Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Соломоны барджынтӕ

1 Соломон уыдис ӕппӕт Израилы паддзах.

2 Йӕ барджынтӕ уыдысты: Цадокы фырт Азариа — сауджын;

3 Шишайы фырттӕ Елихореф ӕмӕ Ахийа — нымӕрдартӕ; Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг;

4 Йеходайы фырт Бенайа — ӕфсады хицау; Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ;

5 Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг;

6 Ахишар — паддзахы галуаны уагдар; Авдайы фырт Адонирам — бегарайы хицау.

7 Соломон Израилы дыууадӕс зылды сӕргъы сӕвӕрдта дыууадӕс уллуйы. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ хӕс уыди йӕ дӕлбар зылдӕй йӕ рады, афӕдз иу мӕйы дӕргъы, паддзахы хӕдзар хӕлцӕй ӕввонг кӕнын.

8 Мӕнӕ уллуты ӕмӕ сӕ чи цы зылды хицау уыди, уыдоны нӕмттӕ: Бен-Хур — уый уыди Ефремы хӕхбӕсты хицау;

9 Бен-Декер — Макац, Шаалвим, Бет-Шемеш, Елон ӕмӕ Бет-Хананы сахарты зылды хицау;

10 Бен-Хесед — Арубботы сахары зылды хицау, йӕ бӕрны ма уыдысты Сохойы сахар, стӕй Хеферы сахары ӕппӕт зӕхх.

11 Бен-Авинадав — Соломоны чызг Тафаты лӕг, хицауиуӕг кодта Нафат-Доры ӕппӕт бӕстӕйӕн.

12 Ахилуды фырт Баанайы бӕрны уыдысты Таанах ӕмӕ Мегиддойы сахартӕ, Изреелы бынмӕ Царетанмӕ ӕввахс Бет-Шеаны сахары ӕппӕт зӕххытӕ, уыимӕ Бет-Шеаны сахарӕй Авел-Мехолӕйы онг, стӕй суанг Йокмеамы фалейы онг зӕххытӕ.

13 Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.

14 Иддойы фырт Ахинадав уыди Маханаимы зылды хицау.

15 Ахимаац — Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зылды хицау; Соломоны чызг Басемат уыди йӕ ус.

16 Хушайы фырт Баанайы бӕрны уыди Асиры хӕдзарвӕндаджы зылд, Беалоты сахаримӕ.

17 Паруахы фырт Йосафат уыд Иссахары хӕдзарвӕндаджы зылды хицау.

18 Елайы фырт Шими уыди Бениамины хӕдзарвӕндаджы зылды хицау.

19 Урийы фырт Геверы бӕрны уыди Галаады зӕхх, раздӕр аморӕгты паддзах Сигон ӕмӕ Башаны паддзах Огы зӕххытӕ кӕм уыдысты, уый. Адоны хъауджыдӕр ӕгас Иудейы зӕххӕн уыдис иунӕг бӕстыхицау.


Соломоны паддзахад ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕ

20 Иудей ӕмӕ Израилы адӕм, денджызы змисау ӕнӕнымӕц, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ цин кодтой.

21 Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.

22-23 Соломоны ӕрвылбоны хӕлц уыди: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз коры, ӕнӕуи ссадӕй та — ӕхсӕз коры; хӕрзхаст дӕс галы, стӕй, хизӕнуаты чи вӕййы, ахӕм ссӕдз галы; сӕдӕ фысы, уыдонимӕ ма ноджы — сагтӕ, сӕгуыттӕ, хъуазтӕ ӕмӕ нард хӕдзарон мӕргътӕ дӕр.

24 Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй.

25 Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын.

26 Соломонмӕ уыди дыууиссӕдз мин бӕхы бынаты — йӕ тохуӕрдӕтты бӕхтӕн, дыууадӕс мины та — барджыты бӕхтӕ.

27 Йӕ уллутӕй, бӕстӕйы дыууадӕс зылды хицӕуттӕй, алчидӕр радыгай, иу мӕйы дӕргъы, алы хӕринагӕй ифтонг кодта паддзахы фынг, чидӕриддӕр-иу ӕм ӕрбацыд, уыдон хъуаг куыд ницӕмӕй ӕййӕфтаиккой, афтӕ.

28 Бӕхтӕ ӕмӕ иннӕ хайуантӕн дӕр уыдонӕй алчидӕр сӕ бынӕттӕм йӕ рады ласта хъӕбӕрхор ӕмӕ хъӕмп.


Соломон — стыр зонды хицау

29 Хуыцау Соломонӕн балӕвар кодта куырыхондзинад, бирӕ зонындзинӕдтӕ, стыр зонд — денджызы был цы змис ис, уыйау ӕнӕнымӕц.

30 Скӕсӕны бӕстӕтӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт куырыхонтӕй куырыхондӕр сси.

31 Йӕ куырыхон зондӕн ӕмбал нӕ уыди. Уыйас зонындзинӕдтӕ никӕмӕ уыди, суанг Езрахитаг Етанмӕ ӕмӕ Махолы фырттӕ Хеман, Калкол ӕмӕ Дардамӕ дӕр. Йӕ ном айхъуысти йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтыл.

32 Соломон ӕрымысыд ӕртӕ мин ӕмбисонды, иу мин ӕмӕ фондз та йӕм уыди зарджытӕ.

33 Раныхас-иу кодта алы бӕлас, алы зайӕгойы тыххӕй, ливайнаг кедрӕй райдай ӕмӕ, къулы скъуыды чи разайы, уыцы иссопӕй фӕу. Дзырдта цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй дӕр.

34 Соломоны зонды ныхӕстӕм байхъусынмӕ дунейы алы къуымтӕй цыдысты алы адӕмты минӕвӕрттӕ, йӕ куырыхон зонды кой-иу кӕмӕ байхъуыст, уыцы паддзӕхтӕ дӕр ӕм ӕрвыстой сӕ минӕвӕртты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan