Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

4 Паддзахӕдтӕ 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йӕ паддзахиуӕджы заман Иудеймӕ ӕд ӕфсад ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор, ӕмӕ Иоаким йӕ дӕлбар балӕууыд. Ӕртӕ азы йын фӕлӕггад кодта, стӕй йын нал уисӕн кодта.

2 Фӕлӕ йын Дунедарӕг йӕ ныхмӕ самидин кодта халдейӕгты, сириӕгты, моавӕгты ӕмӕ аммонӕгты ӕрдонгтӕ. Ӕмӕ уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой, ныггӕныстон ӕй кӕнынмӕ, Дунедарӕг Йӕ пехуымпарты уылты куыд дзырдта, афтӕ.

3 Ӕппӕт уыдӕттӕ Дунедарӕг Иудейӕн бавзарын кодта Менассиайы тӕригъӕдты, стӕй йе ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй,

4 уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.

5 Иоакимы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

6 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехониа.

7 Уыцы заман Мысыры паддзах нал уӕндыд йӕ паддзахадӕй йӕ сӕр ӕддӕмӕ радарын, уымӕн ӕмӕ йын Евфраты донӕй Мысыры арӕнты онг цыдӕриддӕр зӕххытӕ уыди, уыдон Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудтой.

8 Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕртӕ мӕйы. Йӕ мад Нехушта уыд йерусалимаг Елнатаны чызг.

9 Йехониа дӕр, йӕ фыды хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.

10 Гъемӕ уыцы заман Вавилоны паддзах Навуходоносоры ӕфсӕдтӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодтой,

11 ӕмӕ сӕм уырдӕм ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор дӕр.

12 Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.

13 Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта.

14 Йерусалимӕн ратардта йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр, ӕлдарӕй, ӕфсады хицауӕй — иу-дӕс мины бӕрц. Ноджы ма — хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырдты. Ныууагъта ма ӕрмӕстдӕр мӕгуырты.

15 Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.

16 Ноджы ма — авд мин хӕстоны, мин ӕрмдӕсныйы, уыимӕ хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырды дӕсныты, стӕй ма, йӕ бон хӕцӕнгарзӕй хӕцын кӕмӕн уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр вавилойнаг паддзах йемӕ уацары акодта Вавилонмӕ.

17 Вавилойнаг паддзах Йехониайы бӕсты Иудейы паддзах скодта уымӕн йӕ фыды ’фсымӕр Маттаниайы. Ӕрмӕст ын радта ног ном: Цедекиа.

18 Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад Хамутал уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг.

19 Цедекиа дӕр Иоакимау, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.

20 Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Йерусалим ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм, ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Цедекиа нал уисӕн кодта Вавилоны паддзахӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan