Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцауы дзуапп Соломонӕн

1 Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан ӕмӕ, ноджыдӕр ма цы бӕстыхӕйттӕ саразинаг уыд, уыдон конд куы фесты,

2 уӕд ӕм Дунедарӕг дыккаг хатт ӕргом рацыд, кӕддӕр ӕм Гивоны куыд раргом ис, афтӕ

3 ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.

4 Дӕ фыд Давидау Мын иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй куы лӕггад кӕнай, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,

5 уӕд дын дӕ паддзахдзинад сфидар кӕндзынӕн, дӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр паддзахиуӕг кӕндзысты Израилы.

6 Фӕлӕ Мыл, мыййаг, дӕ фырттимӕ уӕхи бынты-быны тигъ куы акӕнат ӕмӕ уын, цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон куы не ’ххӕст кӕнат, фӕлӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын куы райдайат,

7 уӕд Израилы адӕмы рамӕрздзынӕн, цы зӕхх сын радтон, уымӕй, Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр, ӕмӕ Израилы адӕмыл худдзысты ӕмӕ сын фидис кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.

8 Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ.

9 Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты, сӕ фыдӕлты сын Мысырӕй чи ракодта, уыцы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл кӕй фӕцайдагъ сты ӕмӕ сын лӕггад кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сыл ныххуырста Дунедарӕг ацы бӕллӕх».


Паддзах Соломоны хъуыддӕгтӕ

10 Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуан саразыныл бахардз кодта ссӕдз азы.

11 Уыцы хъуыддӕгты йӕ, цасдӕриддӕр ӕй хъуыдис, уый бӕрц кедр ӕмӕ кипарис хъӕдӕрмӕгӕй, стӕй сыгъзӕринӕй ифтонг кодта Тиры паддзах Хирам. Арӕзтадон куыстытӕ куы фесты, уӕд Соломон Хирамӕн радта ссӕдз галилейаг сахары.

12 Хирам сӕм Тирӕй йӕхӕдӕг ӕрбацыди фенынмӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты.

13 Загъта: «Ай мын, ме ’фсымӕр, цавӕр сахартӕ бахай кодтай?» Ӕмӕ, сахартӕ цы зӕххыл уыдысты, уый схуыдта Кавул.

14 Фӕлӕ уӕддӕр уыцы сахарты тыххӕй Соломонӕн Тирӕй ӕрбарвыста цъындыйы аргъ — сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты.

15 Ӕппӕт бӕстыхӕйттӕ саразыны тыххӕй Соломон сфидар кодта бегарайы хӕс, цӕмӕй сараза Дунедарӕджы Кувӕндон, йӕ галуан, ногӕй рацараза Миллойы зылд, Йерусалимы сахары дурамад быру, стӕй сахартӕ Хацор, Мегиддо ӕмӕ Гезер.

16 Мысыры паддзах фараон уымӕй размӕ Гезеры сахармӕ ӕрбабырста ӕмӕ йӕ арты амӕттаг бакодта. Йӕ цӕрджыты йын, ханаанӕгты, ныццагъта ӕмӕ фӕстӕдӕр сахар чындзы дзаумайӕн балӕвар кодта йӕ чызгӕн, Соломоны усӕн.

17 Ӕмӕ ныр Соломон ногӕй рацарӕзта Гезеры сахар. Ноджы ма рацарӕзта сахартӕ дӕллаг Бет-Хорон

18 ӕмӕ Баалат, стӕй Тамары сахар ӕдзӕрӕг бӕсты (Иудейы зӕххыл).

19 Уымӕй уӕлдай ма Соломон сарӕзта ӕфтауцуат сахартӕ: иуты дзы дардта хӕлц, иннӕты — тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхджын ӕфсӕдтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, куыддӕриддӕр сфӕнд кодта, афтӕ.

20-21 Израилы зӕххыл раздӕр цы ӕндӕр адӕмтӕ царди — аморӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ — уыдоны мыггаг бынтон сыскъуынын израилӕгтӕн нӕ бантыст. Ӕмӕ сын ныр Соломон сӕ фӕстагӕтты бафтыдта тыхбегарайы алы куыстытыл, ӕмӕ сӕ кӕнынц ныронг дӕр.

22 Уыцы хъуыддаджы Израилы адӕмы нӕ тыхсын кодта. Уый нӕ, фӕлӕ сӕ йӕхицӕн скодта хӕстонтӕ, фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ, ӕвӕрдта сӕ йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынты сӕргъы.

23 Соломонӕн йӕ кусӕг адӕмы сӕргъы лӕууыди фондзсӕдӕ фӕндзай цӕстдарӕджы. Уыдонӕн сӕ бӕрны уыдысты ӕппӕт арӕзтадон куыстытӕ.

24 Фараоны чызг Давиды сахарӕй, Соломон ын цы галуан сарӕзта, уырдӕм куы ӕрбалыгъд, уый фӕстӕ паддзах райдыдта Миллойы зылды бӕстыхӕйттӕ аразын.

25 Соломон Дунедарӕгӕн цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл афӕдз ӕртӕ хатты хаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, ноджы ма йыл сыгъта буд. Афтӕмӕй Кувӕндон арӕзт фӕци.

26 Сырх денджызы былгӕрон Ецион-Геверы, Елотмӕ хӕстӕг, Едомы зӕххыл, Соломон арӕзта наутӕ.

27 Хирам ын уырдӕм, денджызон хъуыддӕгты баххуысы охыл, Соломоны адӕмимӕ фӕлтӕрдджын наудзогты арвыста.

28 Ӕмӕ Соломоны адӕмимӕ наутыл Ецион-Геверӕй араст сты Офирмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрбаластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты бӕрц сыгъзӕрин.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan