Ӕмбисӕндтӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос. 2 Мӕнг хъуыддӕгты фӕрцы дӕ къухы цы хӕзнатӕ бафтой, уыдонӕй пайда нӕй; раст фӕндагыл куы цӕуай, уӕд мӕлӕтӕй фервӕздзынӕ. 3 Дунедарӕг рӕстуды ’ххормагӕй нӕ ныууадздзӕн, фӕлӕ, ӕнӕхуыцау сыдӕй куы мӕла, уӕд ыл Йӕхи атигъ кӕндзӕн. 4 Зивӕггӕнаг къухтӕ мӕгуырмӕ ’ркӕнынц, кусаг къухтӕ — хъӕздыгдзинадмӕ. 5 Сӕрды тыллӕг чи ӕмбырд кӕны, уый зондджын лӕппу у, хуымгӕрдӕн афон фынӕй чи кӕны, уый та — ӕдылы. 6 Рӕстуды сӕрыл — арфӕты кады худ; ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд. 7 Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты, тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн. 8 Куырыхоны зӕрдӕйы цӕры Хуыцауы фӕдзӕхст, дзӕгъӕлдзых ӕмӕ зондцух чи у, уый та фыдбылызы бахаудзӕн. 9 Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн. 10 Йӕ цӕстытӕ чи ныкъулы, уый исты фыдбылыз сараздзӕн, ӕдылы ӕмӕ къӕбӕда чи у, уый фыдбылызы бахаудзӕн. 11 Рӕстуды ӕвзаг — дзӕм-дзӕмы суадон, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд. 12 Ӕнӕуынондзинад хъаугъа расайы, уарзондзинад алы тӕригъӕд дӕр бары. 13 Зондджынӕн йе ’взагыл уӕлзонд цӕры, ӕдылыйӕн та йӕ фӕсонтыл уисӕй над ауайы. 14 Куырыхонтӕ хъахъхъӕнынц зонынад, ӕдылыйӕн та йе ’взаг йе сӕфт хӕстӕгдӕр кӕны. 15 Хъӕздыгӕн йӕ исбон — фидар мӕсыг, мӕгуыр лӕгӕн йӕ мӕгуырдзинад — йе сӕфт. 16 Рӕстуды фӕллӕйттӕ — царды сӕраппонд, ӕнӕхуыцауӕн та йе ’фтиаг — тӕригъӕд ракӕнынӕн. 17 Зондамындмӕ чи хъусы, уый царды фӕндагыл цӕуы, уайдзӕфтӕ чи ницӕмӕ дары, уый фӕдзӕгъӕл уыдзӕн. 18 Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы; ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы. 19 Бирӕ чи дзуры, уый тӕригъӕдӕй йӕхи нӕ бахиздзӕн, йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый зондджын у. 20 Рӕстуды ’взаг — ӕвзаргӕ ’взист, ӕнӕхуыцауы зӕрдӕйӕн та цӕй аргъ ис? 21 Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц, зондцухты та се ’дылы зонд фесафы. 22 Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы. 23 Ӕдылы чъизи митыл цин кӕны, зондджын та — уӕлзондыл. 24 Ӕнӕхуыцӕуттыл, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕттӕ ’рцӕудзысты, рӕстудты бӕллицтӕ сӕххӕст уыдзысты. 25 Зилгӕ дымгӕ рацыди — ӕнӕхуыцау фесӕфти, рӕстуд та мыггагмӕ фидар уыдзӕн. 26 Дзымари дзых смаст кӕны, фӕздӕг цӕстытӕ къахы, магуса дӕр йе ’рвитджытӕн — уыдоны ’нгӕс. 27 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый бирӕ цӕры, ӕнӕхуыцауӕн йӕ азтӕ нымад сты. 28 Рӕстудӕн йӕ зӕрдӕдарӕн цин хӕссы, ӕнӕхуыцауӕн йӕ бӕллицтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты. 29 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕн Дунедарӕджы фӕндаг — хъахъхъӕнӕг мӕсыг, фыдгӕнӕджы та тасы ’фтауы. 30 Рӕстуд мыггагмӕ нӕ фӕцуддзӕн, ӕнӕхуыцӕуттӕ зӕххыл нӕ баззайдзысты. 31 Рӕстуды ӕвзагӕй уӕлзонд тӕдзы, фыд ӕвзаг та къуырд ӕрцӕудзӕнис. 32 Рӕстуды ’взаг хъӕугӕ ныхас зоны, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг — зианхӕссӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia