Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

4 Паддзахӕдтӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди.

2 Йӕ галуаны уагдар Елиаким, нымӕрдар Шевна ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй арвыста пехуымпар Исайамӕ, Амоцы фыртмӕ.

3 Уыдон ын загътой: «Езекиа афтӕ зӕгъы: абон у фыдбылыз, ӕфхӕрд ӕмӕ худинаджы бон. Арын афон ралӕууыд, фӕлӕ ныййарынӕн хъару нӕй!

4 Чи зоны, ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Ассирийы паддзах нӕм цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ кӕй ӕрбарвыста, уыцы сӕйраг дзагдары ныхӕстӕ фехъуса ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уыцы ныхӕсты тыххӕй бафхӕра. Уӕдӕ скув, удӕгасӕй ма чи баззади, уыдоны тыххӕй».

5 Паддзах Езекиайы дӕлдӕртӕ Исайамӕ ӕрбацыдысты.

6 Исайа сын загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ассирийы паддзахы дӕлдӕртӕ Мӕ цы ныхӕстӕй фаудтой, уыдонӕй ма тӕрс.

7 Ӕз дзы ахӕм мон бауадздзынӕн, ӕмӕ, куыддӕр уац фехъуса, афтӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни йӕ бӕстӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕхи зӕххыл карды амӕттаг бакӕндзынӕн».

8 Ассирийы паддзахы дзагдар аздӕхт ӕмӕ йӕм фӕндагыл фӕхабар чындӕуыд, Санхериб Лахишы сахар ныууагъта, зӕгъгӕ. Йӕ паддзахы баййӕфта, Ливнӕйы сахарыл куы ӕрхъула кодта, уӕд.

9 Санхерибӕн фехъусын кодтой, Эфиопийы паддзах Тирхака дӕ ныхмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Ӕмӕ иудейаг паддзах Езекиамӕ ногӕй арвыста йӕ минӕвӕртты:

10 «Иудейы паддзах Езекиайӕн фехъусын кӕнут: „Дӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарыс, уыцы Хуыцау дӕ ма асайӕд, Йерусалим Ассирийы паддзахы къухтӕм нӕ бахаудзӕн, зӕгъгӕ дын кӕй зӕгъы, уымӕй.

11 Ды куы зоныс, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн цытӕ бакодтой ӕмӕ сӕ куыд бабын кодтой, уыдӕттӕ. Ау, уӕд ды фервӕздзынӕ?

12 Ау, иннӕ адӕмты сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой? Мӕ фыдӕлтӕ ныццагътой Гозан, Харан ӕмӕ Рецефы цӕрӕг адӕмты, стӕй Едены цӕрджыты, Телассары чи цардис, уыдоны.

13 Кӕм сты ныр Хамат ӕмӕ Арпады паддзӕхтӕ? Цы фесты Сефарваим, Хена ӕмӕ Иввайы паддзӕхтӕ?“»

14 Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакасти. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ фыстӕг Дунедарӕджы раз райхӕлдта.

15 Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды — дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау! Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.

16 О Дунедарӕг, Дӕ хъус нӕм ӕрдар ӕмӕ нӕ фехъус! Байгом кӕн Дӕ цӕстытӕ, ӕркӕс нӕм! Цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ йӕ минӕвӕртты чи ӕрбарвыста, уыцы Санхерибы ныхӕстӕ фехъус.

17 Ӕцӕгдӕр, Дунедарӕг, Ассирийы паддзӕхтӕ ныггӕныстон кодтой ӕппӕт адӕмты ӕмӕ бӕстӕтӕ,

18 басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон уыдысты хуыцӕуттӕ нӕ, фӕлӕ адӕймаджы къухӕй конд хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ, ӕмӕ сӕ уымӕн бабын кодтой.

19 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн знагӕй! Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».

20 Амоцы фырт Исайа арвыста Езекиамӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ды мӕм ӕххуысагур скуывтай, Ассирийы паддзах Санхерибӕй хъастгӕнгӕйӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз фехъуыстон».

21 Мӕнӕ цы зӕгъы Дунедарӕг уый тыххӕй: «Ӕлгъ дыл кӕны, худы дыл Сионы чызг. Йӕ сӕр банкъусы Йерусалимы чызг, дӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.

22 Кӕй фауыс ды, фидистӕ кӕмӕн кӕныс? Кӕуыл хъӕр кӕныс, кӕмӕ кӕсыс сӕрбӕрзондӕй? Израилы Уаз Хуыцаумӕ!

23 Дӕ минӕвӕртты дзыхӕй Дунедарӕджы фауыс. Ды зӕгъыс: „Ӕфсӕнуӕрдӕттӕ мӕм бирӕ ис, ӕз уыдонимӕ схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон ын йӕ бӕрзонд кедртӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ йын схызтӕн, йӕ хуыздӕр хъӕдтӕм ын бацыдтӕн.

24 Ӕцӕгӕлон бӕстӕты-иу ӕз скъахтон цъайтӕ, сӕ донӕй-иу сын банызтон. Мысыры дӕттӕ байсыстысты мӕ къӕхты бын“.

25 Ау, дӕ хъустыл никуы ӕрцыд, Ӕз уыдӕттӕ раджы кӕй снысан кодтон, уый? Рагзаманы цы сфӕнд кодтон, уый ныр сӕххӕст кодтон: фидаргонд сахартӕ дурты кӕритӕ фестадысты.

26 Сӕ цӕрджытӕм хъару нал ис, стыр тас сыл бахӕцыд, фӕхудинаг сты. Уыдон систы быдыры кӕрдӕгау, уыгӕрдӕны цъӕх талатау, уӕлхӕдзарыл цы пыхс фӕзыны, уыйау, — куыддӕр схӕцынц, афтӕ бахус вӕййынц.

27 Ӕз дын зонын дӕ алы къахдзӕф дӕр — де ’рбадт, дӕ рацыд ӕмӕ де ’рбацыд, зонын ӕй, Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадтӕ, уый.

28 Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, стӕй Мӕм де ’нӕнымӕц ӕфсӕдты уынӕр кӕй сыхъуыст, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг, дӕ дзыхы та — уидоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты дӕ фӕстӕмӕ аздахдзынӕн.

29 Дӕуӕн та, Езекиа, дӕттын нысан: ацы аз хӕрут, хауӕггаг нӕмыгӕй цы хор ӕрзад, уый, иннӕ аз — йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, ныссадзут сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ сын хӕрут сӕ дыргътӕ.

30 Иудӕйы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза, уыдон арф уидӕгтӕ ауадздзысты ӕмӕ тыллӕг ратдзысты.

31 Уыцы байзӕддӕгтӕ рацӕудзысты Йерусалимӕй, Сионы хохӕй. Уыцы хъуыддаг ӕрцӕудзӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыл ӕнувыд кӕй у, уый фӕрцы.

32 Уымӕ гӕсгӕ дын Дунедарӕг Ассирийы паддзахы тыххӕй афтӕ зӕгъы: уый ацы сахармӕ нӕ бацӕудзӕн, иу фат дӕр ыл не суадздзӕн, нӕ йӕм ӕрбаввахс уыдзӕн уартимӕ, йӕ ныхмӕ хӕцынмӕ сыджытбыру нӕ самайдзӕн.

33 Ардӕм кӕуылты ӕрбацыд, ууылты аздӕхдзӕни фӕстӕмӕ. Нӕ йын бантысдзӕн ацы сахармӕ ӕрбабырсын, — зӕгъы Дунедарӕг.

34 — Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».

35 Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.

36 Ӕмӕ уӕд Ассирийы паддзах Санхериб фӕстӕмӕ аздӕхт ӕмӕ баззади Ниневийы.

37 Иуахӕмы йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны куы куывта, уӕд ӕй йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер кардӕй амардтой ӕмӕ Арараты бӕстӕм алыгъдысты. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan