Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Ӕмбисӕндтӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Соломоны, Израилы паддзах Давиды фырты, ӕмбисӕндтӕ:

2 уӕлзонд ӕмӕ зондамындмӕ сӕххӕссын кӕй фӕнды, уыдонӕн; куырыхонты ныхӕсты мидис бамбарынӕн;

3 зонд, рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн;

4 ӕнӕхинты арфуынӕг скӕндзысты, зонынад сын ратдзысты, зондӕй сӕ схайджын кӕндзысты.

5 Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой, уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты, ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,

6 ӕмбисӕндтӕ, куырыхонты зыниртасӕн ныхӕстӕ, уыци-уыцитӕ бамбардзысты.

7 Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.

8 Мӕ лӕппу, дӕ фыды зондамындмӕ байхъус, ма ферох кӕн дӕ мады фӕдзӕхст;

9 уый дӕ сӕрӕн — диссаджы кады худ, дӕ хъуырӕн — фӕрдгуытӕ.

10 Мӕ лӕппу! Тӕригъӕдджынтӕ дӕ сӕ фӕдыл куы сайой, уӕд-иу сын ды ма баком.

11 Цыбӕл дӕ кӕндзысты: «Цом немӕ, ӕмӕ ӕнаххосты бахъахъхъӕнӕм, сӕ размӕ бабадӕм, сӕ туг сын ныккалӕм;

12 удӕгасӕй сӕ аныхъуырӕм мӕрдтыбӕстау, ӕд хъуын, ӕд хъис сӕ фӕдӕле кӕнӕм, ингӕнмӕ чи ныххауы, уыдонау;

13 алыхуызон зынаргъ дзауматӕ байсдзыстӕм, нӕ хӕдзӕрттӕ ӕфтиагӕй байдзаг кӕндзыстӕм.

14 Немӕ хӕлттӕ сӕппардзынӕ, не ’мхуызон хай айсдзынӕ».

15 Мӕ лӕппу, ма-иу ацу семӕ, дӕхи хиз сӕ фӕндагӕй,

16 уымӕн ӕмӕ уыдон фыдбылыз саразынмӕ, искӕй туг ныккалынмӕ тагъд кӕнынц.

17-18 Мӕргътӕн сӕ цӕстыты раз ахсӕн хыз сӕвӕрынӕй куыд ницы пайда ис, афтӕ уыдон дӕр, искӕй размӕ бабадгӕйӕ, сӕхи туг ныккалынц, сӕхи фӕхъахъхъӕнынц.

19 Ахӕм сты, искӕй мулкмӕ чи бӕллы, уыдоны фӕндӕгтӕ: сӕхӕдӕг сӕхи бабын кӕнынц.

20 Сахары уынгты Уӕлзонды хъӕлӕс хъуысы, фӕзты хъӕр кӕны,

21 адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым лӕгъстӕйӕ куры, сахары кулдуары раз райхъуысы йӕ ныхас:

22 «Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?

23 Мӕ уайдзӕфтӕм мын уе ’ргом куы раздахиккат, уӕд уӕ ӕз схайджын кӕнин мӕ монӕй, мӕ ныхас уын фехъусын кӕнин.

24 Куы уӕм сидтӕн, уӕд мыл уӕхи атигъ кодтат, мӕ къух уӕм фӕивӕзтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди.

25 Мӕ уынаффӕтӕ мын ницӕмӕ ’рдардтат, мӕ уайдзӕфтӕ мын ничи айста йӕ зӕрдӕмӕ.

26 Уӕдӕ уын ӕз дӕр уӕ фыдбылызыл фӕхуддзынӕн, ӕвирхъау тас уыл куы бахӕца, уӕд хынджылӕг кӕндзынӕн.

27 Уадтымыгъау уӕм бӕллӕх куы фӕзына, зилгӕ дымгӕйау уӕм куы ’рбабырса, маст ӕмӕ хъыджы бын куы фӕуат,

28 уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.

29 Зонынад сын ӕнӕуынон кӕй сси, Дунедарӕджы раз сӕм тас кӕй хъуамӕ уа, уый сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд,

30 мӕ уынаффӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ кӕй ничи айста, мӕ уайдзӕфтыл мын ӕлгъ кӕй кодтой,

31 уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.

32 Ӕнӕзӕндтӕ сӕ хивӕнды тыххӕй фесӕфдзысты, ӕдылыты се ’нӕмӕтдзинад бабын кӕндзӕн.

33 Чи мӕм хъусы, уый та цӕрдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдасӕй, фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan