Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.

2 Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, мӕнгард лӕг та тыхмийӕ цӕры.

3 Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, рӕузонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый йӕхи фесафдзӕн.

4 Магуса цӕмӕдӕрты бӕллы, фӕлӕ дзӕгъӕлы, ӕнӕзивӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц.

5 Рӕстудӕн мӕнг ныхас ӕнӕуынон у, ӕнӕхуыцау та йӕхи сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг кӕны.

6 Раст адӕймаг раст фӕндагыл цӕуы, тӕригъӕдджыны йе ’наккагдзинад фесафы.

7 Иуӕй-иу йӕхицӕй хъӕздыг аразы, афтӕмӕй йӕм мур дӕр ницы ис, кӕмӕндӕр та йӕ исбон — бирӕ, фӕлӕ йӕхи мӕгуыр хоны.

8 Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы, фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.

9 Рӕстгӕнджыты рухс хъӕлдзӕгӕй судзы, фыдгӕнджыты цырагъ та мынӕг кӕны.

10 Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.

11 Хӕлофӕй цы ’фтиагыл фӕхӕст уай, уый уайтагъд фӕцыдӕр уыдзӕн, чысылгай цы мулк фембырд кӕнай, ууыл ма ноджыдӕр бафтдзӕн.

12 Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕдарӕн куы не ’ххӕст кӕна, уӕд йӕ зӕрдӕ фӕлмӕцгӕ кӕны, чи сӕххӕст ис, уыцы бӕллиц та — царды бӕлас.

13 Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхи сафы, фӕлӕ фӕдзӕхстӕн аргъ чи кӕны, уый йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн.

14 [Мӕнгард фырт хорзӕй ницы ссардзӕн; ӕмбаргӕ цагъар йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын.]

15 Куырыхоны зондамынд — царды гуырӕн, мӕлӕты къӕппӕгӕй дӕ фервӕзын кӕндзӕн.

16 Раст зондахаст хорзӕхӕй схайджын кӕны, мӕнгардты фӕндаг сӕфтмӕ ’ркӕны.

17 Цыргъзонд зондимӕ архайы, ӕдылы та йе ’рра митӕй бӕрӕг дары.

18 Фыдуацхӕссӕгӕн — додойаг йӕ къона, иузӕрдион фӕдисон — ӕвдадзы хос.

19 Зондамындыл йӕхи чи атигъ кӕна, уый сӕгад ӕмӕ сгӕвзыкк уыдзӕн; зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уый та — кадджын.

20 Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.

21 Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ, ӕдылытимӕ куы баиу уай, уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.

22 Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.

23 Хӕларзӕрдӕ адӕймаг йӕ цоты цотӕн бынтӕ ныууадзы, тӕригъӕдджыны исбон та — рӕстуды хай.

24 Мӕгуыр лӕджы хуымы дӕр бирӕ тыллӕг ӕрзайы, фӕлӕ галиу миты аххосӕй йӕ хорӕй ӕнӕхай фӕвӕййы.

25 Йӕ уисӕн тӕригъӕд чи кӕны, уый йӕ фырты нӕ уарзы, фӕлӕ йӕ чи уарзы, уый йын зонд бацамондзӕн.

26 Рӕстуд — ӕфсӕст, ӕнӕхуыцау сыдӕй мӕлы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan