4 Паддзахӕдтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ӕрӕввахс ис, Дунедарӕг Илийайы уаддымгӕйы мидӕг уӕларвмӕ куы систа, уыцы бон. Ӕмӕ иуахӕмы Илийа рацыди Гилгалӕй, Елисей дӕр йемӕ. 2 Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Мӕн Дунедарӕг Вефилмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, нӕ дӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ араст сты Вефилмӕ. 3 Елисейы размӕ Вефилы пехуымпартӕ рацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!» 4 Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Дунедарӕг мӕн Йерихонмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ та йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, нӕ дӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ бацыдысты Йерихонмӕ. 5 Елисейы размӕ рауадысты сахары пехуымпартӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Абон дын Дунедарӕг дӕ ахуыргӕнӕджы Йӕхимӕ кӕй айсдзӕн, уый зоныс ӕви нӕ?» Уый сын загъта: «Зонын ӕй, ныхъхъус ут!» 6 Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Дунедарӕг мӕн Иорданмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ та йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ ацыдысты. 7 Сӕ фӕдыл цыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз пехуымпары ӕмӕ адонӕй дӕрддзӕф ран ӕрлӕууыдысты Иорданы былгӕрон. 8 Илийа йӕ пӕлӕз раласта, стыхта йӕ, дон дзы ӕрцавта, ӕмӕ дон ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм куы алӕууыд, уӕд Елисеимӕ, сур зӕххыл цӕуӕгау, фаллаг фарсмӕ бахызтысты. 9 Цӕугӕдоны фаллаг фарс Илийа загъта Елисейӕн: «Исты мӕ ракур, цалынмӕ мӕ Дунедарӕг дӕ цурӕй нӕма айста, уӕдмӕ». Елисей йын загъта: «Цы уд дӕм ис, уымӕй мын дыууӕ ахӕмы ратт!» 10 Уый йын загъта: «Зын саразӕн у, цы мӕ курыс, уый. Дунедарӕг мӕ дӕ цурӕй куыд айсдзӕн, уый куы фенай, уӕд хорз, науӕд дзы ницы рауайдзӕн». 11 Фӕндагыл ныхасгӕнгӕ куыд фӕцӕйцыдысты, афтӕ фӕзынди пиллонкалгӕ уӕрдон артуадзгӕ бӕхтимӕ, сӕ дыууӕйы ’хсӕн фестадысты, ӕмӕ Илийа тымыгъы мидӕг уӕларвмӕ ацыд. 12 Елисей йӕм, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ, ныхъхъӕр кодта: «Мӕ фыд, мӕ фыд! Ды дӕ Израилы уӕрдон ӕмӕ йӕ бӕхтӕрӕг». Илийайы куынӕуал уыдта, уӕд йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ арӕдывта фӕйнӕрдӕм. 13 Илийайӕ цы пӕлӕз ӕрхауди, уый систа, ӕмӕ фӕстӕмӕ Иорданы былмӕ ӕрбаздӕхт. 14 Уым уый дӕр, Илийайы хуызӕн, пӕлӕзӕй дон ӕрцавта ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Дунедарӕг, Илийайы Хуыцау?» Дон та ӕмдзӕхгӕр дыууӕ сисау фӕйнӕрдӕм алӕууыд, ӕмӕ Елисей сурыл доны иннӕ фарсмӕ бахызти. 15 Йерихоны пехуымпартӕ уый куы федтой, уӕд загътой: «Илийайы монӕй схайджын ис Елисей». Йӕ размӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой. 16 Загътой йын: «Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъаруджын лӕджы ис дӕ цагъарты ’хсӕн. Бар ратт, ӕмӕ дын дӕ ахуыргӕнӕджы агурӕг ацӕуой. Кӕд ӕй, мыййаг, Дунедарӕджы Уд ахаста ӕмӕ йӕ искӕцы хохыл кӕнӕ исты тӕрфы ныппӕрста». Уый сын загъта: «Ма сӕ арвитут». 17 Фӕлӕ йын уыдон бирӕ фӕлӕгъстӕ кодтой, ӕмӕ сӕ куы бафӕллад, уӕд сын бар радта: «Арвитут сӕ». Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз лӕджы Илийайы фӕцагуырдтой ӕртӕ боны, фӕлӕ йӕ не ссардтой. 18 Фӕстӕмӕ Елисеймӕ, Йерихоны сахармӕ, куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сын уый загъта: «Нӕ уын дзырдтон, ма ацӕут, зӕгъгӕ?» 19 Сахары цӕрджытӕ Елисейӕн загътой: «Нӕ сахар дзӕбӕх ран лӕууы, уый дӕхӕдӕг дӕр уыныс, не ’лдар, фӕлӕ йӕ дон нӕ бӕззы, ӕмӕ адӕм ӕмӕ фосӕн цот нал цӕуы». 20 Уый сын загъта: «Ӕриут-ма мын ног къус, цӕххӕй йӕ байдзаг кӕнут, афтӕмӕй!» Радтой йын, 21 ӕмӕ Елисей донгуырӕнмӕ ссыд, цӕхх доны ныккалдта ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Ацы дон сӕнӕниз кодтон, ӕмӕ уый аххосӕй уӕ зӕххыл нал мӕлгӕ кӕндзысты, налдӕр ӕнӕзӕнӕг уыдзысты“». 22 Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ дон сӕнӕниз ис Елисейы ныхасӕй. 23 Йерихонӕй Елисей араст ис Вефилмӕ. Сахармӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕмӕй уырдыгӕй рацыди сабиты къорд ӕмӕ йыл худтысты, фидистӕ йын кодтой: «Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр! Рацу нӕм, цӕгӕрсӕр!» 24 Уый сӕм бакаст ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй ралгъыста. Уыйадыл хъӕдӕй рацыди дыууӕ сыл арсы ӕмӕ сын сӕ къордӕй дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сабийы аргӕвстой. 25 Ардыгӕй Елисей бацыди Кармелы хохмӕ, стӕй уырдыгӕй Самаримӕ ӕрбаздӕхт. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia