Ӕмбисӕндтӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зондамынд чи уарзы, уый зонынад уарзы, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый ӕнӕфенд у. 2 Дунедарӕг уарзы хӕларзӕрдӕ адӕймаджы, мӕнгарды та Йӕ азар баййафы. 3 Фыдгӕнӕг зӕххыл не ’рфидар уыдзӕн, раст адӕймагӕн йӕ уидаг фидар у. 4 Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг. 5 Раст адӕймаг хъуыды кӕны рӕстдзинадыл, ӕнӕхуыцау та фыдвӕндтӕ аразы. 6 Ӕнӕхуыцауы ныхӕстӕ — туг ныккалынӕн асадӕн, фӕлӕ рӕстуды ’взаг адӕмы фервӕзын кӕны. 7 Ӕнӕхуыцау ӕрхауди — ӕмӕ нал ис, рӕстуды хӕдзар нӕ фенкъуысдзӕн. 8 Зондджын ныхас адӕймаджы скадджын кӕны, ӕнахъинон зондахаст — ӕгады хос. 9 Фӕлтау хуымӕтӕгӕй цӕр ӕмӕ дӕхицӕн лӕггад кӕн, дӕхицӕй номджын лӕг аразгӕйӕ, къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафыны бӕсты. 10 Рӕстуд йӕ фосыл дӕр мӕт кӕны, ӕнӕхуыцауӕн йӕ хорзӕх дӕр — залым мийӕ фыддӕр. 11 Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, ӕдылы та йӕ тутт бӕллицты фӕдыл зилы. 12 Ӕнӕхуыцау йӕ быцъынӕг скъуыны хинмӕ, фӕлӕ рӕстуды уидаг талатӕ суадзы. 13 Ӕнӕхуыцау йӕ сайӕн ныхӕсты ныссуйтӕ уыдзӕн, рӕстуд та фыдбылызӕй фервӕздзӕн. 14 Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йӕ хъиамӕт ӕм хӕрзиуӕджы хуызы раздӕхы. 15 Ӕдылымӕ йӕ фӕндаг раст кӕсы, куырыхон та уынаффӕтӕм хъусы. 16 Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары. 17 Цӕсгомджын адӕймаг рӕстдзинад дзуры, мӕнгӕвдисӕнӕн йӕ ныхӕстӕ мӕнгард сты. 18 Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос. 19 Раст ныхӕстӕ баззайдзысты ӕнусмӕ, мӕнг ныхас — ӕрмӕстдӕр иу уысммӕ. 20 Фыдвӕндгӕнӕджы зӕрдӕйы — мӕнгарддзинад, фидауынгӕнджытӕм — циндзинад. 21 Раст адӕймагыл фыдбылыз не ’рцӕудзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ цард — фыдбылызтӕй йедзаг. 22 Мӕнг ӕвзаг Дунедарӕгӕн ӕлгъаг у, цӕсгомджынӕй чи цӕры, уый Йын — ӕхцон. 23 Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы, зондцух та йе ’дылыдзинад равдисы. 24 Кусаг къух хицауиуӕг кӕндзӕн, магусатӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бегара. 25 Адӕймаджы зӕрдӕ мӕтӕй сфӕлмӕцы, хорз ныхасӕй та схъӕлдзӕг вӕййы. 26 Рӕстуд йӕ хионӕн фӕндаг бацамондзӕн, ӕнӕхуыцӕутты цӕуӕнтыл та фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ. 27 Магуса ӕфтиаджы ад нӕ зоны, куыстуарзаг та мулк ӕмӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух не ’ййафы. 28 Рӕстдзинады фӕндагыл — цард, йӕ цӕуӕнтыл нӕ сӕмбӕлдзынӕ мӕлӕтыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia