4 Паддзахӕдтӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Елисей, йӕ лӕппуйы кӕмӕн райгас кодта, уыцы шунемаг сылгоймагӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ бинонтимӕ уал ӕндӕр искуыдӕм ацу цӕрынмӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ацы зӕххыл авд азы дӕргъы уыдзӕн ӕххормаг заман». 2 Сылгоймаг байхъуыста Хуыцауы минӕвары дзырдмӕ ӕмӕ ӕд бинонтӕ ӕрцарди филистимӕгты зӕххыл. 3 Авд азы куы аивгъуыдта, уӕд уыцы сылгоймаг филистимаг зӕххӕй ӕрбаздӕхт йӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ паддзахмӕ хатӕг бацыди, цӕмӕй йын фӕстӕмӕ ратта йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕххы хай. 4 Тӕккӕ уыцы рӕстӕг паддзах ныхас кодта Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы лӕггадгӕнӕг Гиезиимӕ, куырдта дзы, цӕмӕй йын радзура Елисейы диссӕгтӕ. 5 Ӕмӕ йын уый мард лӕппуйы райгасы хабар куыд дзырдта, афтӕ уыцы лӕппуйы мад та паддзахмӕ лӕгъстӕгӕнӕг ӕрбацыд, цӕмӕй йын йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕххы хай фӕстӕмӕ ратта. Гиези паддзахӕн загъта: «Мӕ паддзах, мӕнӕ ацы усӕн райгас кодта йӕ лӕппуйы Елисей». 6 Паддзах сылгоймаджы бафарста йӕ хъуыддагӕй, ӕмӕ йын ӕй уый бӕстон куы радзырдта, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ исбон иууылдӕр фӕстӕмӕ раттой, уыимӕ — йӕ ацыдӕй нырмӕ йӕ хуымӕй цы тыллӕг ист ӕрцыд, уый дӕр. 7 Ныр Елисей та фӕцыди Дамаскмӕ. Уӕд Сирийы паддзах Бен-Хадад рынчын уыд, ӕмӕ йӕм фӕхабар кодтой, Хуыцауы минӕвар сахары ис, зӕгъгӕ. 8 Паддзах Хазаелӕн загъта: «Хуынимӕ ацу Хуыцауы минӕвары размӕ, ӕмӕ мын Хуыцауы бафӕрсӕд, сдзӕбӕх уыдзынӕн ӕви нӕ». 9 Хазаел ын Дамаскы хуыздӕр хӕрзтӕй ӕрцӕттӕ кодта дыууиссӕдз теуауаргъы ӕмӕ уыдонимӕ йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕумӕ мӕ рарвыста дӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, Арамы паддзах Бен-Хадад, йӕ низӕй сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕви нӕ, уымӕй бафӕрсынмӕ». 10 Елисей йын загъта: «Цу ӕмӕ йын афтӕ зӕгъ: „Сдзӕбӕх уыдзынӕ“. Фӕлӕ мын Дунедарӕг раргом кодта, кӕй амӕлдзӕн, уый». 11 Елисей ӕдзынӕг ныккасти Хазаелмӕ, ӕмӕ йӕм бирӕ кӕй каст, уымӕ гӕсгӕ уый фефсӕрмы ис. Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕвиппайды ныккуыдта, 12 ӕмӕ йӕ Хазаел афарста: «Дӕ зӕрдӕ цӕмӕй суынгӕг ис, ме ’лдар?» Уый йын дзуапп радта: «Израилы адӕмӕн фыдбылыз кӕй скӕндзынӕ, уымӕй. Сӕ фидӕрттӕ сын басудздзынӕ, сӕ лӕппуты сын карды амӕттаг бакӕндзынӕ, сӕ дзидзидайты сын ныммардзынӕ, се ’нхъӕлцау сылгоймӕгты сын афаддзынӕ». 13 Хазаел бадис кодта: «Ау, ӕмӕ ӕз чи дӕн, цӕмӕй ахӕм хъуыддаг бакӕнон?» Елисей йын загъта: «Дунедарӕг мын раргом кодта, Арамы паддзах ды уыдзынӕ, уый». 14 Уыйадыл Хазаел аздӕхти йӕ паддзахмӕ. Уый йӕ бафарста: «Цы дын загъта Елисей?» Хазаел ын дзуапп радта: «Сдзӕбӕх, дам, уыдзынӕ». 15 Дыккаг бон Хазаел хъӕццул райста, ныххуылыдз ӕй кодта, паддзахы цӕсгомыл ӕй ӕрытыдта, ӕмӕ паддзах амарди. Йӕ амӕлӕты фӕстӕ Арамы паддзах сси Хазаел. 16 Израилы паддзах Йорамы, Ахавы фырты, паддзахиуӕджы фӕндзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Иосафаты фырт Иорам. 17 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын дыууӕ азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы. 18 Йе ’наккаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, уыимӕ Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг Ахавы чызг уыд. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта. 19 Фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ фӕндыд Иудейы адӕмы фесафын, Йӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Давидӕн ныфс бавӕрдта, йӕ байзӕддаг мыггагмӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕй. 20 Уыцы заман Едомы адӕм нал уисӕн кодтой Иудейӕн ӕмӕ сӕхицӕн скодтой паддзах. 21 Иуахӕмы Иорам ӕд бӕхӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ Цаирмӕ бабырста. Едомӕгтӕ йыл ӕрхъула кодтой, фӕлӕ сӕ уый ӕхсӕвы ныццагъта, ӕмӕ адӕм сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты. 22 Уӕдӕй абонмӕ едомӕгтӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман йӕ ныхмӕ растади Ливнӕйы сахар дӕр. 23 Иорамы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 24 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахазиа. 25 Иудейаг паддзах Иорамы фырт Ахазиа Иудейӕн паддзах сси Израилы паддзах Йорамы, Ахавы фырты, паддзахиуӕджы дыууадӕсӕм аз. 26-27 Паддзах куы сси Йерусалимы, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста иу аз. Йӕ мад Атали уыд израилаг паддзах Амрийы чызг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ахазиа хион ӕййӕфта Ахавы мыггагӕн. Ахавӕн йе ’наккаг митӕ фӕзмыдта, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ кодта. 28 Ахавы фырт Йорамимӕ Ахазиа бабырста Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ схӕцыди Арамы паддзах Хазаелимӕ. Арамейӕгтӕ фӕцӕфтӕ кодтой Йорамы, 29 ӕмӕ ӕрбаздӕхт Изреелмӕ — Рамоты сахары Хазаелимӕ куы хӕцыд, уӕд ын арамейӕгтӕ цы цӕфтӕ ныккодтой, уыдонӕй йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ. Уым ӕй йӕ рынчыны заман бабӕрӕг кодта иудейаг паддзах Ахазиа, Иорамы фырт. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia