4 Паддзахӕдтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Амациайы фырт Азариа Иудейы паддзах сси Израилы паддзах Йеровоамы паддзахиуӕджы дыууын ӕвдӕм аз. 2 Паддзах сси ӕхсӕрдӕсаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы сахары паддзахиуӕг фӕкодта дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ мад уыд йерусалимаг чызг, йӕ ном — Йехоли. 3 Азариа дӕр, йӕ фыд Амациайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. 4 Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм йӕ заманы дӕр кодтой кусӕрттӕ ӕмӕ сыгътой буд уыцы къуыппытыл. 5 Уый тыххӕй Дунедарӕг Азариайыл хъотырниз бафтыдта, ӕмӕ йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр уыцы низӕй не сдзӕбӕх. Царди хибарӕй, хицӕн хӕдзары. Йӕ фырт Йотам паддзахы галуаны уыди уагдар, бӕстӕйы адӕмӕн та — тӕрхонгӕнӕг. 6 Азариайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 7 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йотам. 8 Иудейаг паддзах Азариайы паддзахиуӕджы ӕртын ӕстӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Йеровоамы фырт Захариа. Йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕхсӕз мӕйы, 9 ӕмӕ йӕ фыдӕлтау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади. Уый хуызӕн тӕригъӕдты амӕттаг кодта Израилы адӕмы. 10 Иавешы фырт Шаллум сусӕгвӕнд скодта йӕ ныхмӕ, адӕмы раз ӕй амардта ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси. 11 Захариайы иннӕ хъуыддӕгтӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 12 Афтӕ сӕххӕст ис Дунедарӕджы ныхас, кӕддӕр Йегуйӕн кӕй загъта, уый: «Дӕ фырттӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахы бадӕны». 13 Иавешы фырт Шаллум паддзах сси иудейаг паддзах Озиайы паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг Самарийы сахары ӕдӕппӕтӕй ахаста иу мӕй. 14 Самаримӕ Тирцайы сахарӕй ӕрбацыди Гадийы фырт Менахем, амардта Иавешы фырт Шаллумы ӕмӕ йын йӕ бынат бацахста. 15 Шаллумы иннӕ хабӕрттӕ, уыимӕ, цы сусӕгвӕнд скодта, уый дӕр, фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 16 Тифсахы сахар Менахемӕн йӕ кулдуар кӕй нӕ байгом кодта, уый тыххӕй йын уый бакодта тынг ӕгъатыр ми. Тирцайы сахарӕй йӕм йе ’фсад ӕрбакодта ӕмӕ йын ныццагъта йӕ адӕмы, стӕй йӕ алфамбылайы цӕрджыты дӕр. Суанг сывӕрджын устытыл дӕр нӕ бацауӕрста, сӕ гуыбынтӕ сын акъӕртт кодта. 17 Гадийы фырт Менахем Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Азариайы паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз, Самарийы сахары. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дӕс азы. 18 Менахем, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, цӕргӕ-цӕрӕнбонты фӕсте нӕ зади Наваты фырт Йоровамӕй. Уый хуызӕн тӕригъӕдты амӕттаг кодта Израилы адӕмы. 19 Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ. 20 Уыцы ӕвзист ын Менахем ӕрӕмбырд кодта Израилы хъӕздгуытӕй, алкӕмӕй дӕр — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелы. Ӕмӕ уӕд Ассирийы паддзах фӕстӕмӕ аздӕхти йӕ бӕстӕмӕ. 21 Менахемы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 22 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Пекахиа. 23 Иудейы паддзах Азариайы паддзахиуӕджы фӕндзайӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Менахемы фырт Пекахиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы, 24 ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕсте нӕ зади Наваты фырт Йоровамӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕдты чи бафтыдта, уымӕй. 25 Йӕ фӕсдзӕуин, Ремалийы фырт Феках, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ Самарийы сахары, паддзахы галуаны, амардта. Йемӕ уыдысты Аргов ӕмӕ Арйе, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз галаададжы. Феках амардта Пекахиайы ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси. 26 Пекахиайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 27 Иудейы паддзах Азариайы паддзахиуӕджы фӕндзай дыккӕгӕм аз Самарийы сахары Израилӕн паддзах сси Ремалийы фырт Феках. Йӕ паддзахиуӕг ахаста ссӕдз азы. 28 Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттыл бафтыд, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади. Уый хуызӕн Израилы адӕмы тӕригъӕдты амӕттаг кодта. 29 Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ. 30 Елайы фырт Осиа сусӕгвӕнд скодта Ремалийы фырт Фекахы ныхмӕ ӕмӕ йӕ амардта. Иудейаг паддзах Йотамы, Озиайы фырты, паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз йӕ бӕсты сси Израилы паддзах. 31 Фекахы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 32 Израилы паддзах Фекахы, Ремалийы фырты, паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз Иудейӕн паддзах сси Озиайы фырт Йотам. 33 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы. Йӕ мад Йеруша уыди Цадокы чызг. 34 Йотам, Йӕ фыд Озиайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. 35 Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм йӕ заманы дӕр кодтой кусӕрттӕ ӕмӕ сыгътой буд уыцы къуыппытыл. Дунедарӕджы Кувӕндоны цӕгатварс Йотам ног кулдуар сарӕзта. 36 Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 37 Йӕ заманы Дунедарӕг Иудейы ныхмӕ самидин кодта Сирийы паддзах Рецины ӕмӕ Ремалийы фырт Фекахы. 38 Йотам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia