4 Паддзахӕдтӕ 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Израилаг паддзах, Йоахазы фырт Йоаш, дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Иудейы паддзах сси Иоасы фырт Амациа. 2 Паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыд йерусалимаг чызг, йӕ ном — Йехоадан. 3 Амациа йӕ фыд Иоасау Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта. Ӕцӕг, уымӕй йӕ фыдӕл Давиды не ’ййӕфта. 4 Зӕгъӕм, кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм йӕ заманы дӕр кусӕрттӕ кодтой ӕмӕ буд сыгътой уыцы къуыппытыл. 5 Амациайӕн йӕ паддзахдзинад куы ӕрфидар ис, уӕд амардта йӕ лӕггадгӕнджыты, йӕ фыды марджыты. 6 Ӕрмӕст сын сӕ фыртты нӕ амардта, уымӕн ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы Дунедарӕг зӕгъы: «Йӕ фырты азымы тыххӕй фыдӕн марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй та — фыртӕн: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла». 7 Амациа Цӕхджын дӕлвӕзы дӕс мин едомаджы ныццагъта. Уый фӕстӕ схӕцыд Селайы сахары ныхмӕ ӕмӕ йӕ бацахста. Радта йын ног ном — Йоктеел. Ныронг дӕр ӕй афтӕ хонынц. 8 Уыцы заман Амациа минӕвӕрттӕ арвыста паддзах Йоашмӕ, Йоахазы фыртмӕ, Йегуйы фырты фыртмӕ, мӕ размӕ рацу ӕмӕ нӕ хъарутӕ лӕгӕй-лӕгмӕ бавзарӕм, зӕгъгӕ. 9 Йоаш дӕр ӕй ӕнӕ дзуаппӕй куыд ныууагътаид ӕмӕ йӕм ахӕм дзуапп арвыста: «Ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн загъта, дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ууылты тугдзых сырдтӕ фӕцӕйцыдысты ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын ныссӕстой. 10 Ды едомӕгты ныддӕрӕн кодтай ӕмӕ дӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссыс. Сӕрбӕрзондӕй цу уӕдӕ, ӕрмӕст ӕнцад дӕ хӕдзары бад! Хылкъахӕн фыдбылызмӕ сайы, ӕмӕ дӕхиуыл куынӕ фӕхӕцай, уӕд бӕллӕхы бахаудзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ демӕ — Иудейы бӕстӕ дӕр». 11 Амациа йын йӕ ныхас ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Йоаш ӕд ӕфсад рараст, ӕмӕ Амациайы ӕфсадимӕ хӕрхӕмбӕлд фесты Бет-Шемешы сахары цур, Иудейы зӕххыл. 12 Израилӕгтӕ иудейӕгты ныддӕрӕн кодтой, ӕмӕ ма сӕ чи аирвӕзт, уыдон сӕ цатыртӕм фӕлыгъдысты. 13 Бет-Шемешы сахары цур Израилы паддзах Йоаш уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Ахазиайы фырты фырты, бабырста Йерусалиммӕ ӕмӕ йын фехӕлдта йӕ быру — Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг, цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн. 14 Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ алы мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр ссардта, уыдон иууылдӕр рассывта, иу къорд лӕджы амынӕты дӕр райста ӕмӕ афтӕмӕй аздӕхти Самаримӕ. 15 Йоашы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ, иудейаг паддзах Амациаимӕ куыд хӕцыди, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 16 Йоаш куы амарди, уӕд ын йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы, Самарийы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йеровоам. 17 Йоахазы фырт Йоашы, Израилы паддзахы амӕлӕты фӕстӕ ма иудейаг паддзах, Иоасы фырт Амациа, фӕцарди фынддӕс азы. 18 Амациайы иннӕ хъуыддӕгтӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 19 Йерусалимы Амациайы ныхмӕ скодтой сусӕгвӕнд. Уый Лахишмӕ алыгъд, фӕлӕ йын йӕ фӕдыл марджытӕ арвыстой, ӕмӕ йӕ уыдон уым амардтой. 20 Уӕд ын йӕ мард бӕхуӕрдоны фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ уым, Давиды сахары, йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой. 21 Йӕ бӕсты йын иудейаг адӕм спаддзах кодтой йе ’хсӕрдӕсаздзыд фырт Азариайы. 22 Йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ Азариа фӕстӕмӕ байста Елаты сахар ӕмӕ йӕ ногӕй рацарӕзта. 23 Йоашы фырт Йеровоам Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Амациайы, Иоасы фырты, паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз. Самарийы сахары паддзахиуӕг фӕкодта иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. 24 Йеровоам, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, Наваты фырт Йоровамӕй фӕсте нӕ зади, уый хуызӕн Израилы адӕмы тӕригъӕдты амӕттаг кодта. 25 Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый. 26 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилы адӕмӕн федта сӕ тыхст уавӕр, сӕрысӕфтмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ сыл иу фӕхӕцӕг кӕй нал ис, уый. 27 Ӕмӕ Дунедарӕджы нӕ бафӕндыд Израилы ном арвы бынӕй бынтондӕр сыскъуынын, ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта Йоашы фырт Йеровоамы фӕрцы. 28 Йеровоамӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ, уыимӕ, кӕддӕр Иудеймӕ чи хауди, уыцы Дамаск ӕмӕ Хаматы сахартӕ фӕстӕмӕ Израилӕн куыд байста, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 29 Йеровоам куы амарди, уӕд ын йӕ мард бавӕрдтой Израилы паддзӕхты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Захариа. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia