3 Паддзахӕдтӕ 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСирийы паддзах Бен-Хадад ӕрхъула кодта йыл 1 Сирийы паддзах Бен-Хадад ӕрӕмбырд кодта йе ’ппӕт ӕфсад, бӕхтӕ ӕмӕ тохуӕрдӕттӕй ифтонг, ӕмӕ йӕ дӕлбар паддзӕхтӕй ӕртын дыууӕимӕ абырста Самарийы ’рдӕм, йӕ ныхмӕ хӕст расидт ӕмӕ йыл ӕрхъула кодта. 2 Израилы паддзах Ахавмӕ мидсахармӕ барвыста йӕ минӕвӕртты, 3 цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Бен-Хадад афтӕ зӕгъы: де ’взист дӕр ӕмӕ дӕ сыгъзӕрин дӕр мӕн сты, дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты хуыздӕртӕ дӕр — афтӕ». 4 Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ уӕд, мӕ паддзах. Цыдӕриддӕр мӕм ис, уыдонимӕ мӕхӕдӕг дӕр дӕу дӕн». 5 Уӕд та йӕм ногӕй ӕрбацыдысты минӕвӕрттӕ ӕмӕ загътой: «Бен-Хадад зӕгъы, ратт мын де ’взист дӕр ӕмӕ дӕ сыгъзӕрин дӕр, дӕ устыты дӕр ӕмӕ дӕ фыртты дӕр. 6 Уый тыххӕй дӕм райсом ацафон барвитдзынӕн мӕ адӕмы, цӕмӕй дын басгарой дӕ галуан ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйӕн адджын цыдӕриддӕр у, уыдон рахӕссой». 7 Уӕд Израилы паддзах фӕдзырдта бӕстӕйы ӕппӕт хистӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбайхъусут-ма, ацы сириаг нын цы фыдбылыз саразинаг у, уымӕ! Мӕ устытӕ ӕмӕ мын мӕ фырттӕм куы ӕрбарвыста, стӕй ме ’взист ӕмӕ мӕ сыгъзӕринмӕ, уӕд ын ӕз нӕ, зӕгъгӕ, нӕ загътон». 8 Израилы хистӕртӕ ӕмӕ йын сахары адӕм иууылдӕр загътой: «Ма йӕм байхъус! Ма сразы у йемӕ!» 9 Ӕмӕ Ахав Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ паддзахӕн зӕгъут, фыццаг мӕм цӕй тыххӕй ӕрбарвыстай, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн, ӕрмӕст ацы хъуыддаг саразын мӕ бон нӕу». Минӕвӕрттӕ аздӕхтысты ӕмӕ сӕ паддзахӕн Ахавы дзуапп фехъусын кодтой. 10 Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд». 11 Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ». 12 Куы йын ӕй фехъусын кодтой, уӕд йӕ асадӕны йӕ дӕлбар паддзӕхтимӕ минас кодта ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта: «Сахары ныхмӕ ӕрлӕуут!» Ӕмӕ ӕрлӕууыдысты. Дунедарӕг ауды Йӕ адӕмыл 13 Уӕд иу пехуымпар бацыд Израилы паддзах Ахавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уыныс уыцы ӕнӕнымӕц бардз? Тӕккӕ абон дын ӕй дӕ къухтӕм дӕттын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». 14 Ахав ӕй бафарста: «Кӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕн уыцы хъуыддаг?» Пехуымпар загъта: «Бӕстыхицӕутты хотыхдарты фӕрцы. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг». — «Хӕст чи хъуамӕ райдайа?» — бафарста паддзах. «Ды» — дзуапп радта пехуымпар. 15 Ахав фӕсидын кодта бӕстыхицӕутты хотыхдартӕм: уыдон нымадӕй разындысты дыууӕсӕдӕ ӕртын дыууӕ. Ноджы ма фӕсидын кодта Израилы иннӕ хӕстхъом адӕммӕ дӕр: уыдоны нымӕц та уыди авд мины. 16-17 Ӕмӕ сихорафон рацыдысты сахарӕй, разӕй бӕстыхицӕутты хотыхдартӕ, афтӕмӕй. Ныр Бен-Хадад та йӕ асадӕны йӕ дӕлбартимӕ, дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахимӕ, сӕ тӕккӕ цӕл-минасыл уыдысты, тынг барасыг сты. Бен-Хадад арвыста сгарджытӕ, ӕмӕ йын фехъусын кодтой, Самарийӕ адӕм рацӕуынц, зӕгъгӕ. 18 Уӕд бардзырд радта: «Кӕд фидауынмӕ рацыдысты, уӕд сӕ уацары райсут, кӕд хӕстӕргомӕй рацыдысты, уӕддӕр сӕ уацары райсут». 19-20 Фӕлӕ сахарӕй цы ’фсӕдтӕ рацыд, бӕстыхицӕутты хотыхдартӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсад, уыдон сириӕгтыл лӕгӕй-лӕгмӕ сӕхи ныццавтой ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ ныхмӕлӕууӕджы амардта. Сириаг ӕфсад лидзӕг фӕцис, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ фӕсте асырдтой. Ӕцӕг, Сирийы паддзах Бен-Хадад йӕхӕдӕг аирвӕзти йӕ бӕхыл, йӕ бӕхӕфсадимӕ. 21 Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах дӕр абырста сириӕгты бӕхтӕ ӕмӕ тохуӕрдӕтты фӕдыл ӕмӕ сӕ саубыны дӕрӕн ныккодта. Ӕппӕтхъомыс Хуыцау 22 Уӕд та пехуымпар Израилы паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕрбамбырд кӕн дӕ тыхтӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, дарддӕр дын цы кӕнгӕ у, ууыл, уымӕн ӕмӕ та афӕдзы фӕстӕ Сирийы паддзахы ногӕй ардӕм хъӕуы». 23 Арамы паддзах Бен-Хададӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Уыдонӕн сӕ хуыцӕуттӕ хӕхбӕсты хуыцӕуттӕ сты ӕмӕ ныл уый фӕрцы фӕуӕлахиз сты. Быдыры куы схӕцӕм семӕ, уӕд сыл мах дӕр ӕнӕмӕнг фӕтых уыдзыстӕм. 24 Мӕнӕ дын нӕ уынаффӕ: дӕ дӕлбар паддзӕхты сис сӕ бынӕттӕй ӕмӕ сын сӕ бӕсты сӕвӕр ӕфсӕддон хицӕуттӕ. 25 Ацы хӕсты дӕ ӕфсадӕй, бӕхӕй, бӕхуӕрдонӕй цас фӕхъуыди, уый бӕрц ногӕй ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ быдыры схӕцӕм семӕ. Ӕнӕмӕнг сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм». Паддзах сын байхъуыста сӕ уынаффӕмӕ ӕмӕ йын куыд загътой, афтӕ бакодта. 26 Иннӕ уалдзӕг та Бен-Хадад Сирийы адӕмы ӕрӕмбырд кодта, скодта ӕфсад ӕмӕ Израилимӕ схӕцынӕввонг ӕрлӕууыд Афекы сахары. 27 Израилӕгтӕ дӕр скодтой ӕфсад, семӕ райстой хӕлц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Сириӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн быдыр, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы уыдысты сӕгъты дыууӕ чысыл дзуджы хуызӕн. 28 Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». 29 Дыууӕ ӕфсады кӕрӕдзийы ныхмӕ лӕууыдысты ӕхсӕз боны. Ӕвдӕм бон райдыдта хӕст, ӕмӕ израилӕгтӕ иу бонмӕ Сирийы фистӕг ӕфсадӕй ныццагътой сӕдӕ мин лӕджы. 30 Иннӕтӕ Афекы сахармӕ бацӕйлыгъдысты, фӕлӕ сыл сахары сис афӕлдӕхт, ӕмӕ авд ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы йӕ быны фесты. Бен-Хадад йӕхӕдӕг сахармӕ балыгъд ӕмӕ фидарӕн йӕ рӕбинагдӕр уаты йӕхи бамбӕхста. Израилы паддзах хатыр кӕны йе знагӕн 31 Йӕ дӕлдӕртӕ йын загътой: «Израилы паддзӕхтӕ хатыргӕнаг вӕййынц, зӕгъгӕ, фехъуыстам. Гъемӕ нын бар ратт, ӕмӕ нӕ астӕутыл ӕрбатухӕм сӕхъистӕ, нӕ хъуыртыл та — синӕгтӕ ӕмӕ афтӕмӕй Израилы паддзахмӕ рацӕуӕм, кӕд дын, мыййаг, ныббарид ӕмӕ дӕ нӕ амарид». 32 Ӕмӕ сӕ астӕутыл ӕрбатыхтой сӕхъистӕ, сӕ хъуыртыл та — синӕгтӕ, афтӕмӕй Израилы паддзахмӕ рацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъар Бен-Хадад дын лӕгъстӕ кӕны, зӕгъгӕ, ныббар мын, ма мӕ амар». Уый сын загъта: «Ӕмӕ ма ӕгас у? Уый мӕнӕн ме ’фсымӕр у!» 33 Хадады минӕвӕрттӕ уый банымадтой хорз нысаныл, уайтагъд ын йӕ ныхас айстой ӕмӕ йын загътой: «О, о, де ’фсымӕр у Бен-Хадад». Ахав сын загъта: «Цӕугӕут ӕмӕ йӕ ракӕнут!» Бен-Хадад ӕм рацыд, ӕмӕ йӕ Ахав йӕ уӕрдонмӕ ӕрбахизын кодта. 34 Бен-Хадад ын загъта: «Мӕ фыд дӕ фыдӕй цы сахартӕ байста, уыдоны дын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Дамаскы дӕр дӕхицӕн базарадон бӕстыхӕйттӕ скӕн, кӕддӕр мӕ фыд йӕхицӕн Самарийы куыд скодта, афтӕ». Ахав ын дзуапп радта: «Ууыл уал бафидауӕм, стӕй дӕ ауадздзынӕн». Ӕмӕ куы бафидыдтой, уӕд ӕй ауагъта. 35 Уӕд Дунедарӕджы фӕндӕй пехуымпартӕй иу иннӕмӕн загъта: «Цӕв мӕ!» Фӕлӕ уый не сразы ис йӕ ныццӕвыныл, 36 ӕмӕ йын фыццаг пехуымпар ногӕй загъта: «Дунедарӕджы фӕндмӕ кӕй нӕ байхъуыстай ӕмӕ мӕ кӕй нӕ ныццавтай, уый тыххӕй дӕ, мӕнӕй куы ацӕуай, уӕд амардзӕн домбай». Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, уый куыддӕр йӕ цурӕй ацыд, афтӕ йӕ размӕ фӕци домбай ӕмӕ йӕ амардта. 37 Уӕд та фыццаг пехуымпар ӕндӕр лӕджы ссардта ӕмӕ уымӕн дӕр загъта: «Цӕв мӕ!» Уый йӕ ахӕм над фӕкодта, ӕмӕ йӕ буар тугӕрхӕмтӕ сси. 38 Уӕд пехуымпар ацыд ӕмӕ, йӕ цӕсгомыл ӕмбӕрзӕн ӕруагъта, афтӕмӕй, паддзах кӕуылты хъуамӕ рацыдаид, уым ӕрлӕууыд. 39 Паддзах йӕ цурты куы рацӕйцыд, уӕд пехуымпар ныхъхъӕр кодта: «Ӕз, дӕ цагъар, хӕсты уыдтӕн, ӕмӕ мӕм иу хӕстон уацайраджы ӕрбакодта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста: „Ацы лӕджы хъахъхъӕн! Ам ӕй куынӕуал ӕрбаййафон, уӕд амӕлдзынӕ йӕ бӕсты, намӕ дӕ бафидын хъӕудзӕн ӕвзисты иу талант“. 40 Мӕнӕн та куы иу, куы иннӕ хъуыддаг уыди, ӕмӕ мын уацайраг цыдӕр ӕрбаци». Паддзах ын загъта: «Дӕхи дзыхӕй загътай дӕ тӕрхон». 41 Уӕд уый йе ’мбӕрзӕн систа, ӕмӕ Израилы паддзах бамбӕрста, пехуымпартӕй кӕй у, уый. 42 Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ӕлгъыстаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕймаджы ауагътай, ӕмӕ йӕ бӕсты амӕлдзынӕ, дӕ адӕм дӕр амӕлдзысты йӕ бӕсты». 43 Израилы паддзах мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй араст ис йӕ галуанмӕ, Самарийы сахармӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia