Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕгӕн сайаг барӕнтӕ ӕлгъаг сты, раст уӕзбарӕнтӕ — ӕхцон.

2 Сӕрыстырдзинадӕн йӕ фӕдыл цӕуы худинаг, сӕрныллӕгдзинадӕн — уӕлзонд.

3 Рӕстзӕрдӕйы йӕ сыгъдӕг зӕрдӕ размӕ кӕны, фӕлитойы йӕ мӕнгарддзинад фесафы.

4 Дунедарӕджы масты бон куы ралӕууа, уӕд мулкӕй ницы пайда уыдзӕн, фӕлӕ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мӕлӕтӕй фервӕздзӕн.

5 Сыгъдӕгзӕрдӕйы йӕ раст зонд кӕны раст фӕндагыл, ӕнӕхуыцауы йӕ фыдбылызтӕ фесафынц.

6 Рӕстзӕрдӕты сӕ раст зонд фервӕзын кӕны, мӕнгӕрдтӕ та сӕ монцты уацары бахауынц.

7 Ӕнӕхуыцауӕн йӕ зӕрдӕдарӕн йемӕ амӕлдзӕн, фыдгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ баззайдзысты.

8 Рӕстуд фервӕзы фыдбылызӕй, йӕ бӕсты дзы бахауы ӕнӕхуыцау.

9 Ӕнӕхуыцауы ӕвзаг хионыл дӕр нӕ ауӕрды, рӕстуд йӕ зонынады фӕрцы фервӕзы.

10 Рӕстуд ӕнтыстджын куы вӕййы, уӕд сахар цин фӕкӕны; ӕнӕхуыцӕуттӕн се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд цины хъӕртӕ райхъуысынц.

11 Рӕстгӕнджыты арфӕтӕй сахар сырӕзы, ӕнӕхуыцӕутты ’взаг та йӕ ныппырх кӕны.

12 Ӕдылы йӕ хионы сӕгад кӕны, фӕлӕ зондджын ницы сдзуры.

13 Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны, ӕууӕнкджын адӕймаг — ӕдзӕм.

14 Ӕнӕ зондамындӕй адӕм фесӕфынц, фӕлӕ, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым сӕ уӕлахиз — цӕттӕ.

15 Искӕй тыххӕй йӕ сӕр лыгмӕ чи дӕтты, уый фыдбылызы бахаудзӕн, фӕлӕ, искӕй ӕвджид ныллӕууынмӕ тагъд чи нӕ кӕны, уый — ӕдас.

16 Хӕрзӕгъдау сылгоймаг — кадджын, куыстуарзаг лӕг — хъӕздыг.

17 Хӕрзуаг адӕймаг йӕхицӕн пайда ’рхӕссы, ӕгъатыр та йӕхӕдӕг йӕхи фыдбылызы баппары.

18 Фыдгӕнӕгӕн йӕ хӕрзиуӕг мӕнг у, рӕстдзинад чи тауы, уый ӕцӕг хӕрзиуӕг райсдзӕнис.

19 Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый цӕрдзӕн, фыддзинады фӕдыл чи згъоры, уый мӕлӕтмӕ тырны.

20 Фӕлитойтӕ Дунедарӕгӕн ӕлгъаг сты, раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдон та — ӕхцон.

21 Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.

22 Хуыйӕн йӕ бырынчъы сыгъзӕрин хъусцӕг куы бакӕнай, раст уый ӕнгӕс у рӕсугъд ӕмӕ ӕнӕзонд сылгоймаг.

23 Рӕстудты бӕллицтӕ фарн хӕссынц, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ зӕрдӕдарӕн маст расайдзӕн.

24 Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.

25 Рӕдау зӕрдӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух нӕ уыдзӕн; искӕмӕн йӕ дойны чи басӕтта, уый йӕхӕдӕг дӕр дойныйӕ нӕ амӕлдзӕн.

26 Йӕ мӕнӕу чи ’мбӕхсы, уый адӕм ӕлгъитгӕ кӕнынц, фӕлӕ дзы чи уӕй кӕны, уый арфӕты бын фӕуыдзӕн.

27 Хорз ракӕнынмӕ чи тырны, уый хорзӕх райсдзӕнис, фыдбылыз чи агуры, уый йӕ ссардзӕн.

28 Йӕ хъӕзыгдзинадӕй йӕ ныфс чи хӕссы, уый фӕкӕлдзӕнис, рӕстудтӕ та, йӕ сыфтӕр цъӕх цы бӕласӕн дары, уый ӕнгӕс суыдзысты.

29 Йӕ хӕдзарыл фыдбылыз чи ӕфтауы, уымӕн йӕ хай — дымгӕ; ӕдылы лӕггад кӕндзӕн куырыхонӕн.

30 Рӕстуды дыргъӕй царды бӕлас сырӕзы, куырыхон адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ ’лвасы.

31 Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы, уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan