Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Илийа Хоревы хохыл

1 Ахав Иезавелӕн радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕттӕ, стӕй, пехуымпарты се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг кӕй бакодта, уый.

2 Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».

3 Илийа йӕ удӕн фӕтарсти уыцы ӕртхъирӕнӕй ӕмӕ алыгъд. Иудейаг сахар Беер-Шевӕмӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уым йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта,

4 йӕхӕдӕг дарддӕр ахӕцыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры иу бонцауы бӕрц куы бауади, уӕд уым иу ран ӕхсӕлыйы къутӕры бын ӕрӕнцад ӕмӕ мӕлӕт куырдта йӕхицӕн: «Ӕгъгъӕд мын фӕуӕд, Дунедарӕг! Мӕ бон нал у, айс мын мӕ уд! Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтӕй хуыздӕр куынӕ дӕн».

5 Ӕхсӕлыйы бын ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уӕд ӕм зӕд ӕргом рацыди, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Уӕлӕмӕ сыст, бахӕр».

6 Илийа аракӕс-бакӕс кодта ӕмӕ йӕ нывӕрзӕны цур ауыдта зынджытыл фых лауаси ӕмӕ дурыны дзаг дон. Бахордта, бануӕзта ӕмӕ та фӕстӕмӕ бафынӕй.

7 Уӕд та йӕм Дунедарӕджы зӕд дыккаг хатт рацыд, бандзӕвыд ыл ӕмӕ та йын загъта: «Сыст ӕмӕ уал хӕргӕ бакӕн — дард фӕндагыл цӕугӕ дын у».

8 Илийа сыстади, бахордта ӕмӕ бануӕзта. Уыцы хӕрд-нозт ын уыйас ахъаз фӕцис, ӕмӕ фӕцыди дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, цалынмӕ Хуыцауы хохмӕ, Хоревмӕ, бахӕццӕ ис, уӕдмӕ.

9 Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»

10 Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Дунедарӕджы фӕдзӕхст Илийайӕн

11 Дунедарӕг ын загъта: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ хохы сӕрыл Дунедарӕджы раз ӕрлӕуу!» Уалынмӕ тӕссаг ӕмӕ тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ хӕхтӕ фаркгай фӕхаудысты, къӕдзӕхтӕ базгъӕлӕнтӕ сты, фӕлӕ Дунедарӕг дымгӕйы мидӕг нӕ разынд. Уый фӕстӕ зӕхх нынкъуысти, фӕлӕ уым дӕр нӕ разынди Дунедарӕг.

12 Зӕххӕнкъуысты хӕдуӕлвӕд ссыгъди пиллон арт, фӕлӕ уый мидӕг дӕр нӕ разынди Дунедарӕг. Фӕлӕ арт куы ахуыссыд, уӕд ӕрыхъуысти ӕдзӕм ӕмӕ фӕлмӕн хъӕлӕс.

13 Илийа йӕ куы айхъуыста, уӕд йӕ пӕлӕзӕй йӕ цӕсгом ӕрбамбӕрзта, афтӕмӕй рацыд ӕмӕ лӕгӕтмӕ бацӕуӕны ӕрлӕууыд. Цавӕрдӕр хъӕлӕс ӕй бафарста: «Ам цы архайыс, Илийа?»

14 Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд, удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм фехӕлдтой, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты та Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».

15 Дунедарӕг ын загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ Дамаскы ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕмӕ куы бахӕццӕ уай, уӕд-иу уым Хазаелы байсӕрд ӕмӕ йӕ скӕн Сирийы паддзах.

16 Уый фӕстӕ-иу байсӕрд Нимшийы фырт Йегуйы, ӕмӕ йӕ скӕн Израилы паддзах. Авел-Мехолӕйаг Шафаты фырт Елисейы дӕр-иу байсӕрд ӕмӕ йӕ пехуымпар скӕн дӕ бӕсты.

17 Хазаелы кардӕй чи аирвӕза, уый йӕ мӕлӕт ссардзӕн Йегуйы къухӕй, Йегуйы кардӕй чи аирвӕза, уый та йӕ мӕлӕт ссардзӕн Елисейы къухӕй.

18 Ӕцӕг, Израилы адӕмӕй авд мин лӕджы ныууадздзынӕн сӕрӕгасӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ничи ӕрзоныг кодта Баалы раз, ничи йын аба кодта йӕ гуымирыйӕн».

19 Илийа Хоревы хохӕй куы ӕрхызт, уӕд амбӕлди Шафаты фырт Елисейыл. Уый галты дыууадӕс цӕдыл хуым кодта, йӕхӕдӕг та цыди дыууадӕсӕмы фӕдыл. Илийа йӕ цурты куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл йӕ пӕлӕз баппӕрста,

20 ӕмӕ уыйадыл Елисей фӕуагъта йӕ галтӕ, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йӕм бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ ма мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн хӕрзбоны охыл аба кӕнон, стӕй рацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Уый йын загъта: «Цу, фӕлӕ дӕ ма ферох уӕд, цы дын бакодтон, уый! Фӕстӕмӕ-иу мӕм раздӕх».

21 Елисей йӕ галтӕм бацыд ӕмӕ дзы дыууӕйы акусарт кодта. Уый фӕстӕ сын се ’фсондз сугӕн ныссаста ӕмӕ кусӕрттӕгтӕ сфыхта, дзидзатӕ та адӕмыл байуӕрста, ӕмӕ фӕминас кодтой. Елисей йӕхӕдӕг та араст Илийайы фӕдыл ӕмӕ йын лӕггад кодта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan