3 Паддзахӕдтӕ 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМихайы рагуац Ахавы тыххӕй 1 Дыууӕ азы дӕргъы Сири ӕмӕ Израилы ’хсӕн хӕст нӕ уыди. 2 Ӕртыккӕгӕм аз Иудейы паддзах Иосафат ӕрбацыд Израилы паддзахмӕ. 3 Израилы паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Галаадаг сахар Рамот мах кӕй у, уый уӕ рох фӕци? Рӕстӕг ма цӕуыл сафӕм, Арамы паддзахы къухӕй йӕ фӕстӕмӕ цӕуылнӕ байсӕм?» 4 Иосафаты бафарста: «Галаадаг Рамотмӕ бабырсыны фӕнд мӕм ис, ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзынӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, афтӕ». 5 Иосафат ма паддзахӕн ноджы загъта: «Раздӕр уал Дунедарӕджы бафӕрс». 6 Израилы паддзах фӕсидти пехуымпартӕм, иу-цыппарсӕдӕ лӕгмӕ, ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» «Схӕц, — дзуапп ын радтой уыдон, — Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн». 7 Иосафат фӕдызӕрдыг ӕмӕ бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма ам исчи ис, Дунедарӕджы кӕй уылты бафӕрсӕм, ахӕм?» 8 Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц». 9 Уӕд Израилы паддзах йӕ галуаны кусджытӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Тагъддӕр мын Имлайы фырт Михайы ам ӕрбалӕууын кӕн!» 10 Израилы паддзах ӕмӕ Иосафат, Иудейы паддзах, сӕ паддзахы дарӕсты, сӕ къӕлӕтджынты, бадтысты Самарийы кулдуары ӕдде мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы. 11 Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ». 12 Иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр фӕзмыдтой Цедекиайы, пехуымпариуӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Бабырс Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз у! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухтӕм ратдзӕн». 13 Уыцы рӕстӕг паддзахы минӕвар дӕр бахӕццӕ Михамӕ ӕмӕ йын загъта: «Пехуымпартӕ ӕмдзыхӕй хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕнынц паддзахӕн. Ды дӕр уыдоны бафӕзм ӕмӕ хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕн». 14 Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн». 15 Миха паддзахмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уый бафарста: «Миха! Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» Миха йын дзуапп радта: «Схӕц ӕмӕ фӕуӕлахиз у! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухы бафтын кӕндзӕн». 16 Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?» 17 Уӕд ын Миха дзуапп радта: «Ӕз уынын: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фыстау ныххӕлиу уыдзӕни хӕхтыл. Дунедарӕг зӕгъы: хицау сын нӕй ӕмӕ сӕ алчидӕр сӕрӕгасӕй фарнимӕ бацагурӕд йӕ хӕдзар». 18 Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Нӕ дын дзырдтон, хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг кӕны, зӕгъгӕ?» 19 Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты. 20 Дунедарӕг сӕ бафарста: „Ахавы уӕ чи самидин кӕндзӕн галаадаг Рамотмӕ бабырсын, цӕмӕй уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ сӕ иумӕ иу уынаффӕ уыд, иннӕмӕ та — ӕндӕр. 21 Уӕд Дунедарӕджы раз иу мон ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: „Ӕз ӕй самидин кӕндзынӕн“. Дунедарӕг ӕй бафарста: „Куыдӕй?“ 22 Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта, цу ӕмӕ, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн, самидин кӕнын дын ӕй бантысдзӕни, зӕгъгӕ. 23 Афтӕмӕй ныр пехуымпарты уылты уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын Дунедарӕджы фӕндон у». 24 Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе ’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?» 25 Миха йын дзуапп радта: «Мӕ сӕр кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ, иу уатӕй иннӕмӕ ралидз-балидз куы кӕнай, уыцы бон ӕй базондзынӕ». 26 Израилы паддзах загъта: «Михайы акӕнут сахары хицау Амонмӕ ӕмӕ мӕ фырт Йоасмӕ. 27 Зӕгъут сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ бакӕнут ӕмӕ йын мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхон, уӕдмӕ“». 28 Миха йын загъта: «Сӕрӕгасӕй куы ӕрбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕн уылты». Ноджы-ма бафтыдта: «Мӕ ныхас уӕ ма ферох уӕд, мӕнӕ адӕм!» Ахавы мӕлӕт 29 Израилы паддзах ӕмӕ Иосафат, Иудейы паддзах, иумӕ хӕстмӕ рацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ. 30-31 Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ дарӕс раивдзынӕн, афтӕмӕй райдайдзынӕн хӕцын, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс скӕн». Ӕмӕ Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ хӕцын райдыдта. Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн, дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз лӕгӕн, бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе ’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕджы хӕстонтӕй дӕр макӕй фӕдыл зилут, йӕхи йын агурут ӕрмӕст!» 32 Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ Иосафаты куы ауыдтой, уӕд загътой, уый Израилы паддзах уыдзӕни, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ныхмӕ хӕст самадтой. Фӕлӕ Иосафат тохы хъӕр куы ныккодта, 33 уӕд бамбӕрстой, Израилы паддзах кӕй нӕу, уый ӕмӕ йӕ ныууагътой. 34 Иу заман Сирийы ӕфсадӕй иу хӕстон зӕрдаивӕй йӕ фат суагъта ӕмӕ Израилы паддзахы фӕцӕф кодта. Фат згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты ’хсӕнты бацыд. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Ардыгӕй мӕ алас! Цӕф дӕн». 35 Фӕлӕ хӕст уыцы бон йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацыд. Ӕмӕ Израилы паддзах сириӕгты ныхмӕ тохы йӕ уӕрдоны уырдыг фӕлӕууыди суанг изӕрмӕ. Йӕ туг уӕрдонмӕ фӕтагъд, афтӕмӕй, куы ӕризӕр, уӕд йӕ уд систа. 36 Хурныгуылдыл фидиуӕг хӕстон адӕмыл ныхъхъӕр кодта: «Алчидӕр уӕ аздӕхӕд йӕ сахармӕ, йӕ фыдыуӕзӕгмӕ!» 37 Паддзах амарди, йӕ мард ын Самаримӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой. 38 Йӕ уӕрдон ын Самарийы цур иу цады былгӕрон ӕрӕхсадтой, ӕмӕ куыйтӕ паддзахы туг сдӕрдтой. Хӕтаг сылтӕ дӕр уым тугамӕст донӕй сӕхи ӕхсадтой, Дунедарӕг рагацау куыд дзырдта, афтӕ. 39 Ахавы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — пылыстӕгӕй цы галуан сфӕлыста ӕмӕ цы сахартӕ рацарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ — фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 40 Афтӕ амардис Ахав, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахазиа. Иудейаг паддзах Иосафаты тыххӕй 41 Асайы фырт Иосафат Иудейы паддзах сси, Ахав Израилӕн цыппӕрӕм аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд. 42 Иосафат паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фондз ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Шилхийы чызг Азувӕ. 43 Иосафат алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыд Асайы, ӕндӕр фӕндагыл никуы ныллӕууыд ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кодта Дунедарӕджы фӕндон. Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, адӕм йӕ заманы дӕр кодтой кусӕрттӕ ӕмӕ сыгътой буд уыцы уаз къуыппытыл. 44 Иосафат бафидыдта Израилы паддзахимӕ. 45 Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 46 Иосафат ныццагъта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, Йӕ фыд Асайы заманӕй ма чи баззади, уыдоны. 47 Уӕд Едомы паддзах нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр — бӕстыхицау, Иудейы паддзахы минӕвар. 48 Иосафат саразын кодта Таршишмӕ цӕуӕг базарадон наутӕ, йӕ зӕрды сӕ уыд Офирмӕ арвитын, уырдыгӕй сыгъзӕрин ӕрбаласыны тыххӕй. Фӕлӕ Офирмӕ нал ацыдысты — ныппырх ын сты Ецион-Геверы. 49 Уӕд Ахавы фырт Ахазиа Иосафатӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕ адӕмимӕ ацӕуӕнт наутыл». Фӕлӕ Иосафат не сразы ис ууыл. 50 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам. Израилы паддзах Ахазиайы тыххӕй 51 Иудейаг паддзах Иосафаты паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз Самарийы сахары Израилы паддзах сси Ахавы фырт Ахазиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. 52 Ахазиа, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды, йӕ мады ӕмӕ Наваты фырт Йоровамы. Ахазиа дӕр уый хуызӕн тӕригъӕды бафтыдта Израилы адӕмы. 53 Лӕггад ӕмӕ табу кодта Баалӕн, алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыды ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia