йӕ дӕлбар куы ничи уа, уӕд йе сӕфт ӕрцыд.

29 Фӕразон адӕймаг — стыр зонды хицау, мӕстыгӕр та йе ’дылыдзинад равдисы.

30 Зӕрдӕ сабыр куы уа, уӕд буар дӕр ӕнӕниз уыдзӕн, хӕлӕгдзинадӕй стджытӕ ӕмбигӕ кӕнынц.

31 Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.

32 Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.

33 Уӕлзонд цӕры зондджыны зӕрдӕйы, ӕдылыты ’хсӕн бӕрӕг дары.

34 Раст фӕндагыл цы адӕм цӕуынц, уыдонӕн сӕ номы кой айхъуысы, тӕригъӕд та сын — худинаджы хос.

35 Паддзах йӕ зондджын цагъарӕн хӕрзаудӕн кӕны, чи йӕ сӕгад кӕны, уый та бафхӕры.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan