Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

4 Паддзахӕдтӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Пехуымпар Елисейы диссаджы хабӕрттӕ дарддӕр

1 Пехуымпарты устытӕй иу ӕрбацыди Елисеймӕ, уый куыдта ӕмӕ хъӕр кодта: «Мӕ мой, дӕ цагъар, амарди. Хуыцауӕн кад кӕй кодта, уый дӕхӕдӕг дӕр зоныс. Ныр нӕм, ӕфстау кӕмӕй райста, уый ӕрбацыд ӕмӕ мын хъуамӕ мӕ дыууӕ фырты дӕр байса, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕна».

2 Елисей йӕ бафарста: «Ӕмӕ дын цы хуызы баххуыс кӕнон? Зӕгъ-ма мын, хӕдзары ма дӕм цы ис?» Дзуапп ын радта: «Оливӕйы сойы иу дурын мӕм ис, ӕндӕр ницы, дӕ нывонд фӕуон!»

3 Уый йын загъта: «Цу ӕмӕ бирӕ афтид дурынтӕ ракур дӕ сыхӕгтӕй, се ’ппӕтӕй дӕр.

4 Хӕдзармӕ сӕ бахӕсс ӕмӕ дӕ лӕппутимӕ уӕхиуыл дуар рахгӕнут. Уый фӕстӕ дурынтӕ сойӕ дзаг кӕнын байдай, дзагӕй сӕ хицӕн ран ӕвӕргӕйӕ».

5 Идӕдз ус ацыди хӕдзармӕ. Йӕ лӕппутимӕ сӕхиуыл дуар сӕхгӕдтой, ӕмӕ йӕм уыдон дурынтӕ дӕтгӕ, ай ӕвгӕнгӕ,

6 афтӕмӕй, куы байдзаг сты, уӕд мад йӕ лӕппутӕй иумӕ дзуры: «Ӕрбадӕтт-ма иу дурын!» Уый йын дзуапп радта: «Нал дзы ис». Ӕмӕ сой нал калди.

7 Уӕд идӕдз ус фӕстӕмӕ Хуыцауы минӕвармӕ аздӕхт ӕмӕ йын, хъуыддаг куыд рауад, уый радзырдта. Уый йын загъта: «Цу, сой ауӕй кӕн ӕмӕ дӕ хӕстӕ бафид. Ӕхцайӕ ма цы баззайа, уымӕй та уӕхӕдӕг цӕрут».

8 Иуахӕмы Елисей бацыди Шунемы сахармӕ. Уым ӕй иу бонджын сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта ӕмӕ йын фынг ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Елисей ууылты куы рацӕйцыд, уӕд-иу ӕм алы хатт дӕр бауад исты акомдзаг кӕнынмӕ.

9 Ӕмӕ иу хатт уыцы сылгоймаг загъта йӕ мойӕн: «Ӕдзухдӕр нӕм цы фӕндаггон ӕрбацӕуы, уый у Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг — уаз лӕг.

10 Цӕй ӕмӕ йын нӕ хӕдзары уӕллаг хайы иу гыццыл уат сцӕттӕ кӕнӕм, ӕрӕвӕрӕм ын дзы хуыссӕн, фынг, бандон ӕмӕ цырагъ, ӕмӕ-иу нӕм куы ’рбацӕуа, уӕд-иу уырдӕм бацӕуӕд ӕмӕ дзы цӕрӕд». Скодтой йын агъуыст,

11 ӕмӕ та иуахӕмы Елисей Шунемы сахары куы уыд, уӕд уыцы агъуыстмӕ бацыд ӕмӕ йӕхи хуыссӕныл ӕруагъта.

12 Йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уыцы шунемаг сылгоймагмӕ-ма мын фӕдзур!» Уый йӕм фӕдзырдта, ӕмӕ йӕм ӕрбацыд.

13 Елисей Гиезимӕ дзуры: «Зӕгъ-ма йын, ӕдзух ныл, зӕгъ, афтӕ зӕрдиагӕй аудыс, ӕмӕ мӕ фӕнды, исты хорз дын куы ракӕнин. Паддзахмӕ кӕнӕ дын ӕфсады хицаумӕ бацӕудзынӕн цыфӕнды курдиаты тыххӕй дӕр». Сылгоймаг загъта: «Бузныг! Фӕлӕ цы мыггаджы ’хсӕн цӕрын, уым ницы хъуаг дӕн».

14 Елисей Гиезийы бафарста: «Уӕдӕ йын цы хорз ракӕнӕм?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕнхъӕлдӕн, ӕнӕзӕнӕг у, йӕ мой дӕр — зӕронд».

15 Елиша та йӕ фервыста: «Фӕдзур-ма сылгоймагмӕ!» Уый йӕм фӕдзырдта, ӕмӕ сылгоймаг ӕрбацыд ӕмӕ дуармӕ ӕрлӕууыд.

16 Елисей йын загъта: «Иннӕ ацафон дӕ хъӕбысы уыдзӕни лӕппу». Уый йын дзуапп радта: «Нӕ, дӕ нывонд фӕуон, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг! Уымӕн уӕвӕн нӕй ӕмӕ мын дзӕгъӕл ныфсытӕ ма ӕвӕр!»

17 Фӕлӕ сылгоймаг банхъӕлцау ӕмӕ йын Елисей куыд загъта, афтӕ афӕдзы фӕстӕ ныййардта лӕппу.

18 Саби байрӕзт ӕмӕ иуахӕмы хуымгӕрдӕг адӕмы цурмӕ йӕ фыды уынынмӕ ацыд.

19 Уӕд дын ӕвиппайды куы ныцъцъӕхахст кӕнид: «Мӕ сӕр! Мӕ сӕр риссы!» Лӕппуйы фыд йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ баздӕхт: «Цу, йӕ мадмӕ йӕ ахӕсс!»

20 Уый сабийы ахаста йӕ мадмӕ, ӕмӕ сихормӕ йӕ мады хъӕбысы уыди, стӕй сихорӕй амард.

21 Йӕ мад ӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йыл дуар бахгӕдта, йӕхӕдӕг рацыд,

22 йӕ моймӕ фӕдзурын кодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕй мӕм иуы ӕрбарвит, стӕй — иу сыл хӕрӕг. Хуыцауы минӕвары бабӕрӕг кӕнон, стӕй уыцы фӕдыл фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзынӕн».

23 Уый йын загъта: «Ацы бон ӕм цӕмӕн цӕуыс? Мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат куы нӕу!» Уый йын дзуапп радта: «Хорз у алцыдӕр!»

24 Йӕхӕдӕг уӕддӕр сыл хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Хӕрӕджы размӕ тӕр, ӕмӕ дын цалынмӕ зӕгъон, уӕдмӕ ма ӕрлӕуу!»

25 Афтӕмӕй араст ис ӕмӕ бахӕццӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ, Кармелы хохмӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕй дардмӕ базыдта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Гиезийӕн загъта: «Уый уыцы шунемаг сылгоймаг у.

26 Рӕвдз йӕ размӕ ауай ӕмӕ йӕ бафӕрс, йӕхӕдӕг дӕр, йӕ мой дӕр ӕмӕ йӕ саби дӕр куыд сты, уымӕй!» Сылгоймаг Гиезийӕн загъта: «Дзӕбӕх стӕм».

27 Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ куы схӕццӕ ис Кармелы хохмӕ, уӕд йӕ разы ныддӕлгом ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕн ныхъхъӕбыс кодта. Гиези йӕ иуварс акӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг баурӕдта: «Ныууадз ӕй, йӕ зӕрдӕ рыст у, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг мӕнӕй басусӕг кодта, нӕ мын ӕй схъӕр кодта».

28 Сылгоймаг загъта: «Куы нӕ дӕ куырдтон лӕппу, дӕ нывонд фӕуон! Куы дын дзырдтон, дзӕгъӕл ныфсытӕ мын ма ’вӕр, зӕгъгӕ!»

29 Елисей Гиезийӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ рон ӕрбабӕтт, мӕнӕ дын мӕ лӕдзӕг дӕр, ӕмӕ, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй тагъд цӕугӕ Шунемы сахармӕ. Дӕ фӕндагыл мадӕр салам искӕмӕн ратт, мадӕр, салам дын чи зӕгъа, уымӕн исты дзуапп ратт! Ӕмӕ куыддӕр бахӕццӕ уай, афтӕ-иу мын мӕ лӕдзӕг лӕппуйы цӕсгомыл ӕрӕвӕр!»

30 Сабийы мад загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, нӕ дӕ ныууадздзынӕн иу ран!» Ӕмӕ Елисей сылгоймаджы фӕдыл ацыд.

31 Гиези Шунеммӕ бахӕццӕ ис сӕ разӕй ӕмӕ пехуымпары лӕдзӕг сабийы цӕсгомыл ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый иу сым дӕр не скодта, нӕдӕр дзы иу нуар базмӕлыд. Уӕд Гиези фӕстӕмӕ Елисейы размӕ аздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ хъал кӕны лӕппу».

32-33 Елисей хӕдзармӕ куы ӕрбахӕццӕ ис, уӕд йӕхи агъуыстмӕ схызти ӕмӕ, йӕ хуыссӕны лӕппуйы мардӕй куы федта, уӕд дуар рахгӕдта ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта.

34 Уый фӕстӕ сабийыл ныффӕлдӕхт, йӕ дзых уый дзыхыл куыд ӕндзӕва, йӕ цӕстытӕ — уый цӕстытыл, йе ’рмттӕ дӕр — уый ӕрмттыл. Исдуг ыл афтӕ фӕлдӕхтӕй куы алӕууыди, уӕд сабийы буар бахъарм ис.

35 Пехуымпар сыстад, агъуысты мидӕг арацу-бацу кодта ӕмӕ та ногӕй сабийыл ныффӕлдӕхт. Уӕд дын саби ӕхснырсын куы байдаид. Авд хатты ӕрӕхснырста ӕмӕ йӕ цӕстытӕ байгом кодта.

36 Елисей Гиезимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Йӕ мады йын ӕрбакӕн!» Уый йӕ ӕрбакодта, ӕмӕ йын Елисей загъта: «Мӕнӕ дӕ лӕппу, райс ӕй».

37 Шунемаг сылгоймаг ын йӕ къӕхтӕм ӕрхауд, зӕххы онг ын акуывта, стӕй лӕппуйы йӕ хъӕбысмӕ систа ӕмӕ уатӕй ӕддӕмӕ рахызт.

38 Елисей дӕр аздӕхти Гилгалмӕ. Уӕд уыцы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уырдыгон пехуымпартӕ Елисеймӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уый йӕ лӕггадгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Стыр аг бауӕларт кӕн ӕмӕ пехуымпартӕн хъӕрмхуыпп афыц!»

39 Сӕ иу рацыди быдырмӕ, исты цъӕх кӕрдӕджытӕ ратонынмӕ, ӕмӕ бамбӕлди цавӕрдӕр зайӕгойыл, насы ’нгӕс дыргътӕ йын. Уыцы дыргътӕй йӕ пӕлӕзы дзаг ӕрбахаста, ныллыгтӕ сӕ кодта ӕмӕ сӕ аджы ныккалдта хъӕрмхуыппыл. Хӕрынӕн нӕ бӕззынц, уый сӕ ничи зыдта.

40 Хъӕрмхуыппӕй куыддӕр сахуыстой, афтӕ хъӕрахст самадтой: «Хуыцауы минӕвар, марг ис аджы!» Хӕрӕн ын нӕ уыди хъӕрмхуыппӕн.

41 Елисей загъта: «Ӕриут-ма мын ссад!» Аджы йӕ ныккодта ӕмӕ Гиезийӕн загъта: «Адӕмӕн хъӕрмхуыпп ӕркӕн ӕмӕ бахӕрой!» Афтӕ схорз ис сӕ хӕринаг.

42 Иу чидӕр ӕрбацыди Баал-Шалишайӕ, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн ӕрбахаста хъӕбӕрхоры кӕрдзынтӕ, хоры сӕрӕй конд, стӕй хоры цӕттӕ ӕфсиртӕ. Елисей та йӕ лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой!»

43 Уый бадис кодта: «Сӕдӕ лӕджы бафсадынӕн уый цы у?» Елисей та йын зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой! Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, бафсӕддзысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууадздзысты».

44 Уый сын радта, ӕмӕ бафсӕстысты, сӕ уӕлдай дӕр ма ныууагътой, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan