4 Паддзахӕдтӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Израилы паддзах Йегуйы паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз паддзах сси Иоас ӕмӕ Йерусалимы сахары паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. Йӕ мад Цивйа уыди беер-шевӕйаг чызг. 2 Иоас цӕргӕ-цӕрӕнбонты Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, сауджын Йехода йын куыд амыдта, афтӕ. 3 Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, адӕм йӕ заманы дӕр кусӕрттӕ кодтой ӕмӕ буд сыгътой уыцы къуыппытыл. 4 Иоас сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг-иу, йӕ рӕдау къух куыд амона, афтӕ йе ’взисты хъалон, фиддон кӕнӕ хуын куы ӕрбахӕсса, 5 уӕд-иу алы сауджын дӕр, чи йӕм ӕрбацӕуа, уымӕн йе ’взист райсӕд ӕмӕ йӕ цӕст дарӕд, цӕмӕй иууылдӕр хардзгонд цӕуа Кувӕндоны хӕлддзӕгтӕ цалцӕг кӕныныл». 6 Ӕцӕг, Иоасы паддзахиуӕгыл дыууын ӕртӕ азы куы рацыд, уӕд дӕр сауджынтӕ нӕма бавнӕлдтой уыцы бӕрнон куыстмӕ. 7 Ӕмӕ уӕд паддзах Иоас фӕдзырдта Йехода ӕмӕ иннӕ сауджынтӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Кувӕндон цӕуылнӕ сцалцӕг кӕнут ныронг? Уӕдӕ афтӕ! Ӕххуыс уын чи кӕны, уыдонӕй ӕхца мауал исут, фӕлӕ сӕ раттут Кувӕндон цалцӕгӕн кӕнынӕн». 8 Сауджынтӕ дзырд радтой, адӕмӕй ӕхца кӕй нал исдзысты ӕмӕ Кувӕндон цалцӕг кӕныны хъуыддагӕй сӕхи кӕй аиуварс кӕндзысты. 9 Сауджын Йехода райста асыкк, йӕ сӕрыл ын хуынкъ скодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны рахизфарс ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цӕуӕг адӕм цы ӕхца ӕрбахастой, уыдон-иу кулдуар хъахъхъӕнӕг сауджынтӕ уыцы асыччы ныппӕрстой. 10 Асыкк байдзаг ис, уый-иу куы федтой, уӕд-иу паддзахы нымӕрдар ӕмӕ алчер ӕрбацыдысты, ӕвзист-иу дзӕкъулты бабастой ӕмӕ-иу сын сӕ уӕз сбарстой. 11 Уый фӕстӕ-иу уыцы ӕвзист радтой, Дунедарӕджы Кувӕндон цалцӕг кӕнын кӕй бӕрны уыдис, уыцы лӕгтӕм, ӕмӕ дзы уыдон мызд фыстой хъӕддӕснытӕ, аразджытӕ, 12 сисамайджытӕ ӕмӕ дурлӕгъзгӕнджытӕн. Кувӕндоны хӕлддзӕгтӕ банывыл кӕнынӕн ӕмӕ йӕ иннӕ хъуӕгтӕн афоныл ӕлхӕдтой хъӕдӕрмӕг ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕ. 13 Ӕрмӕст Кувӕндонӕн конд не ’рцыди ӕвзист тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, къустӕ, сыкъауадындзтӕ, стӕй алы ӕндӕр сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ. 14 Ӕвзист иууылдӕр лӕвӕрд цыди, Кувӕндон цалцӕг кӕныны куыст кӕй бӕрны уыди, уыдонӕн. 15 Бӕрны лӕгтӕй дзуапп нӕ домдтой, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕууӕнкджын адӕм уыдысты. 16 Ӕрмӕст-иу фиддоны нывонд ӕмӕ тӕригъӕды нывонды тыххӕй цы ’взист ӕрбахастой, уый Кувӕндонӕн лӕвӕрд нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ уый уыди сауджынты хай. 17 Уыцы заман Арамы паддзах Хазаел Гаты сахары ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ бацахста. Уый фӕстӕ та сфӕнд кодта Йерусалиммӕ бабырсын. 18 Фӕлӕ Иудейы паддзах Иоас райста, йӕ фыдӕлтӕ, Иудейы паддзӕхтӕ — Иосафат, Иорам ӕмӕ Ахазиа — Кувӕндоны къӕбицмӕ цы уаз дзауматӕ бахастой, стӕй Кувӕндоны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон, ӕмӕ сӕ Арамы паддзах Хазаелӕн арвыста. Ӕмӕ уӕд уый Йерусалиммӕ нал бабырста. 19 Иоасы иннӕ хабӕрттӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 20 Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы. 21 Йӕ дӕлдӕртӕ, чи йӕ амардта, уыдон уыдысты: Шиматы фырт Йозавад ӕмӕ Шомеры фырт Йехозавад. Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia