4 Паддзахӕдтӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПехуымпар Илийа ӕмӕ Израилы паддзах Ахазиа 1 Ахавы амӕлӕты фӕстӕ моавӕгтӕ Израилы ныхмӕ сыстадысты. 2 Ахазиа иуахӕмы, Самарийы йын цы галуан уыди, уымӕн йӕ уӕлхӕдзары гӕрӕны сӕрты рахауд ӕмӕ фӕрынчын ис. Филистимаг сахар Екронмӕ йӕ минӕвӕртты арвыста ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Бафӕрсут Екроны хуыцау Баал-Зевувы, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн ӕви нӕ». 3 Дунедарӕджы зӕд тишбийаг Илийайӕн загъта, цӕмӕй самариаг паддзахы минӕвӕрттӕн сӕ размӕ ацӕуа ӕмӕ сын зӕгъа: «Израилы зӕххыл Хуыцау нӕй, ӕви? Цӕмӕн цӕут Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ? 4 Уый тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы уӕ паддзахӕн: ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ». Илийа бакодта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, 5 ӕмӕ Ахазиайы минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты. Уый сӕ бафарста: «Фӕстӕмӕ цӕй тагъд ӕрбаздӕхтыстут?» 6 Дзуапп ын радтой: «Нӕ размӕ рацыдис иу лӕг ӕмӕ нын загъта: „Цӕут ӕмӕ уӕ рарвитӕг паддзахӕн фехъусын кӕнут, Дунедарӕг ын цы зӕгъы уый: Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, ӕви? Дӕ минӕвӕртты цӕмӕн рарвыстай Екроны хуыцау Баал-Зевувы фӕрсынмӕ? Уый тыххӕй ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“». 7 Паддзах сӕ бафарста: «Уыцы ныхӕстӕ зӕгъынмӕ уӕ размӕ чи рацыд, уыцы лӕг ӕддаг бакастӕй цыхуызӕн уыд?» 8 Дзуапп ын радтой: «Йӕ уӕлӕ уыди сӕгъы хъуынӕй пӕлӕз, йӕ астӕуыл — цӕрмын рон». — «Уый тишбийаг Илийа у», — загъта паддзах 9 ӕмӕ йӕм арвыста фӕндзайыхицау йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Ныр Илийа та хохы сӕрыл бадти. Фӕндзайыхицау ӕм куы схӕццӕ ис, уӕд ын загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй дӕлӕмӕ рацӕуай!» 10 Илийа йын дзуапп радта: «Кӕд ӕз Хуыцауы минӕвар дӕн, уӕд арвӕй арт рацӕуӕд ӕмӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай хӕстоны дӕр бавзалы кӕнӕд!» Ӕмӕ арвӕй арт рацыди ӕмӕ йын бавзалы кодта йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕндзай хӕстоны дӕр. 11 Паддзах ӕм арвыста ӕндӕр фӕндзайыхицауы йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Ӕмӕ та уый дӕр Илийайӕн загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй рӕвдз дӕлӕмӕ ӕрцӕуай!» 12 Илийа йын дзуапп радта: «Кӕд ӕз Хуыцауы минӕвар дӕн, уӕд арвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай хӕстоны дӕр бавзалы кӕнӕд!» Уыйадыл арвӕй арт ӕрцыди ӕмӕ бавзалы кодта фӕндзайыхицауы дӕр ӕмӕ йӕ фӕндзай хӕстоны дӕр. 13 Паддзах арвыста ӕртыккаг фӕндзайыхицауы йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Уый Илийамӕ куы схӕццӕ ис, уӕд йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта: «Хуыцауы минӕвар! Дӕ хорзӕхӕй, мӕн дӕр ӕмӕ дӕ цагъарты, мӕнӕ ацы фӕндзай хӕстоны дӕр, ма бабын кӕн. 14 Арвӕй ӕрцыди арт ӕмӕ дыууӕ фӕндзайыхицауы ӕд хӕстонтӕ бавзалы кодта. Ӕз де уазӕг, ма мӕ бабын кӕн!» 15 Ӕмӕ Дунедарӕджы зӕд Илийайӕн загъта: «Ацу йемӕ, ма дзы тӕрс!» Илийа сыстад ӕмӕ фӕндзайыхицауимӕ паддзахмӕ ацыди. 16 Загъта йын: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Цыма Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, уыйау дӕ минӕвӕртты Екроны хуыцау Баал-Зевувы бафӕрсынмӕ кӕй арвыстай, уый тыххӕй дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“». 17 Ӕмӕ Ахазиа амарди; Дунедарӕджы ныхас сӕххӕст, Илийа куыд загъта, афтӕ. Фырт ын нӕ баззад, ӕмӕ йӕ амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси йе ’фсымӕр Йорам. (Уый уыдис, Иосафаты фырт Иорам Иудейы дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.) 18 Ахазиайы иннӕ хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia