3 Паддзахӕдтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСоломоны курдиат Хуыцаумӕ 1 Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты. 2 Кувӕндон арӕзт кӕй нӕма уыд, уымӕ гӕсгӕ адӕм Дунедарӕджы номыл кусӕрттӕ кодтой кувӕн къуыбыртыл. 3 Соломон уарзта Дунедарӕджы ӕмӕ ӕххӕст кодта йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстытӕ. Ӕцӕг уый дӕр кувӕн къуыбыртыл кусӕрттӕ кодта ӕмӕ буд сыгъта. 4 Иуахӕмы паддзах ацыди Гивонмӕ кусӕрттӕ кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ бӕстӕйы сӕйраг кувӕн къуыбыр уым уыди. Уыцы ран, Гивоны нывондхӕссӕныл, Соломон ӕрхаста мин нывонды — иууылсудзинӕгтӕ. 5 Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!» 6 Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды, Дӕ цагъары, кад ӕмӕ радӕй Дын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивта, уый тыххӕй. Дӕ хорзӕх ӕй ис абон дӕр, ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадын кодтай йӕ фырты. 7 О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ фыд Давиды бӕсты ныр мӕнӕ Дӕ цагъары паддзах скодтай, фӕлӕ ӕз ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, хъуыддагӕн ницыма зонын. 8 Дӕ лӕггадгӕнӕджы ӕвджид бакодтай Де ’взӕрст адӕмы; банымайӕн дӕр сын нӕй, ӕнӕнымӕц сты. 9 Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?» 10 Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцыди Соломоны курдиат, 11 ӕмӕ йын загъта: «Дӕхицӕн Мӕ бирӕ цӕрӕнбон ӕмӕ исбон кӕй нӕ бацагуырдтай, дӕ фыдгулты мӕлӕтмӕ дӕр кӕй нӕ бабӕллыдтӕ, фӕлӕ Мӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ кӕй ракуырдтай, цӕмӕй дӕ бон адӕмӕн тӕрхон кӕнын уа, 12 уый тыххӕй дын ӕххӕст кӕнын дӕ курдиат. Дӕттын дын ӕмбаргӕ зӕрдӕ ӕмӕ куырыхон зонд; дӕ размӕ чи уыд, уыдоны ’хсӕн демӕ абарӕн дӕр никӕй ис, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр дӕуӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн. 13 Ноджы ма дын дӕттын, цы нӕ Мӕ бацагуырдтай, уыдон дӕр: исбон ӕмӕ кад, цӕрӕнбонты дӕ ном, дӕ кадӕн дӕр ӕмбал нӕ уыдзӕни паддзӕхты ’хсӕн. 14 Ӕмӕ дӕ фыд Давидау Мӕ рард фӕндӕгтыл куы цӕуай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дын Ӕз балӕвар кӕндзынӕн бирӕ цӕрӕнбон». 15 Соломон райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын федта, уый. Уӕд ацыд Йерусалиммӕ, ӕрлӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, стӕй скодта куывд ӕмӕ цӕл-минасмӕ ӕрхуыдта йе ’ппӕт дӕлдӕрты. Соломон — куырыхон паддзах 16 Иуахӕмы паддзахмӕ ӕрбацыди дыууӕ хӕтаг сылы. Йӕ разы ӕрлӕууыдысты, 17 ӕмӕ сӕ иу зӕгъы: «О мӕ паддзах! Ӕз ӕмӕ мӕнӕ ацы сылгоймаг иу хӕдзары цӕрӕм, ӕмӕ уый йӕхи цӕстӕй федта, лӕппу куыд ныййардтон, уый. 18 Мӕнӕй дыууӕ боны фӕстӕдӕр ныййардта ацы сылгоймаг дӕр. Ӕмӕ уыцы заман нӕ дыууӕйы йеддӕмӕ ничи уыди хӕдзары. 19 Гъемӕ ацы сылгоймагӕн йӕ лӕппу ӕхсӕвы амарди, уымӕн ӕмӕ йӕ фынӕйӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ныцъцъист кодта йӕ быны. 20 Ӕмбисӕхсӕв уыдаид, уӕд сыстад ӕмӕ мын мӕ цурӕй, ӕз, дӕ цагъар, фынӕй уыдтӕн, афтӕмӕй, мӕ лӕппуйы райста ӕмӕ йӕ йӕхи риуыл авӕрдта, йӕ мард лӕппуйы та мын мӕ риуыл ӕрӕвӕрдта. 21 Райсомӕй куы сыстадтӕн, уӕд, мӕ лӕппуйӕн бахӕрын кӕнон, зӕгъгӕ, ӕмӕ дын мард куы разынид. Дзӕбӕхдӕр ӕм куы ӕркастӕн, уӕд федтон, мӕн лӕппу нӕу». 22 Уӕд ын иннӕ сылгоймаг афтӕ: «Нӕ, мӕ лӕппу ӕгас у, уый дӕуӕн у мард!» Уый дӕр ын афтӕ: «Нӕ, дӕуӕн дӕ лӕппу у мард у, мӕнӕн у ӕгас!» Афтӕ хъӕлӕба кодтой паддзахы раз. 23 Паддзах загъта: «Ацы дыууӕйӕ алчидӕр ӕгас лӕппуйы йӕхи хоны, марды та кӕрӕдзийӕн дӕттынц. 24 Кард-ма мын ӕриут!» Паддзахӕн ӕрбахастой кард, 25 ӕмӕ бардзырд радта: «Удӕгас сабийы адих кӕнут ӕмӕ ацы дыууӕ усӕн фӕйнӕ ӕрдӕджы раттут!» 26 Уӕд, ӕгас лӕппу кӕй саби уыд, уыцы сылгоймагӕн йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта йӕ хъӕбулы тӕригъӕдӕй ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «О мӕ паддзах! Раттут ын ӕгас лӕппуйы, ма йӕ амарут». Иннӕ сылгоймаг та загъта: «Нӕ иу дӕр ӕмӕ дзы не ’ннӕ дӕр ӕнӕхай фӕуӕд! Афадут ӕй!» 27 Уӕд паддзах ног бардзырд радта: «Сабийы ма амарут, фыццаг сылгоймагӕн ӕй раттут, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ мад». 28 Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia