Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

4 Паддзахӕдтӕ 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Менассиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста фӕндзай фондз азы. Йӕ мады ном уыди Хефцива.

2 Менассиа, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыд, уыдӕттӕ кодта, кӕддӕр Дунедарӕг Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.

3 Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ. Израилы паддзах Ахавау нывондхӕссӕн скодта Баалӕн, сарӕзта Ашерӕйы цӕджындз. Стъалытӕм дӕр куывта ӕмӕ сын хаста нывӕндтӕ.

4 Дунедарӕг Йерусалимы Йӕхи номыл цы Кувӕндон саразын кодта, уым Менассиа ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ.

5 Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг нывондхӕссӕнтӕ скодта арвы стъалытӕн дӕр.

6 Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.

7 Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндоны сӕвӕрдта, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Мӕхицӕн Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй цы сахар равзӕрстон, уыцы Кувӕндоны, Йерусалимы, Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ.

8 Израилӕгтӕ Мӕм куы хъусой, Мӕ цагъар Моисей сын Мӕ номӕй цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ иу дӕр нӕ фӕхауӕццаг уыдзӕни, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтон, уымӕй».

9 Фӕлӕ Израилы адӕм нӕ хъуыстой Хуыцаумӕ. Менассиа сын сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдонӕй дӕр фыддӕр фесты.

10 Уӕд Дунедарӕг Йӕ цагъартӕн, пехуымпартӕн, бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн фехъусын кӕной:

11 иудейаг паддзах Менассиа суанг аморӕгтӕй дӕр, ацы бӕстӕйы раздӕры цӕрджытӕй, фӕфыддӕр ис ӕлгъаг митӕ нывӕндынмӕ. Иудейы адӕмы тӕригъӕдты азымы баппӕрста йӕ гуымирытӕм кувынӕй.

12 Ӕмӕ уый тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы: «Йерусалимыл ӕмӕ ӕгас Иудейы зӕххыл ахӕм фыдбылыз ныххуырсдзынӕн, ӕмӕ йын йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уымӕн фыр адӕргӕй йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты.

13 Йерусалим абардзынӕн, Самари цы ӕмвӕзбарӕн синагӕй барст ӕрцыд ӕмӕ Ахавы галуан цы уырдыгбарӕнӕй барст ӕрцыд, уыдонӕй. Къус куыд ныссӕрфынц ӕмӕ йӕ фӕдӕлгом кӕнынц, афтӕ Ӕз дӕр равдӕлон кӕндзынӕн ӕмӕ сфӕлдахдзынӕн Йерусалимы сахар.

14 Мӕ исбонӕй ма цы адӕм баззад, уыдонӕй Ӕз ’Ме ргом аздахдзынӕн, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ ратдзынӕн, стигъджытӕ ӕмӕ абырджыты амӕттаг бауыдзысты.

15 Уый уымӕн, ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ Мӕ цӕсты раз ӕнаккаг митӕ кӕнынц».

16 Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.

17 Менассиайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, уыимӕ йӕ тӕригъӕдтӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

18 Йӕ фыдӕлтимӕ куы баиу, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ галуаны дыргъдоны, уый кӕддӕр Уззайы дыргъдон уыди. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон.

19 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. Йӕ мад Мешулемет уыди иотвайаг Харуцы чызг.

20 Амон дӕр, йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта.

21 Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыды. Уый хуызӕн табу кодта гуымирытӕн ӕмӕ-иу сын бакуывта.

22 Ныууагъта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не ’ххӕст кодта.

23 Паддзах Амоны ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой йӕ галуаны.

24 Фӕлӕ бӕстӕйы адӕм, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы.

25 Амоны иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

26 Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕхи зӕппадзы, Уззайы дыргъдоны. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосиа.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan