4 Паддзахӕдтӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Арамы паддзахы ӕфсады хицау Нееман уыди хъотырнизӕй рынчын. Ӕнӕуи номдзыд лӕг уыди, дзырддзӕугӕ лӕг, стӕй хъӕбатыр хӕстон. Уый фӕрцы Дунедарӕг Арамӕн лӕвӕрдта уӕлахизы амонд. 2 Нееманы хӕдзары уыд иу ӕвзонг чызг. Уымӕй размӕ кӕддӕр ӕй, Арамы ӕфсӕдтӕ хӕстон балцы куы уыдысты, уӕд Израилы зӕххыл, гыццыл чызг ма уыд, афтӕмӕй уацары райстой. Ныр Нееманы усӕн уыди йӕ унӕут. 3 Иуахӕмы чызг йе ’хсинӕн загъта: «Самарийы цы пехуымпар цӕры, уымӕ куы ацӕуид ме ’лдар, уӕд ӕй уый йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнид». 4 Нееман паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын израилаг чызджы ныхас рафӕзмыдта. 5 Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг. 6 Израилы паддзахыл сӕмбӕлын кодта йӕ паддзахы фыстӕг. Фыст дзы уыдис: «Ацы фыстӕгимӕ дӕм ӕрвитын мӕ лӕггадгӕнӕг Нееманы, ӕмӕ-иу ӕй сдзӕбӕх кӕн йӕ хъотырнизӕй!» 7 Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры». 8 Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг Елисеймӕ фӕхабар чындӕуыдис, Израилы паддзах йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, зӕгъгӕ. Уый йӕм арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Цӕмӕн афтӕ бакодтай? Уыцы лӕджы ма мӕнмӕ рарвит, уадз ӕмӕ базона, Израилы пехуымпар кӕй ис, уый». 9 Нееман ӕд бӕхуӕрдӕттӕ бахӕццӕ ис Елисейы хӕдзары размӕ ӕмӕ уым ӕрфистӕг ис. 10 Елисей йӕм йӕ лӕггадгӕнӕджы рарвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Иорданы доны авд хатты аныгъуыл фӕд-фӕдыл, ӕмӕ дӕ буар сног уыдзӕни, бынтондӕр ссыгъдӕг уыдзынӕ». 11 Нееман рамӕсты ис: «Ӕз ӕнхъӕлдтон, йӕхӕдӕг мӕм рацӕудзӕни ӕмӕ мын Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скувдзӕни, йӕ къух аратил-батил кӕндзӕни мӕ низӕфхӕрд буары сӕрмӕ ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кӕндзӕни мӕ хъотырӕй. 12 Израилы дӕттӕй Дамаскы дӕттӕ Амана ӕмӕ Парпар бирӕ хуыздӕр куы сты, уӕд мӕ чи нӕ уагъта мӕхи уым цынайын ӕмӕ ссыгъдӕг уын?» Ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй йе ’ргом азылдта, хъуамӕ уыйадыл йӕ хӕдзармӕ аздӕхтаид. 13 Фӕлӕ йӕм йӕ лӕггадгӕнджытӕ ныххатыдысты: «Нӕ фыды хай, ахъуыды-ма кӕн, уыцы пехуымпар дын исты уӕззау хъуыддаг куы бафӕдзӕхстаид, уӕддӕр ӕй нӕ сарӕзтаис? Уӕдӕ, дӕхи цынай ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзынӕ дын куы загъта ӕрмӕст, уӕд уымӕн цанӕбӕрӕг хъару хъӕуы?» 14 Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр. 15 Уӕд уый йӕ адӕмимӕ Хуыцауы уарзон адӕймаджы раз балӕууыди ӕмӕ загъта: «Ӕз базыдтон, а дунейыл Израилы йеддӕмӕ Хуыцау кӕй никуы ис, уый. Ныр дӕ курын, ӕмӕ мын мӕ арфӕйы лӕвӕрттӕ айс!» 16 Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, — ницы райсдзынӕн!» Нееман ын лӕгъстӕтӕ бӕргӕ кодта, фӕлӕ йын сӕ уый уӕддӕр нӕ бакуымдта. 17 Уӕд Нееман загъта: «Уӕдӕ мын кӕд мӕ лӕвӕрттӕ нӕ исыс, уӕд мын, дӕ цагъарӕн, дыууӕ хӕргӕфсы цы афӕразой, уый бӕрц уӕ сыджытӕй раттут, уымӕн ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг йеддӕмӕ ницыуал хуыцауӕн ӕрхӕсдзынӕн ӕз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ. 18 Ӕрмӕст ма дӕ иу хӕрзиуӕг курын: мӕ паддзах-иу Риммон-хуыцауы кувӕндонмӕ бакувынмӕ мӕ къухы ӕнцӕйтты куы бацӕуа, уӕд дзы ӕз та Дунедарӕгмӕ кувдзынӕн, ӕмӕ-иу мын Дунедарӕг ныббарӕд, уыцы ран дӕр Ӕм кӕй кувын, уый тыххӕй». 19 Елисей йын загъта: «Ацу, ма тыхс!» Нееман дзӕвгар куы адард ис уырдыгӕй, 20 уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон». 21 Ӕмӕ йӕ фӕсте асырдта. Нееман Гиезийы куы ауыдта, уӕд ӕм йӕ уӕрдонӕй рахызти ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Исты ’рцыди, мыййаг?» 22 «Ницы, — загъта уый. — Мӕ хицау мӕ рарвыста, Ефремы хохӕй дам мӕм дыууӕ лӕппулӕджы ӕрбацыди, пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕ. Ӕвзисты иу талант ӕмӕ сын дыууӕ фӕлысты дарӕс ратт». — 23 «Табуафси!» — загъта Нееман ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Дыууӕ таланты айс». Ӕвзисты дыууӕ таланты йын дыууӕ фӕлысты дарӕсимӕ дыууӕ голладжы бабӕттын кодта ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм радта, йӕ разӕй йын сӕ хӕссут, зӕгъгӕ. 24 Къуылдыммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын сӕ Гиези сӕ къухтӕй райста ӕмӕ сӕ афӕндараст кодта. Ныр йӕ фӕллой та хӕдзары бамбӕхста, 25 йӕхӕдӕг йӕ хицауы раз балӕууыд. «Кӕм уыдтӕ, Гиези?» — бафарста йӕ Елисей. «Дӕ цагъар йӕ къах ардыгӕй ӕддӕмӕ нӕ авӕрдта», — дзуапп радта Гиези. 26 Уӕд ын Елисей загъта: «Мӕ зӕрдӕ демӕ уыди, уыцы лӕг йӕ уӕрдонӕй куы ӕрхызти ӕмӕ дӕ размӕ куы рацыди, уӕд! Ныртӕккӕ ууыл стӕм, ӕмӕ нӕхицӕн бынтӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕвзист ӕмӕ дарӕстӕй, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕндӕттӕй, лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй, цагъайраг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй? 27 Уӕдӕ Нееманы хъотырниз дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддагыл бахӕцӕд мыггагмӕ!» Ӕмӕ Гиези куыддӕр феддӕдуар, афтӕ йӕ буар иууылдӕр урс адардта хъотырӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia