Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

4 Паддзахӕдтӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ууыл Елисей загъта: «Дунедарӕджы уынаффӕмӕ байхъусут! Райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кӕндзысты иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр афтӕ».

2 Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».

3 Уыцы заман сахары кулдуары ӕдде лӕууыди цыппар хъотырджыны ӕмӕ сӕхимидӕг дзырдтой: «Ам цы боны хорзмӕ кӕсӕм нӕ мӕлӕтмӕ?

4 Сахармӕ куы бацӕуӕм, уӕд уым адӕм сыдӕй мӕлынц, ӕмӕ мах дӕр амӕлдзыстӕм. Ам куы баззайӕм, уӕд дӕр — афтӕ. Фӕлтау сириӕгты рӕсӕнуатмӕ ацӕуӕм, ӕмӕ нӕ сӕрӕгасӕй куы ныууадзой, уӕд цӕрдзыстӕм, куы нӕ амарой, уӕд та амӕлдзыстӕм».

5 Изӕрмилты араст сты сириӕгты асадӕны ’рдӕм. Йӕ дӕлбазырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дын кӕсынц, ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг дӕр нӕ.

6 Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».

7 Ӕмӕ, нӕ сӕртӕ бафснайӕм, зӕгъгӕ, изӕрдалынгты лидзынмӕ фесты. Ныууагътой сӕ цатыртӕ, сӕ бӕхтӕ, сӕ хӕрджытӕ ӕмӕ сӕ рӕсӕнуат дӕр, куыд уыди, афтӕмӕй.

8 Ныр ацы хъотырджынтӕ та асадӕны кӕрон иу цатырмӕ бацыдысты, бахордтой, бануӕзтой ӕмӕ дзы ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй цы уыди, уыдон рахастой ӕмӕ сӕ бамбӕхстой. Бацыдысты ӕндӕр цатырмӕ дӕр ӕмӕ, уырдыгӕй дӕр цы рахастой, уый бамбӕхстой.

9 Уый фӕстӕ загътой: «Раст нӕ кӕнӕм. Ацы бон цины бон у, ӕмӕ цины уац ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕнӕм нӕ паддзахӕн. Науӕд боны срухсмӕ ам куы баззайӕм, уӕд фӕазымджын уыдзыстӕм».

10 Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.

11 Кулдуаргӕстӕ дарддӕр алӕвӕрдтой уыцы хабар ӕмӕ йӕ бахӕццӕ кодтой суанг паддзахы галуанмӕ.

12 Паддзах ӕхсӕвы сыстад ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Сириӕгтӕ нын цы бакӕнинаг сты, уый уын зӕгъон. Сыдӕй мӕлынмӕ ӕрцыдыстӕм, уый зонынц ӕмӕ сӕ асадӕны ӕдде быдыры ӕрӕмбӕхстысты. Хъуыды кӕнынц, сахарӕй куы рацӕуой, уӕд сӕ уадидӕгӕн уацары райсдзыстӕм ӕмӕ сахармӕ бабырсдзыстӕм, зӕгъгӕ».

13 Ууыл ын йӕ дӕлдӕртӕй иу зӕгъы: «Ам ма нӕм фондз бӕхы баззад, ӕмӕ сӕ райсӕнт. Уыдон дӕр мӕлынц, ӕппӕт израилӕгтау. Сгарджытӕ арвитӕм ӕмӕ хъуыддаг базонӕм».

14 Паддзах сифтындзын кодта дыууӕ хӕстон уӕрдоны ӕмӕ сириаг ӕфсады фӕдыл арвыста сгарджытӕ.

15 Фӕдагур фӕцыдысты суанг Иорданы онг. Ныр сириӕгтӕ та сӕ фыртагъдӕй фӕндагыл фӕкалдтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ алы дзаумӕттӕ, ӕмӕ сын сӕ адон куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхтысты ӕмӕ паддзахӕн хабар радзырдтой.

16 Уӕд адӕм сахарӕй рацыдысты ӕмӕ сириаг асадӕны ис-бис иууылдӕр рассывтой. Ӕмӕ уыцы бон ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кодтой иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр — шекелыл, Дунедарӕг Елисейы уылты куыд загъта, афтӕ.

17 Паддзах сахары кулдуары раз цӕстдарӕгӕй баурӕдта йӕ фӕсдзӕуины, фӕлӕ йӕ адӕм сӕ къӕхты бын банай кодтой, ӕмӕ амард. Афтӕмӕй, ацы ран дӕр сӕххӕст ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы ныхас.

18 Уый паддзахӕн афтӕ куы загъта, райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт дӕр ӕмӕ хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр иу шекелыл уӕй кӕндзысты, зӕгъгӕ,

19 уӕд ын ацы фӕсдзӕуин ахӕм дзуапп радта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ куы бакӕнид, уӕд дӕр уымӕн уӕвӕн куыд ис?» Ӕмӕ йын Елисей загъта: «Уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».

20 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауади хъуыддаг. Паддзахы фӕсдзӕуин адӕмы къӕхты бын фӕци ӕмӕ амард.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan