3 Паддзахӕдтӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСоломон аразы Дунедарӕджы Кувӕндон 1 Израилӕгтӕн Мысыры цагъарадӕй се ссӕрибарыл цыппарсӕдӕ ӕстай азы куы рацыд, уӕд Соломон йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм азы дыккаг мӕйы, зивы мӕйы, Дунедарӕгӕн Кувӕндон аразын райдыдта. 2 Соломон Дунедарӕгӕн цы Кувӕндон саразын кодта, уымӕн йӕ дӕргъ уыдис ӕртиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. 3 Кувӕндонӕн йӕ тыргъы дӕргъ уыди сӕйраг агъуыстӕн йӕ уӕрхы йас — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕлмӕрины. 4 Соломон Кувӕндонӕн скодта ӕмырӕхгӕд рудзгуытӕ куыд мидӕмӕ фӕтӕндӕргӕнгӕ фӕлгуыртимӕ. 5 Кувӕндон ӕмӕ Рухсмонуаты алыварс быруйӕн йе ’мкъул скодта ӕфтуанагъуыст фӕрссаг хатӕнтимӕ. 6 Цӕмӕй ӕфтуанагъуыст Кувӕндоны къултыл ма ӕндзӕва, уый тыххӕй быру ӕддӕрдыгӕй кӕрӕй-кӕронмӕ конд ӕрцыди къӕпхӕнты хуызы; агъуыстӕн йӕ бинаг уӕладзыджы уӕрх уыди фондз ӕлмӕрины, дыккаг уӕладзыджы уӕрх — ӕхсӕз ӕлмӕрины, ӕртыккаджы уӕрх та — авд ӕлмӕрины. 7 Кувӕндон арӕзт цыди цӕттӕкарст дуртӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр дзӕбуджы, нӕдӕр сарты, нӕдӕр ӕндӕр исты ӕфсӕн кусӕнгарзы хъӕр хъуыст. 8 Ӕфтуанагъуыстӕн йӕ бинаг уӕладзыгмӕ Кувӕндоны хуссарварсӕрдыгӕй уыди дуар. Бинаг уӕладзыгӕй дыккагмӕ, дыккагӕй та ӕртыккагмӕ цыди здыхсгӕ асин. 9 Кувӕндоны къултӕ амад куы фесты, уӕд ын Соломон йӕ уӕлхӕдзар скӕнын кодта кедр хъайвантӕ ӕмӕ фӕйнӕгӕй. 10 Ӕфтуанагъуысты уӕлхӕдзар дӕр конд ӕрцыди кедры хъӕдӕрмӕгӕй. Кувӕндоны къултимӕ йӕ бастой кедры хъӕдӕй конд аххӕрджытӕ. Ӕфтуанагъуысты уӕладзгуытӕн сӕ бӕрзӕнд дӕр уыди фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины. 11 Дунедарӕг Соломонӕн загъта: 12-13 «Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай, Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын иууылдӕр куы ӕххӕст кӕнай, уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕу тыххӕй дӕ фыд Давидӕн цы дзырд радтон, уый: цы Кувӕндон Мын аразыс, уым, израилӕгты ’хсӕн, цӕрдзынӕн, Мӕ адӕмы ӕвӕгӕсӕгӕй нӕ ныууадздзынӕн». Кувӕндоны арӕзт мидӕгӕй 14 Соломон дарддӕр дӕр архайдта Кувӕндон аразыныл. Йӕ къултӕ ӕмӕ йӕ сӕр куы сцӕттӕ сты, 15 уӕд паддзах бавнӕлдта мидагъуысты куыстытӕм. Йӕ къултыл ын астӕрдӕй цары онг бахуыдта кедр фӕйнӕг, йӕ астӕрдыл та кипарис фӕйнӕг. 16 Фӕстаг къулӕй размӕ ссӕдз ӕлмӕрины ранымадта ӕмӕ уыцы ран кедры хъӕдӕй цӕхгӕрмӕ суагъта ног къул, цӕмӕй йын йӕ фӕстӕ сараза Рухсмонуат. 17 Кувӕндоны раззаг хайӕн йӕ дӕргъ уыди дыууиссӕдз ӕлмӕрины. 18 Кувӕндон мидӕджырдыгӕй иууылдӕр ӕмбӕрзт ӕрцыди кедрӕй, уый уӕлӕ та — алы дидинджытӕ ӕмӕ насӕнгӕс нывӕфтыдтӕ. Алцыдӕр уыди кедры хъӕдӕрмӕгӕй конд, дуртӕ никуыцӕй зындысты. 19 Рухсмонуат Соломон уый тыххӕй скодта, цӕмӕй дзы Дунедарӕджы Фидыды Чырын сӕвӕра. 20 Рухсмонуатӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд уыдысты ӕмиӕстӕ — ссӕдзгай ӕлмӕринтӕ. Соломон ӕй иууылдӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Стӕй, кедр хъӕдӕй цы нывондхӕссӕн скодта, уый дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. 21-22 Кувӕндоны раззаг уат дӕр Соломон иууылдӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, уыимӕ — Рухсмонуаты къул, ӕмӕ уыцы къулыл цӕхгӕрмӕ айвӕзта сызгъӕрин рӕхыстӕ. Сызгъӕринӕй састӕрдта, Рухсмонуаты раз цы нывондхӕссӕн лӕууыд, уый дӕр. 23 Рухсмонуаты мидӕг оливӕ бӕласы хъӕдӕй скодта дыууӕ херувимы, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины. 24-26 Сӕ иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр йӕ базыртӕ уыдысты фӕндзгай ӕлмӕринты дӕргъӕн, афтӕмӕй базыртыгъд херувимтӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ иу базыры кӕронӕй йӕ иннӕ базыры кӕронмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ, ӕмхуызӕттӕ. 27 Соломон базыртыгъд херувимты сӕвӕрдта Рухсмонуаты мидӕг, кӕрӕдзийы фарсмӕ. Сӕ кӕройнаг базырты кӕрӕттӕ ӕндзӕвыдысты Кувӕндоны фӕйнӕ къулыл, сӕ иннӕ базырты кӕрӕттӕ та — кӕрӕдзиуыл. 28 Херувимты дӕр Соломон састӕрдта сыгъзӕринӕй. 29 Кувӕндоны ӕппӕт къултыл, мидӕггаг агъуысты дӕр ӕмӕ ӕддаг агъуысты дӕр, скъахта херувимты, пальмӕты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ. 30 Кувӕндонӕн йӕ астӕрдыл дӕр скодта сыгъзӕрин цъар — рӕбинаг уаты дӕр ӕмӕ раззаг уаты дӕр. 31 Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны скодта дывӕлдах дуар оливӕ бӕласы хъӕдӕй, Уыдис ын фондзкъӕпхӕнон тарвӕзтӕ, иу тарваз — иннӕйы мидӕг. 32 Соломон дуарӕн йӕ дыууӕ хайыл дӕр скъахта херувимты, пальмӕты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ, ӕмӕ херувимтӕ ӕмӕ пальмӕты састӕрдта сыгъзӕринӕй. 33 Кувӕндонмӕ бацӕуӕны дӕр Соломон оливӕ бӕласы хъӕдӕй скодта дывӕлдах дуар, уыдис ын цыппаркъӕпхӕнон тарвӕзтӕ, иу тарваз — иннӕйы мидӕг. 34 Кипарис хъӕдӕй йын скодта дыууӕ дывӕлдах дуары, алы дуарӕн йӕ дыууӕ ӕрдӕджы дӕр кодтой гом. 35 Уыцы дуӕрттыл дӕр Соломон скъахта херувимты, пальмӕты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ ӕмӕ сӕ нывӕфтыдты уӕле биноныг састӕрдта сыгъзӕринӕй. 36 Мидӕггаг кӕрты, ома сауджынты кӕрты, астӕрд скодта карст дуртӕ ӕртӕ фӕлтӕры ӕвӕрдӕй. Сӕрӕй ма сыл иу фӕлтӕр бафтыдта кедрӕй конд амадхъӕдтӕ. 37 Афтӕмӕй, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрдта йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм азы дыккаг мӕйы, зивы мӕйы, 38 арӕзт та йӕ фӕци иуӕндӕсӕм азы ӕстӕм мӕйы, булы мӕйы. Кувӕндон арӕзт фӕци йе ’ппӕт агъуыстытимӕ, куыд хъуыди, афтӕ. Соломон ӕй фӕцарӕзта ӕнӕхъӕн авд азы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia