4 Паддзахӕдтӕ 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Израилы паддзах Осиайы, Елайы фырты, паддзахиуӕджы ӕртыккаг аз Иудейӕн паддзах сси иудейаг паддзах Ахазы фырт Езекиа. 2 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Захариайы чызг Ави. 3 Езекиа, йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. 4 Аивта кувӕн къуыбыртӕ, ныппырх кодта табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, стайын кодта, кӕддӕр Моисей кӕй скодта, уыцы ӕрхуы калм, уымӕн ӕмӕ йын уӕды онг израилӕгтӕ буд сыгътой. Ном дӕр ма йыл сӕвӕрдтой, Нехуштан, зӕгъгӕ. 5 Иудейаг паддзӕхтӕй Езекиайы размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр уый хуызӕн йӕ зӕрдӕ никуы ничи дардта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл. 6 Тынг Ӕй уарзта ӕмӕ Йыл йӕхи нӕ тигъ кодта. Ӕххӕст Ын кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ, кӕддӕр Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыдон. 7 Ӕмӕ Дунедарӕг дӕр аудыдта Езекиайыл, ӕмӕ уый йӕ алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Ассирийы паддзахӕн нал уисӕн кодта, нал ын кодта лӕггад. 8 Филистимӕгты дӕр ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Газӕйы онг. Гӕныстон сын фестын кодта сӕ бӕстӕ, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй райдай ӕмӕ фидар сахарты онг. 9 Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз кӕнӕ израилаг паддзах Осиайы, Елайы фырты, паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз Ассирийы паддзах Салманесер ӕрбабырста Самаримӕ, сахарыл ӕрхъула кодта 10 ӕмӕ йӕ бацахста ӕртӕ азы фӕстӕ, ома Езекиайы паддзахиуӕджы ӕхсӕзӕм аз кӕнӕ Израилы паддзах Осиайы хицауиуӕджы фарӕстӕм аз. 11 Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты. 12 Ацы бӕллӕхтӕ сыл уый тыххӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ. Семӕ цы фидыд сарӕзта, уый фехӕлдтой. Дунедарӕджы цагъар Моисей сын кӕддӕр цы ныффӕдзӕхста, уыдон не ’ххӕст кодтой. 13 Езекиайы паддзахиуӕджы цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб ӕрбабырста Иудейы фидар сахартӕм ӕмӕ сӕ бацахста. 14 Иудейаг паддзах Езекиа Ассирийы паддзахмӕ, Лахишы сахармӕ, арвыста минӕвӕрттӕ ахӕм уацимӕ: «Азымджын дӕн дӕ разы. Мемӕ мауал хӕц ӕмӕ, цы зӕгъай, уый дын бафиддзынӕн». Ӕмӕ Ассирийы паддзах Езекиайӕ бацагуырдта ӕвзисты ӕртӕсӕдӕ таланты ӕмӕ сыгъзӕрины дӕс ӕмӕ ссӕдз таланты. 15 Езекиа йын бафыста, Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты ӕвзистӕй цыдӕриддӕр уыди, уый. 16 Кувӕндоны кулдуар ӕд цӕджындзтӕ цы сыгъзӕринӕй астӕрд уыдысты, уый дӕр Езекиа рафтауын кодта ӕмӕ йӕ радта Ассирийы паддзахӕн. 17 Уӕддӕр Ассирийы паддзах Лахишӕй Езекиамӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста йӕ барджынты: йе ’фсады хицауы, йӕ галуаны уагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзагдары. Уыдон Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл уӕллаг цадӕй донвӕд кӕм рацӕуы, уыцы ран. 18 Паддзахмӕ фӕдзурын кодтой, фӕлӕ сӕм йӕ бӕсты рацыдысты йӕ галуаны уагдар Елиаким, Хилкиайы фырт, нымӕрдар Шевна ӕмӕ фидиуӕг Йоах, Асафы фырт. 19 Ассирийы паддзахы галуаны уагдар сын загъта: «Уӕ паддзах Езекиайӕн фехъусын кӕнут Ассирийы стыр паддзахы ныхӕстӕ: „Ахӕм ныфс дӕм кӕцӕй ис? 20 Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ мӕ тохвӕлтӕрд ӕмӕ хъомысджын ӕфсады ныхмӕ дӕ афтид ныхӕсты фӕрцы исты сарӕхсдзынӕ? Кӕмӕй дӕ ис ахӕм ныфс, ӕмӕ мӕ ныхмӕ фӕуай? 21 Дӕ зӕрдӕ Мысырыл дарыс, хъӕзы цъӕл зӕнгыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, ууыл. Ахӕм у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн. 22 Намӕ мын афтӕ куы зӕгъай, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй ныфсджын стӕм, уӕд Уый дӕр Чи у? Ды, Езекиа, Кӕй кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ аивтай, Уый? Иудей ӕмӕ Йерусалимы адӕмӕн цӕй тыххӕй бафӕдзӕхстай, ӕрмӕстдӕр Йерусалимы цы нывондхӕссӕн ис, ууыл хӕссут нывӕндтӕ, зӕгъгӕ?“ 23 Гъемӕ уӕдӕ ме ’лдаримӕ, Ассирийы паддзахимӕ, бафидау, ӕмӕ дын уый ратдзӕни дыууӕ мин бӕхы, кӕд сын барджытӕ ссардзынӕ, уӕд. 24 Уый зон, ӕмӕ ме ’лдары ӕфсады хицӕуттӕн сӕ лӕмӕгъдӕрыл дӕр нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, Мысыры бӕхӕфсад куы ӕрбакӕнай, уӕд дӕр. 25 Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы ӕвастӕй ӕрбабырстон уӕ зӕхмӕ, ныддӕрӕн ӕй кӕнынмӕ? Дунедарӕг мын загъта, цӕугӕ уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кӕн, зӕгъгӕ». 26 Хилкиайы фырт Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Мах зонӕм арамейӕгты ’взаг, ӕмӕ уыцы ’взагыл дзур Дӕ цагъартимӕ, дзуттаг ӕвзагыл нӕ, фӕлӕ, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой». 27 Паддзахы дзагдар загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ мӕ ме ’лдар ӕрмӕст де ’лдармӕ ӕмӕ дӕумӕ рарвыста? Уалӕ сисыл чи бады, уыцы адӕммӕ дӕр мӕ рарвыста, уымӕн ӕмӕ рӕхджы иумӕ хӕрдзыстут уӕ фаджыс ӕмӕ нуаздзыстут уӕ доныхуыпп». 28 Стӕй паддзахы дзагдар дзуттагау хъӕрӕй загъта: «Ӕрбайхъусут Ассирийы цытджын паддзахы ныхасмӕ! 29 Афтӕ зӕгъы паддзах: Езекиа уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд! Сымах фервӕзын кӕныны хъомыс ӕм нӕй. 30 Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма ӕвӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ. 31 Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй, 32 цалынмӕ уӕм ӕрбацӕуон ӕмӕ уӕ акӕнон уӕ зӕххы халдих зӕхмӕ, дзул ӕмӕ сӕн, дыргътӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ мыд кӕм ис, уыцы зӕхмӕ. Ӕмӕ уӕд сӕрӕгасӕй баззайдзыстут, нӕ амӕлдзыстут. Ма хъусут Езекиамӕ: Дунедарӕг уӕ фервӕзын кӕндзӕн, зӕгъгӕ уын кӕй зӕгъы, уымӕй уӕ сайгӕ кӕны. 33 Адӕмты хуыцӕуттӕй кӕд кӕмӕн бантыст йӕ адӕмы Ассирийы паддзахы азарӕй бахизын? 34 Кӕм сты Хамат ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ? Цы фесты Сефарваимы, Хен ӕмӕ Иввӕйы хуыцӕуттӕ? Самарийы мӕ къухӕй бахызтой, мыййаг? 35 Ацы бӕстӕты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕмӕн бантыст йӕ бӕстӕ мӕ фыдӕхӕй фервӕзын кӕнын? Уыдонау Дунедарӕг дӕр куыд хъуамӕ бахиза мӕ азарӕй Йерусалимы сахар?» 36 Адӕм ӕм иууылдӕр хъуыстой ӕдзӕмӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ. 37 Паддзах Езекиамӕ бызгъуыртӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны уагдар, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — фидиуӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы хистӕр дзагдары ныхӕстӕ рафӕзмыдтой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia