Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

4 Паддзахӕдтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Моавы ныхмӕ хӕст

1 Иудейаг паддзах Иосафаты паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Ахавы фырт Йорам. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууадӕс азы.

2 Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, ӕцӕг алы хъуыддаджы йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды нӕ фӕзмыдта. Йӕ бынатӕй айста Баалы гуымиры, йӕ фыд кӕй сарӕзта, уый.

3 Фӕлӕ Наваты фырт Йоровам израилӕгты цы тӕригъӕдты бацӕуын кодта, уыдоныл фидар хӕцыд, нӕ сӕ ныууагъта.

4 Моавы паддзах Меша, бонджын фосдарӕг, Израилы паддзахӕн ӕрвылаз ӕрвыста хъалон: сӕдӕ мины кусӕрттаг фыстӕ, сӕдӕ мины та — ӕнӕлвыд фыртӕ.

5 Фӕлӕ Ахавы амӕлӕты фӕстӕ Моавы паддзах нал уисӕн кодта Израилӕн.

6 Уӕд Израилы паддзах Йорам рацыди Самарийы сахарӕй, ӕрзылди бӕстӕйыл ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта хӕстхъом адӕмы иууылдӕр.

7 Иудейаг паддзах Иосафатмӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Моавы паддзах мӕ ныхмӕ сыстад, ӕмӕ хъуамӕ йемӕ схӕцон. Мӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзынӕ?» Иосафат ын дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, уый хуызӕн».

8 Иосафат ӕй бафарста: «Кӕцы фӕндагыл сӕм ацӕуӕм?» Уый йын загъта: «Едомы ӕдзӕрӕг быдыртыл».

9 Ӕмӕ Израилы паддзах иудейаг паддзахимӕ, Едомы паддзах дӕр семӕ, афтӕмӕй уыцы дард фӕндагыл ахӕцыдысты се ’фсӕдтимӕ. Авд боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм нуазыны дон нал уыд сӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ хайуантӕн дӕр.

10 Израилы паддзах загъта: «Оххай-гъе! Ӕнхъӕлдӕн, Дунедарӕг не ’ртӕйы дӕр моавӕгты къухтӕм раттинаг у ӕмӕ нӕ ацы фӕндагыл уый тыххӕй рарвыста».

11 Иосафат бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ам исчи ис? Дунедарӕджы нын бафӕрсӕд». Израилы паддзахы дӕлдӕртӕй йын иу дзуапп радта: «Шафаты фырт Елисей ам ис, Илийайӕн ӕдзух кӕстӕриуӕг чи кодта, уый».

12 Иосафат загъта: «Елисей нын зӕгъдзӕни, Дунедарӕгмӕ мах тыххӕй цы фӕнд ис, уый». Израилы паддзах, Йошафат ӕмӕ Едомы паддзах Елисеймӕ ацыдысты.

13 Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Мӕнмӕ цы ’рбацыдтӕ? Дӕ мад ӕмӕ дӕ фыд цы пехуымпартыл сӕ зӕрдӕ дардтой, уыдонмӕ ацу!» Израилы паддзах загъта: «Уыдонӕй нын ницы пайда ис, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах, ӕртӕ паддзахы, моавӕгты къухтӕм раттинаг у ӕмӕ нӕ ацы фӕндагыл уый тыххӕй рарвыста».

14 Уӕд ын Елисей загъта: «Сомы дын кӕнын Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, Иосафаты сӕр куынӕ нымаин, уӕд дӕм кӕсгӕ дӕр нӕ бакодтаин, куыдзы хъуыды дӕр дӕ не ’ркодтаин.

15 Ныр мын фӕндырдзӕгъдӕгмӕ фӕдзурут!» Фӕндырдзӕгъдӕг хъисынӕй куы ’рцагъта, уӕд Елисейыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд,

16 ӕмӕ Елисей загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Ацы ададжы уӕрмытӕ скъахут,

17 уымӕн ӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг нал дымгӕ радымдзӕни, нал къӕвда ӕрцӕудзӕни, фӕлӕ ацы дӕлвӕз байдзаг уыдзӕн донӕй, ӕмӕ дзы ӕфсаддзыстут уӕхи дӕр, уӕ фосы дӕр ӕмӕ уӕ хайуанты дӕр“.

18 Дунедарӕг уын канд уыцы хорз нӕ ракӕндзӕни, фӕлӕ ма уын уӕ къухтӕм ратдзӕни моавӕгты дӕр.

19 Сымах сын ныппырх кӕндзыстут сӕ фидӕрттӕ, сӕ сахарты хуыздӕртӕ, рафӕлдахдзыстут сын сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ, ныццауаздзыстут сын сӕ дӕттӕ, сӕ бӕзнаг хуымтӕ сын дурты бын фӕкӕндзыстут».

20 Райсомӕй, Дунедарӕгӕн хойраджы хуын куы снывонд кӕнынц, уыцы заман, Едомы хӕхтӕй афтӕ бирӕ дон рагуылф кодта, ӕмӕ дзы зӕхх байдзаг ис.

21 Ныр моавӕгтӕ дӕр фехъуыстой, ӕртӕ паддзахы ӕд ӕфсӕдтӕ сӕ ныхмӕ рацӕуынц, уый, ӕмӕ сӕ хӕстхъом адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой бӕстӕйы арӕнмӕ.

22 Райсомӕй раджы моавӕгтӕ быдырыл куы афӕлгӕсыдысты ӕмӕ сӕуӕхсиды рухсмӕ дон куыд сӕрттывта, уый куы федтой, уӕд дзы туг фенхъӕлдтой

23 ӕмӕ загътой: «Бӕлвырд, ӕртӕ паддзахы ӕфсӕдтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ фесты, ныццагътой кӕрӕдзи, ӕмӕ уыдоны туг уыдзӕни. Ныр уӕ амӕттаджы хайыл уӕхи цӕвут, моавӕгтӕ!»

24 Израилӕгты рӕсӕнуатмӕ куы баввахс сты, уӕд сыл Израилы ӕфсӕдтӕ сӕхи ныццавтой ӕмӕ сӕ цӕгъдынтӕ байдыдтой. Уыдон лидзынмӕ фесты, фӕлӕ сӕ адон сӕ хъӕлӕсы ахастой ӕмӕ цагътой ӕмӕ цагътой моавӕгты.

25 Сӕ сахартӕ сын ныппырх кодтой, сӕ бӕзнаг хуымтыл сын фӕйнӕ дуры фехстой, ӕмӕ сын афтӕмӕй дурты бын фесты, сӕ донгуырӕнтӕ сын ныццауӕзтой, сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ сын сфӕлдӕхтой. Сӕ сӕйраг сахар Кир-Харесетыл сын ӕрхъула кодтой ӕмӕ йыл дурӕхсӕнтӕй ралӕууыдысты, дур дзы дурыл нал ныууагътой.

26 Моавӕгты паддзах уыдта, йӕ бон ницыуал у, уый ӕмӕ, йемӕ авдсӕдӕ ӕрдынджыны, афтӕмӕй бафӕлвӕрдта Едомы ӕфсады рӕнхъытӕ батоныныл ӕмӕ аирвӕзыныл, фӕлӕ йын дзы ницы рауад.

27 Уӕд ракодта йӕ фырты, йӕ хистӕр зӕнӕджы, йӕ фӕстӕ паддзах чи суыдаид, уый ӕмӕ йӕ сахары быруйы сӕрыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста. Уӕд израилӕгтӕ смӕсты сты, сӕ хӕцын ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты сӕ бӕстӕмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan