4 Паддзахӕдтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Иудейаг паддзах Ахазы паддзахиуӕджы дыууадӕсӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Елайы фырт Осиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста фараст азы. 2 Йӕ размӕ чи уыди, Израилы уыцы паддзӕхтау, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ кодта, фӕлӕ бынтон уыдоны хуызӕн нӕ. 3 Ассирийы паддзах Салманесер ӕд ӕфсад Израилмӕ куы ӕрбабырста, уӕд Осиа йӕ дӕлбар ныллӕууыд, йӕ хъалондар сси. 4 Иуахӕмы Салманесер бафиппайдта, Израилы паддзах йӕ ныхмӕ архайы, уый. Зӕгъӕм, Осиа йӕ минӕвӕртты ӕрвитын райдыдта Мысыры паддзах Со, зӕгъгӕ, уымӕ, Ассирийы паддзахӕн та ӕрвылазы хъалон нал фыста. Уӕд ӕй Салманесер ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта. 5 Уӕд Ассирийы паддзах бабырста ӕгас Израилы зӕхмӕ, ӕрхъула кодта Самарийы сахарыл ӕмӕ йӕ ӕртӕ азы фӕстӕ, 6 Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты. 7-8 Израилӕгтӕ сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, раз тӕригъӕды цӕуын байдыдтой. Кӕддӕр сӕ Уый ракодта Мысыры зӕххӕй, суӕгъд сӕ кодта фараоны ӕфсондзы бынӕй. Фӕлӕ адон фӕзмын райдыдтой, кӕддӕр сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕгъдӕуттӕ, стӕй Израилы паддзӕхты ӕнаккаг митӕ. 9 Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы нӕ уыд, уыдӕттӕ кодтой, се ’ппӕт сахарты, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй фидаргонд сахарты онг, кувӕн къуыбыртӕ арӕзтой сӕхицӕн. 10 Алы бӕрзонд къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕласы бын табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы номыл дурцӕджындзтӕ ӕвӕрдтой. 11 Буд сыгътой ӕппӕт кувӕн къуыбыртыл, Дунедарӕг сын сӕ цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты фӕзмгӕйӕ. Дунедарӕгӕн масты хос чи уыд, ахӕм ӕнаккаг митӕ кодтой. 12 Табу кодтой, Дунедарӕг сын тобӕ кӕй тыххӕй загъта, уыцы гуымирытӕн. 13 Уӕд Дунедарӕг израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ иудейӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсын райдыдта Йӕ алы пехуымпар ӕмӕ йӕ алы зонынджыны уылты: «Ныууадзут уе ’наккаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕн, ныр та сымахӕн дӕр Мӕ пехуымпарты фӕрцы кӕй бафӕдзӕхстон, уыдон». 14 Фӕлӕ адон сӕ фыдӕлтау систы хиваст. Нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, сӕ зӕрдӕ Йыл нӕ дардтой. 15 Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты. 16 Сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытыл ӕмӕ сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд дыууӕ уӕныджы, стӕй Ашерӕйы цӕджындз. Кувын райдыдтой арвы стъалытӕм ӕмӕ табу кодтой Баалӕн. 17 Арты нывондӕн хастой сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты, дӕсны фарстой ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодтой. Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттыл бафтыдысты, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодтой. 18 Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Сӕ зӕххыл ма цӕргӕйӕ ныууагъта ӕрмӕст Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы. 19 Фӕлӕ иудейӕгтӕ дӕр не ’ххӕст кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ. Сӕ хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой израилӕгты. 20 Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Израилы ӕппӕт байзӕддагыл дӕр. Ӕрӕлхъывта сӕ, ӕцӕгӕлон адӕмтӕн-иу сӕ бастигъын кодта. Ӕппынфӕстаг сӕ фӕсырдта Йӕ цурӕй. 21 Израилӕгтӕ Давиды хӕдзарвӕндагимӕ байуӕрстой ӕмӕ сӕхицӕн паддзахӕй равзӕрстой Наваты фырт Йоровамы. Уый сын се ’ргом аздӕхта Дунедарӕгӕй ӕмӕ сӕ баппӕрста стыр тӕригъӕды. 22 Ӕмӕ израилӕгтӕ фӕзмыдтой Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, фӕсте дзы нӕ задысты. 23 Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сӕ Дунедарӕг фӕсырдта Йӕ цурӕй, Йӕ лӕггадгӕнӕг пехуымпарты уылты рагацау куыд дзырдта, афтӕ. Израилы адӕм сӕ зӕххӕй хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ ныронг дӕр ма уым сты. 24 Ассирийы паддзах израилӕгты бӕсты Самаримӕ ӕрбакодта ӕндӕр адӕмты йӕ бӕстӕйы сахартӕй: Вавилонӕй, Кутайӕ, Аввайӕ, Хаматӕй ӕмӕ Сефарваимӕй. Уыдон бацахстой Самарийы зӕхх ӕмӕ йын йӕ сахарты ӕрцардысты. 25 Фӕлӕ уым се ’рцӕрыны райдиан Дунедарӕгӕй нӕ тарстысты, ӕмӕ сыл Уый домбӕйтты сардыдта, ӕмӕ сӕ уыдон мардтой. 26 Уый тыххӕй фӕхабар кодтой Ассирийы паддзахмӕ. Загътой йын: «Самарийы сахарты цы адӕмты ӕрцӕрын кодтай, уыдон, уыцы зӕххы Хуыцауӕн кад кӕнын куыд хъӕуы, уый нӕ зонынц, ӕмӕ сыл Уый домбӕйтты бафтыдта; уыдон сӕ цӕгъдынц, уымӕн уыцы бӕстӕйы Хуыцауы ӕгъдау нӕ зонынц». 27 Паддзах бафӕдзӕхста: «Уырдыгӕй Ассиримӕ хаст чи ӕрцыд, уыцы сауджынтӕй иуы фӕстӕмӕ ӕрбакӕнут. Уадз ӕмӕ уым цӕра ӕмӕ сӕ, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн кад кӕнын куыд хъӕуы, ууыл сахуыр кӕна». 28 Самарийӕ уацары кӕй акодтой, уыцы сауджынтӕй иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ Вефилы ӕрцарди. Адӕмӕн амыдта, Дунедарӕгӕн кад кӕнын куыд хъӕуы, уыдӕттӕ. 29 Фӕлӕ ма уыимӕ адӕмтӕ сӕхи хуыцаугӕндты дӕр сарӕзтой ӕмӕ сӕ, кӕм ӕрцардысты, уыцы сахарты сӕвӕрдтой — самариӕгтӕ къуыбыртыл кӕй сарӕзтой, уыцы куывддонты. 30 Вавилойнӕгтӕ сарӕзтой Суккот-Беноты, Куты цӕрджытӕ — Нергалы, хаматӕгтӕ — Ашимайы, 31 аввайӕгтӕ — Нивхаз ӕмӕ Тартакы. Сефарваимӕгтӕ сӕ мӕнгхуыцӕуттӕ Адрамелех ӕмӕ Анамелехӕн арты нывондӕн хастой сӕ фыртты. 32 Уыцы иу рӕстӕг кад кодтой Дунедарӕгӕн дӕр. Сӕхи ӕхсӕнӕй равзӕрстой сауджынты, ӕмӕ сын уыдон кувӕн къуыбыртыл — сӕ куывддонты — лӕггад кодтой. 33 Дунедарӕгӕн дӕр куывтой ӕмӕ сӕхи хуыцӕуттӕн дӕр лӕггад кодтой — сӕ фыдызӕххыл цы ’гъдау уыдис, уымӕ гӕсгӕ. 34 Ныронг дӕр Самарийы цӕрджытӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ рагон ӕгъдӕуттӕ. Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсынц. Нӕ Йын ӕххӕст кӕнынц Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Уый кӕддӕр Израил ном кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Йаковӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыдон. 35 Уыцы заман Дунедарӕг Йаковы байзӕддагимӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ сын загъта: «Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма табу кӕнут, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ сын ма хӕссут нывӕндтӕ. 36 Кад кӕнут Мӕнӕн, сымах Йе стыр хъомысы фӕрцы ӕмӕ Йӕ хъомысджын къухӕй Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕгӕн, — Уымӕн кувут ӕмӕ Йын хӕссут нывӕндтӕ. 37-38 Цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ, цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдон ӕххӕст кӕныныл уӕхи хъарут цӕрӕнбонты. Уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ма рох кӕнут. Ма табу кӕнут ӕндӕр хуыцӕуттӕн. 39 Кад кӕнут ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ Уый алы фыдгулы къухӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн». 40 Фӕлӕ Йӕм уыдон нӕ байхъуыстой, дарддӕр дӕр хӕццӕ кодтой сӕ рагон ӕгъдӕуттӕ. 41 Дунедарӕгӕн кад кодтой, фӕлӕ сӕхи гуымирытӕн дӕр кодтой лӕггад. Суанг сӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕ дӕр ныронг дӕр фӕзмынц сӕ фыдӕлты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia