Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

4 Паддзахӕдтӕ 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ паддзахиуӕгыл фарӕстӕм аз куы цыд, уӕд, дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон, ӕд ӕфсад ӕрбабырста Йерусалиммӕ, ӕрхъула йыл кодта ӕмӕ йын йӕ алыварс самадта сыджытбыру.

2 Сахары ӕрхъула ахаста Цедекиайы паддзахиуӕджы иуӕндӕсӕм азмӕ,

3 ӕмӕ сыдӕй мӕлынмӕ ӕрцыдысты йӕ цӕрджытӕ, хойраджы мур сӕм нал баззад. Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон

4 сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.

5 Иудейаг паддзахы бафиппайдтой ӕмӕ йӕ фӕсте асырдтой, баййӕфтой йӕ Йерихоны дӕлвӕзы. Йӕ хӕстонтӕ йӕ ныууагътой ӕмӕ фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты.

6 Халдейӕгтӕ паддзахы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Ривлайы сахармӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносоры размӕ, акодтой. Уым ын стӕрхон кодтой.

7 Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.

8 Вавилоны паддзах Навуходоносоры паддзахиуӕджы нудӕсӕм аз, фӕндзӕм мӕйы ӕвдӕм бон, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, йӕ бӕрнондӕр лӕггадгӕнӕг, Йерусалиммӕ ӕрбацыд

9 ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр.

10 Халдейӕгты ӕфсад, паддзахы хъахъхъӕнджыты хицау йӕ сӕргъы, афтӕмӕй, Йерусалимы алыварс цы систӕ уыди, уыдон дӕр ныппырх кодта.

11 Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.

12 Ӕрмӕст мӕгуыр адӕмӕй иу къорды бӕрц ныууагъта сӕндонгӕстӕ ӕмӕ хуымгӕнджытӕй.

13 Халдейӕгтӕ ныцъцъӕл, ныммур кодтой Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрхуы цӕджындзтӕ ӕмӕ уыдонӕн сӕ бынӕнцайӕнтӕ, стӕй ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр Вавилонмӕ аластой.

14 Семӕ ма ноджыдӕр райстой уазлӕггады алы мигӕнӕнтӕ: тастӕ, фыййӕгтӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ,

15 будсудзӕнтӕ, къустӕ. Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон иууылдӕр рахаста хъахъхъӕнджыты хицау Невузарадан.

16 Дунедарӕджы хӕдзарӕн Соломон цы дыууӕ цӕджындзы, ӕрхуы денджыз ӕмӕ суанцъытӕ саразын кодта, уыдоны уый бӕрц ӕрхуы уыди, ӕмӕ йын сбарӕн дӕр нӕ уыд.

17 Цӕджындзтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕрхуыйӕ конд ӕфтуантӕ, сӕ бӕрзӕнд — ӕртыгай ӕлмӕринтӕ, ноджы ма — фӕйнӕ рӕхысы ӕмӕ гранат фӕткъуыты згъӕрнывтӕ зылдӕй ӕфтуантыл конд. Иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.

18 Невузардан ӕрцахсын кодта алчер Серайы, стӕй уымӕн йӕ хӕдивӕг Софониайы ӕмӕ ма ноджы кулдуары цур хъалагъур хӕссӕг ӕртӕ лӕджы.

19 Сахары чи уыд, уыдонӕй ма ноджыдӕр ӕрцахсын кодта иудейаг паддзахӕн йе ’фсады хицауы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй фондзы, ӕфсады сӕйраг нымӕрдары, ӕфсады рӕнхъытӕм адӕмы исын кӕй бӕрны уыд, уый, стӕй ӕртиссӕдз бӕрнон лӕджы,

20 хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан сӕ акодта Вавилоны паддзахмӕ, Ривлайы сахармӕ.

21 Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.

22 Вавилоны паддзах Навуходоносор ма Иудейы цы адӕмы ныууагъта, уыдонӕн сӕ сӕргъы сӕвӕрдта Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиайы.

23 Иудейаг ӕфсады хицӕуттӕ — Нетаниайы фырт Измаел, Кареахы фырт Йоханан, нетофаг Танхуметы фырт Серай ӕмӕ маахайаг Иазани — фехъуыстой, Вавилоны паддзах Гедалиайы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый. Ӕмӕ ӕд адӕм Гедалиамӕ ӕрбацыдысты Мицпамӕ.

24 Гедалиа се ’ппӕты раз ард бахордта ӕмӕ сын загъта: «Халдейӕгты дӕлбар ӕрлӕууынӕй ма тӕрсут. Вавилоны паддзахӕн куы лӕггад кӕнат, уӕд уӕ хъуыддӕгтӕ хорз ацӕудзысты».

25 Фӕлӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕй Елишамайы фырт Нетаниайы фырт Измаел, паддзӕхты мыггагӕй, Гедалиайы уӕлхъус ӕрбалӕууыди дӕс лӕгимӕ ӕмӕ амардта уый дӕр ӕмӕ, уым, Мицпайы, йемӕ иудейӕгтӕ ӕмӕ халдейӕгтӕй чи уыд, уыдоны дӕр.

26 Халдейӕгтӕй тӕрсгӕйӕ, адӕм иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕфсады хицӕуттимӕ иумӕ Мысырмӕ фӕлыгъдысты.

27 Евил-Меродах Вавилоны паддзах куы сси, тӕккӕ уыцы аз ахӕстонӕй суӕгъд кодта иудейаг паддзах Йехониайы. Уый ӕрцыд Йехониайы ахасты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азӕн йӕ дыууадӕсӕм мӕйы дыууын ӕвдӕм бон.

28 Евил-Меродах ӕм ракасти хӕлар цӕстӕй. Вавилоны ма йӕм хасты цы ӕцӕгӕлон паддзӕхтӕ уыд, уыдоны ӕхсӕн ын кодта уӕлдай кад.

29 Йехониа аивта йӕ ахӕсты дарӕстӕ дӕр. Уыйхыгъд ын цӕргӕ-цӕрӕнбонты бар уыди Вавилоны паддзахы фынгыл бадынӕн.

30 Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ йын йӕ цард-цӕрӕнбонты ӕрвылбон хойраг лӕвӕрдтой ӕнӕсцухӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan