3 Паддзахӕдтӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСоломон аразы паддзахы галуан 1 Йӕхи галуан та Соломон арӕзта ӕртындӕс азы — ӕппӕт куыстытӕ фӕуынӕн уый бӕрц рӕстӕг бахъуыди. 2 Соломон сарӕзта ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуан. Йӕ дӕргъ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ цары хъайвантӕ, кедры хъӕдӕй, ӕнцадысты кедры хъӕдӕй конд цӕджындзты цыппар рӕнхъыл. 3 Галуанӕн йӕ уӕлхӕдзары аххӕрджытӕ (уыдон дӕр кедрӕй конд) ӕвӕрд уыдысты фондз ӕмӕ дыууиссӕдз цӕджындзы ӕртӕ рӕнхъыл. Алы рӕнхъы дӕр уыди фынддӕс цӕджындзы. 4 Мидагъуыст кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд уыдысты рудзгуыты фӕлгӕттӕ, ӕртыгай рӕнхъытӕй. 5 Ӕппӕт дуӕрттӕн дӕр уыди цыппаркъӕпхӕнон тарвӕзтӕ, иу тарваз — иннӕйы мидӕг, рудзгуытӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд уыдысты ӕртыгай рӕнхъытӕй. 6 Соломон йӕ галуанӕн скодта Цӕджындзты Агъуыст дӕр, йӕ дӕргъ — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ разӕй — тыргъ. 7 Скодта ма йын паддзахы бадӕны агъуыст дӕр — тӕрхондон. Йӕ астӕрдӕй йӕ цары онг ыл бахуыдта кедры фӕйнӕджытӕ. 8 Цӕргӕ цы хӕдзары кодта, уый уыди йӕ тӕрхондоны фӕсте, ӕндӕр кӕрты, ӕмӕ уый дӕр конд ӕрцыд йӕ тӕрхондоны хуызӕн. Соломон йӕ усӕн, фараоны чызгӕн, цы хӕдзар сарӕзта, уый дӕр афтӕ. 9 Галуаны бӕстыхӕйтты систӕ иууылдӕр, бындурӕй уӕллаг тигъы онг, амад уыдысты зынаргъ ӕмӕ бӕрӕг ас дуртӕй. Сӕ мидӕггаг ӕмӕ се ’ддаг фӕрстӕ лыггонд уыдысты дурфадӕн хырхытӕй. 10 Йӕ бындуры — егъау ӕмӕ зынаргъ дуртӕ, иутӕн дзы сӕ дӕргъ уыди дӕс ӕлмӕрины, иннӕтӕн та — аст ӕлмӕрины. 11 Бындурыл цы систӕ амад уыди, уыдонӕн дӕр сӕ дуртӕ уыдысты бӕрӕг асыл карст, систыл сӕрӕй — кедрӕй конд аххӕрджытӕ. 12 Галуаны бӕстыхӕйттӕн сӕ алыварс цы стыр кӕрт уыд, уый быру амад уыди афтӕ: ӕртӕ рӕнхъы — карст дуртӕ, стӕй уыдоныл иу рӕнхъ — кедр бӕласы хъӕдтӕ. Уый халдих амад уыдысты Дунедарӕджы Кувӕндоны мидӕггаг кӕрты быру ӕмӕ тыргъы систӕ дӕр. Соломон ӕххуырсы ӕрхуыгуырд Хурамы 13-14 Паддзах Соломон Тиры сахарӕй ӕрбахуыдта Хурамы. Уый уыди Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй иу идӕдз усы фырт. Фӕлӕ йӕ фыд Тиры сахайраг уыд, ӕрхуыдӕсны. Хурам йӕхӕдӕг уыди зондджын ӕмӕ гӕрзарм ӕрхуыдӕсны. Паддзах Соломонмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йын цыдӕриддӕр бабар кодтой, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта. 15 Хирам джиппы рауагъта дыууӕ ӕрхуы цӕджындзы, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ ӕстдӕс ӕлмӕрины, сӕ зиллаччы дӕргъ — фӕйнӕ дыууадӕс ӕлмӕрины. 16 Цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл ӕрӕвӕрыны тыххӕй ӕрхуыйӕ джиппы рауагъта ӕфтуантӕ, иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. 17 Ӕфтуанты зиллаччытыл уыди каубыд хызӕгтӕ ӕмӕ рӕхысгӕндты нывӕфтыдтӕ, сӕ иуыл дӕр — авд, иннӕуыл дӕр — авд. 18 Алы ӕфтуанӕн дӕр йӕ хызӕгтыл дыууӕ рӕнхъӕй фидаргонд уыдысты гранаты дыргъты нывӕфтыдтӕ. 19 Тыргъы цӕджындзтӕн та се ’фтуантӕ уыдысты хъоппӕг дидинӕджы ӕнгӕс, сӕ бӕрзӕнд — фӕйнӕ цыппар ӕлмӕрины. 20 Уыдон хызӕгджын ӕфтуанты бынтӕй уӕлдӕр уыдысты. Сӕ алкӕй алыварс дӕр ӕрзылдысты гранат фӕткъуыйы дыууӕсӕдӕ нывӕфтыды рӕнхъытӕ. 21 Хурам дыууӕ цӕджындзы ныссагъта Кувӕндонмӕ бацӕуӕны цур, ӕмӕ рахиз цӕджындз схуыдта Йахин, галиу цӕджындз та — Боаз. 22 Дыууӕ цӕджындзӕн дӕр се ’фтуантӕ уыдысты хъоппӕг дидинӕджы ӕнгӕс. Уыцы куыстытӕ куы фӕци, уӕд ма 23 Хурам джиппы рауагъта егъау ӕрхуы аг дӕр — ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. 24 Йӕ зиллаккыл уыди хъуымбылӕггонд фӕлындӕнты дыууӕ рӕнхъы, агимӕ иу джиппы уагъд. Алы ӕлмӕрины дӕр дзы уыди дӕсы бӕрц. 25 Аг лӕууыди дыууадӕс галыл: ӕртӕ дзы касти цӕгатӕрдӕм, ӕртӕ — ныгуылӕнӕрдӕм, ӕртӕ — хуссарӕрдӕм, ӕртӕ — скӕсӕнӕрдӕм. Галтӕн сӕ чъылдымтӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ, аджы бынмӕ, здӕхт. 26 Агӕн йӕ былтӕ — нуазӕны былты хуызӕн, хъоппӕг куы райхӕлы, раст уый ӕнгӕс. Йӕ фӕрсты бӕзн — армытъӕпӕны йас. Дон дзы цыди дыууӕ мин баты. Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ 27 Хурам ма ӕрхуыйӕ скодта цӕлхытыл цӕугӕ дӕс суанцъыйы, цыппӕрдигъӕттӕ. Сӕ ас дӕргъмӕ ӕмӕ уӕрхмӕ — цыппар ӕлмӕрины, сӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ. 28 Суанцъыты фӕрстыл фӕлгӕтты мидӕг фидаргонд уыдысты уадздзӕгтӕ. 29 Уыдоныл уыди домбӕйттӕ, галтӕ ӕмӕ херувимты нывӕфтыдтӕ. Фӕлгӕтты кӕрӕттыл та сӕрӕй дӕр ӕмӕ бынӕй дӕр — дидинджыты чъинаты пӕлӕхсар нывӕфтыдтӕ. 30 Алы суанцъыйӕн дӕр уыди цыппар цалхы, ӕрхуы сӕмӕнтимӕ. Йӕ цыппар фисыныл — агуромӕнтӕ, дидинджыты чъинатимӕ уыдысты иу джиппы уагъд. 31 Суанцъыйӕн йӕ хъуыр хӕрдмӕ уыди ӕлмӕрины йас, йӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕджы йас, уыди тымбыл, бынӕй йӕхи фӕрстӕ та — цыппӕрдигъон. 32 Фӕрсты бынмӕ уыди цыппар цалхы, сӕ сӕмӕнтӕ — суанцъыйыл фидаргонд. Цӕлхытӕн сӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 33 Уыдысты тохуӕрдӕтты цӕлхыты халдих — джиппыуагъд: сӕмӕнӕй, чъилӕй, дӕндагӕй, мӕскъӕй. 34 Алы суанцъыйӕн дӕр йӕ цыппар фисыны агуромӕнтӕ суанцъыимӕ уыдысты иу джиппы уагъд. 35 Суанцъытӕн сӕ алкӕцыйы хъуыры зиллаккыл дӕр сӕрӕй уыд ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн уадздзаг фидаргонд, йӕ уромӕнтимӕ иу джиппы уагъд. 36 Уыцы уромӕнтӕ ӕмӕ фӕрсты уадздзӕгтыл Хурам скодта херувимтӕ, домбӕйттӕ ӕмӕ пальмӕты нывӕфтыдтӕ, сӕ алыварс та — дидинджыты чъинатӕ. 37 Ацы дӕс суанцъыйы иууылдӕр уыдысты кӕрӕдзийы халдих: иу джиппы уагъд, ӕмас, ӕмӕнгӕс. 38 Ацы суанцъытӕн ма Хурам ноджыдӕр скодта дӕс ӕрхуы цӕхгӕры, алы цӕхгӕрӕн дӕр йӕ фӕтӕн уыди цыппар ӕлмӕрины, дон дзы цыди дыууиссӕдз баты. 39 Суанцъытӕй фондз сӕ цӕхгӕртимӕ лӕууыдысты Кувӕндоны рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Ӕрхуы денджыз та лӕууыди рахизфарсӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур. 40 Ноджы ма Хурам скодта тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ ӕмӕ куыситӕ. Афтӕмӕй, Хурам паддзах Соломоны фӕдзӕхстӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ иууылдӕр фӕци. 41 Джиппы рауагъта: дыууӕ цӕджындзы; дыууӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуаны цӕджындзты цъуппытӕн; каубыд хызӕгтӕ рӕхыстимӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуантӕн; 42 цыппарсӕдӕ гранат фӕткъуыйы нывӕфтыдтӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуанты хызӕгтыл, алы ӕфтуаныл дӕр — дыууӕ рӕнхъы; 43 цӕлхытыл цӕугӕ дӕс суанцъыйы; суанцъытыл ӕвӕрд дӕс аджы; 44 ӕрхуы денджыз, йӕ быны та — дыууадӕс галы; 45 ноджы ма тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ, куыситӕ. Хурам паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд, ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд. 46 Паддзах сӕ джиппы рауадзын кодта Иорданы дӕлвӕзы, Суккот ӕмӕ Царетаны ’хсӕн ӕлыгбын мӕры. 47 Ӕрхуы дзауматӕ тынг бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Соломон баргӕ дӕр не скодта, ӕмӕ сӕ уӕз цас уыди, уый не сбӕрӕг. 48-50 Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн. Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 51 Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон саразыны ӕппӕт куыстытӕ конд куы фӕци, уӕд райста, Давид Дунедарӕгӕн цы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ алы дзауматӕ снывонд кодта, уыдон ӕмӕ сӕ бафснайдта Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнадӕтты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia