Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Давиды ныстуан Соломонӕн

1 Давид мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн бафӕдзӕхста:

2 «Алы зӕххонау ныр ӕз дӕр цӕуинаг дӕн мӕ фӕстаг балцы. Ӕмӕ дын фӕдзӕхсын, фидар лӕуу, дӕ лӕгдзинад макуы фесаф!

3 Ма рох кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, домӕнтӕ, Йӕ амынд фӕндӕгтыл цу. Ӕххӕст Ын кӕн Йӕ уагӕвӕрдтӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ амындтытӕ ӕмӕ Йӕ уынаффӕтӕ, Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ. Уӕд дын фадат фӕуыдзӕни, цӕмӕй дӕ къухы ӕфтой алы хъуыддаг, алы фӕнд дӕр.

4 Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.

5 Ноджы ма дын зӕгъын, — дзырдта дарддӕр Давид, — дӕ зӕрдыл дар, иу хатт мын Церуайы фырт Йоав цы бакуыста, Израилы ӕфсады дыууӕ фӕтӕджы — Неры фырт Авнеры ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — куыд амардта, уый. Фидыды заман ныккалдта туг, цыма хӕсты заман уыд, афтӕ ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста йӕ рон ӕмӕ йӕ къахыдарӕс — фӕчъизи кодта йӕ хӕстон намыс.

6 Ды куырыхон лӕг дӕ ӕмӕ йын, цы ’мбӕлы, уый бакӕн, йӕ урс сӕр ын мӕрдтыбӕстӕм, йӕхи мӕлӕтӕй амӕлгӕйӕ, ма бауадз.

7 Ӕрмӕст-иу галаадаг Барзиллайы фырттӕм хӕлар цӕстӕй ракӕс. Демӕ ӕмвынг чи уа, уыдоны ’хсӕн сын бынат уӕд. Уымӕн ӕмӕ, кӕддӕр де ’фсымӕр Авессаломӕй куы алыгътӕн, уӕд уыдон сӕрбахъуыды рӕстӕг мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты.

8 Бахуримы сахарӕй дӕр ма ис иу лӕг — Герайы фырт Шими, Бениамины байзӕддаг. Авессаломы заман Маханаимы ’рдӕм куы лыгътӕн, уӕд мӕ тынг ӕлгъыста. Фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕсмонгондӕй Иорданы былмӕ мӕ размӕ рацыд, ӕмӕ йын ӕз Дунедарӕгӕй ард бахордтон, нӕ дӕ амардзынӕн, зӕгъгӕ.

9 Фӕлӕ ды куырыхон лӕг дӕ, ӕмӕ йӕ ӕнӕ бафхӕргӕ ма ныууадз. Ныр цы зӕры кармӕ бацыд, уымӕй дарддӕр мауал фӕцӕрӕд, йӕ туг ныккӕлӕд ӕмӕ амӕлӕд».

10 Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.

11 Дыууиссӕдз азы Давид уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы.

12 Ныр йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны сбадти Соломон. Йӕ паддзахдзинад тынг фидар сси, йӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыд.


Соломон амарын кодта Адониайы

13 Иуахӕмы Соломоны мад Вирсавимӕ ӕрбацыди Хагиты лӕппу Адониа. Вирсави йӕ фӕрсы: «Фарнимӕ ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Фарнимӕ.

14 Хъуыддаг мӕ ис дӕумӕ». — «Зӕгъ ӕй!» — дзуапп ын радта Вирсави.

15 Адониа загъта: «Паддзахдзинад мӕн хъуамӕ уыдаид, уый зоныс. Израилы адӕм мӕм иууылдӕр се ’ргом раздӕхтой, мӕнӕ нӕ ног паддзах, зӕгъгӕ. Хъыгагӕн, паддзахдзинад мӕ къухы нӕ бафтыд, Дунедарӕджы фӕндӕй ме ’фсымӕры хай баци.

16 Фӕлӕ мӕм ныр иу курдиат ис дӕумӕ, ӕмӕ мыл дӕхи ма атигъ кӕн». — «Дзургӕ кӕн!»

17 Адониа загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, паддзах Соломонӕн бакой кӕн, ӕмӕ мын шунемаг Авишагы раттӕд усӕн. Дӕ ныхасыл дын дыууӕ нӕ зӕгъдзӕн».

18 Вирсави йын дзуапп радта: «Хорз, дӕ курдиат дын паддзахмӕ фӕхӕццӕ кӕндзынӕн».

19 Ӕмӕ Вирсави Адониайы тыххӕй паддзах Соломонмӕ бацыд. Паддзах ын фестад, ныллӕг ын акуывта йӕ сӕрӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бадӕны сбадти. Уӕд паддзахы мадӕн дӕр ӕрӕвӕрдтой бадӕн. Уый Соломоны рахизфарс сбадти ӕмӕ загъта:

20 «Иу чысыл курдиат мӕм ис, ӕмӕ мын „нӕ“ ма зӕгъ». Паддзах ын дзуапп радта: «Зӕгъ дӕ курдиат, мӕ мад, ӕз дӕ зӕрдӕхудты нӕ бацӕудзынӕн».

21 Вирсави загъта: «Де ’фсымӕр Адониа шунемаг Авишагы куры, ӕмӕ йын ӕй ратт».

22 Паддзах Соломон йӕ мадӕн дзуапп радта: «Куыд? Цӕмӕн курыс Адониайӕн шунемаг Авишагы? Ӕххӕст ма йын уӕд паддзахы бадӕн дӕр ракур, уымӕн ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр у, стӕй сауджын Авиафар дӕр ӕмӕ Церуайы фырт Йоав дӕр йӕ фарс сты!»

23 Ӕмӕ паддзах Соломон сомы ракодта Дунедарӕгӕй: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Адониа йӕ уыцы курдиаты тыххӕй мард ӕрцӕудзӕн!

24 Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны мӕ Чи сбадын кодта ӕмӕ, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мын мӕ мыггаг чи сбӕрзонд кодта, Уымӕй: тӕккӕ ацы бон Адониа амӕлдзӕн».

25 Паддзах Соломон ӕм арвыста Йеходайы фырт Бенайайы, ӕмӕ йӕ уый амардта.


Авиафары бафхӕрд ӕмӕ Йоавы мӕлӕт

26 Паддзах сауджын Авиафарӕн загъта: «Цӕугӕ Анатотмӕ, дӕ зӕххы хаймӕ, ӕмӕ уым цӕр! Маринаг дӕ, фӕлӕ дын, мӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, абон хатыр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕ фыды разӕй хастай Дунедарӕг Хуыцауы Фидыды Чырын, ноджы ма мӕ фыдимӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстай».

27 Соломон Авиафары ӕнӕхай фӕкодта йӕ сауджыны куыстӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, кӕддӕр Дунедарӕг Силомы сахары Елиайы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы загъта, уый.

28 Уыцы хабар Йоавы хъустыл ӕруад. Амӕй размӕ уый Авессаломы фарсхӕцӕг нӕ уыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр Адониайы фарс рахӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ ныр Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныддӕвдӕг.

29 Паддзах Соломонмӕ фӕхабар кодтой, Йоав, дам, Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны раз лӕууы. Соломон ӕм арвыста Йеходайы фырт Бенайайы, цу ӕмӕ йӕ амар, зӕгъгӕ.

30 Бенайа йӕм Дунедарӕджы цатырмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕм бахъӕр кодта: «Ӕддӕмӕ рацу! Паддзах радта бардзырд!» Йоав загъта: «Нӕ рацӕудзынӕн. Уадз ӕмӕ ам амӕлон». Бенайа фӕстӕмӕ паддзахмӕ аздӕхт ӕмӕ йын фехъусын кодта Йоавы дзуапп.

31 Паддзах ын загъта: «Гъемӕ йӕхи дзыхӕй цы куры, уый йын бакӕн. Амар ӕй ӕмӕ йӕ баныгӕн. Ӕмӕ дзы афтӕмӕй райс, Йоав кӕй ныккалдта, уыцы ӕнаххос туг, цӕмӕй уыцы туджы азар мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл ӕфтыд ма фӕуа.

32 Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.

33 Уыдоны туджы азар баййафӕд Йоавӕн йӕхи сӕр дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты сӕр дӕр мыггагмӕ. Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн та — йӕ байзӕддаг паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕн — Дунедарӕг мыггагмӕ фарн балӕвар кӕнӕд!»

34 Ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа ногӕй ацыд Йоавмӕ, амардта йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдта йӕ фыдыуӕзӕгыл, ӕдзӕрӕг ран.

35 Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.


Шимийы мӕлӕт

36 Уыдӕтты фӕстӕ иуахӕмы паддзах фӕдзурын кодта Шимимӕ ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Йерусалимы дӕхицӕн хӕдзар скӕн ӕмӕ дзы ӕрцӕр, ӕмӕ сахарӕй макуы макӕдӕм равӕр дӕ къах.

37 Искуы искӕцырдӕм рабалц кодтай, намӕ Кедроны тӕрфыл бахызтӕ, зӕгъгӕ, уӕд дӕ гуырӕй райгӕ у, уымӕн ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон дӕ мӕлӕт ӕрцыд».

38 — «Хорз, — загъта Шими, — ӕз дӕ цагъар дӕн, мӕ паддзах мын куыддӕриддӕр зӕгъа, афтӕ бакӕндзынӕн». Ӕмӕ ӕртӕ азы дӕргъы Шими йӕ къах дӕр никуыдӕм равӕрдта Йерусалимӕй.

39 Стӕй дын иуахӕмы рацӕй-рабон, ӕмӕ йӕ дыууӕ цагъары фӕлыгъдысты Гаты паддзахмӕ, Маахайы фырт Ахишмӕ. Уыцы хабар Шимийӕн фехъусын кодтой,

40 ӕмӕ уый йӕ хӕрӕгыл саргъ авӕрдта, Ахиш-паддзахмӕ Гаты сахармӕ йӕ цагъарты агурӕг араст ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакодта.

41 Шими Йерусалимӕй Гатмӕ кӕй ацыд ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, уый Соломонӕн фехъусын кодтой.

42 Паддзах Шимимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын афтӕ нӕ дзырдтон, искӕцырдӕм цы бон акъахдзӕф кӕнай, тӕккӕ уыцы бон дӕ мӕлӕт ссардзынӕ, зӕгъгӕ? Дунедарӕгӕй дын ард нӕ бахӕрын кодтон, ӕмӕ мын афтӕ нӕ загътай, хорз, алцыдӕр бамбӕрстон, зӕгъгӕ?

43 Дунедарӕджы раз дӕ ардбахӕрд цӕмӕн фӕсайдтай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхст цӕуылнӕ сӕххӕст кодтай?»

44 Ноджы ма паддзах загъта Шимийӕн: «Тынг дзӕбӕх ӕй зоныс, мӕ фыд Давидӕн цы фыдми сарӕзтай, уый, ӕмӕ дын Дунедарӕг дӕ фыдӕхы азар дӕхи сӕрыл ӕрцӕуын кӕнӕд!

45 Паддзах Соломон та арфӕгонд уӕд, Давиды къӕлӕтджын мыггагмӕ дӕр ӕнӕфӕцудгӕ лӕууӕд Дунедарӕджы раз!»

46 Ӕмӕ паддзах Йеходайы фырт Бенайайӕн бафӕдзӕхста Шимийы амарын. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йӕ амардта. Гъе афтӕ сфидар ис Соломоны паддзахдзинад.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan