3 Паддзахӕдтӕ 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИлийа лӕууы паддзахы раз 1 Уӕдӕй фӕстӕмӕ рацыди дыууӕ азӕй фылдӕр. Ӕмӕ иуахӕмы Дунедарӕг Илийайӕн загъта: «Паддзах Ахавмӕ бацу, ӕмӕ Ӕз къӕвда ратдзынӕн зӕххӕн». 2 Илийа араст ис Ахавмӕ, цӕмӕй йӕ разы ӕрлӕууа. Ныр Самарийы та скодта ӕвирхъау стонг заман. 3 Ахав йӕ галуаны уагдар Овадиамӕ басидт. (Уый зӕрдиагӕй аргъуыц кодта Хуыцауӕн. 4 Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.) 5 Ӕмӕ Ахав Овадиайӕн загъта: «Нӕ бӕстӕйы суадӕттӕ ӕмӕ къададӕттыл ӕрзилӕм, кӕд сӕ рӕбынты искуы кӕрдӕджы хал разынид ӕмӕ нӕ бӕхтӕ ӕмӕ нӕ хӕргӕфсыты фервӕзын кӕниккам, нӕ фосӕй дӕр нӕ ӕргӕвдын кӕд ницы бахъӕуид». 6 Цы зӕххыл ӕрзилинаг уыдысты, уый се ’хсӕн адих кодтой, ӕмӕ Ахав иуӕрдӕм ацыд, Овадиа та — ӕндӕрӕрдӕм. 7 Овадиа йӕ фӕндагыл иу цасдӕр куы ауад, уӕд ыл амбӕлдис Илийа, йӕ ныхмӕ ӕрбацӕйцыд. Овадиа зӕххыл ныддӕлгом йӕ разы ӕмӕ загъта: «Уый ды дӕ, ме ’лдар Илийа?» 8 Уый йын дзуапп радта: «Цу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа, зӕгъ, ам ис!» 9 Овадиа йын тарстхуызӕй афтӕ: «Цӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕн ӕз, дӕ цагъар, ӕмӕ мӕ Ахавы амӕттаг бакӕнай? Амардзӕни мӕ. 10 Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй! Иу адӕм, иу паддзахад дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ мӕ хицау дӕу агурӕг кӕдӕм нӕ арвыста. Куы-иу ын загътой дӕуӕй, махмӕ нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ард бахӕрын кодта уыцы ӕмӕ уыцы адӕмӕн кӕнӕ уыцы ӕмӕ уыцы паддзахӕн, уыдонмӕ кӕй нӕ разындтӕ, ууыл. 11 Ды та мын афтӕ зӕгъыс, цу ӕмӕ дӕ паддзахӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ. 12 Ӕз ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд дӕу, чи зоны, Дунедарӕджы Уд ахӕсса, кӕдӕм, уый нӕ зонын. Ӕмӕ Ахавӕн куы зӕгъон дӕу тыххӕй, ӕмӕ дӕ уый куы не ссара, уӕд мӕ амардзӕн. Ӕз та, дӕ цагъар, ме ’взонгӕй нырмӕ дӕр Хуыцауӕн аргъуыц кӕнын. 13 Ау, ничи дын фехъусын кодта, ме ’лдар, ӕз цы бакодтон, уый? Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты марын куы райдыдта, уӕд сӕдӕ пехуымпары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхстон ӕмӕ сын уырдӕм хӕрд ӕмӕ нозт хастон. 14 Ды та мын афтӕ зӕгъыс, цу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ. Ахавӕн уый куы зӕгъон, уӕ мӕ ӕнӕ амаргӕ нал ныууадздзӕн!» 15 Илийа йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сомы дын кӕнын Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, абон мӕхи равдисдзынӕн Ахавмӕ». Илийа адӕммӕ Кармелы хохмӕ сиды 16 Овадиа ацыд Ахавмӕ ӕмӕ йын Илийайы тыххӕй куы фехъусын кодта, уӕд уый ӕвӕстиатӕй йӕ размӕ араст. 17 Илийайы куы ауыдта, уӕд ын загъта: «Уый ды дӕ, Израилы адӕмы бӕллӕхы чи баппӕрста, уый?» 18 Илийа йын дзуапп радта: «Израилы адӕмы ӕз нӕ баппӕрстон бӕллӕхы, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ мыггаг, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытыл уӕхи кӕй атигъ кодтат ӕмӕ Баалтӕм кувын кӕй байдыдтат, уый тыххӕй. 19 Ныр цу ӕмӕ мын Кармелы хохы сӕрмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы, стӕй Баалы цыппарсӕдӕ фӕндзай пехуымпары, ноджы ма, Иезавелы хардзӕй йӕ гуыбын чи ӕфсады, уыдоны — Ашерӕйы цыппарсӕдӕ пехуымпары». 20 Ахав Израилы адӕммӕ дӕр ӕмӕ ацы пехуымпартӕм дӕр фӕдзурын кодта Кармелы хохы сӕрмӕ. 21 Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта. 22 Илийа сын загъта: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма иунӕг ӕз баззадтӕн, Баалы пехуымпартӕ та цыппарсӕдӕ фӕндзай сты. 23 Гъемӕ дыууӕ уӕныджы ӕрбакӕнут. Баалы пехуымпартӕ дзы сӕхицӕн иу равзарӕнт, суӕнгтӕ йӕ кӕнӕнт ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сугты уӕлӕ сӕвӕрӕнт, ӕрмӕст арт ма бандзарӕнт. Ӕз дӕр иннӕ уӕныджы ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн, сугты уӕлӕ йӕ сӕвӕрдзынӕн, фӕлӕ арт нӕ бандзардзынӕн. 24 Уӕд-иу Баалы пехуымпартӕ сӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсидӕнт, ӕз дӕр Йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсиддзынӕн Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ. Ӕмӕ сӕ дыууӕйӕ арт чи ратта, уый уыдзӕни Хуыцау». Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Фӕуӕд афтӕ!» Кӕцы Хуыцау ӕркалдзӕни арт уӕларвӕй? 25 Илийа загъта Баалы пехуымпартӕн: «Бирӕ стут ӕмӕ уал сымах райдайут. Уӕнгуытӕй иу равзарут, ӕрцӕттӕ йӕ кӕнут ӕмӕ уӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсидут, ӕрмӕст арт ма бандзарут». 26 Уыдон сӕ нывондаджы ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ райсомӕй сихормӕ Баалмӕ йӕ номӕй хъӕрӕй сидтысты, Баал, фехъус нӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ кувгӕ-кувын сӕ нывондхӕссӕны алыварс гӕппытӕ кодтой ӕмӕ кафыдысты. Фӕлӕ сӕм иу сым дӕр ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуысти. 27 Сихорафон сӕ Илийа хынджылӕг кӕнын байдыдта: «Тынгдӕр хъӕр кӕнут, хуыцау уын куы у! Уӕд та йӕ хъуыдыты аныгъуылд, хъуыддаджы лӕуд у, фӕндагыл ис кӕнӕ фынӕй кӕны? Райхъал ӕй кӕнут!» 28 Ӕмӕ хъӕрахст самадтой. Се ’гъдаумӕ гӕсгӕ ма суанг кӕрдтӕ ӕмӕ ӕрцытӕй дӕр сӕхи рӕхуыстой, ӕмӕ сӕ туг лӕсӕнтӕ кодта сӕ уӕлӕ. 29 Сихорафон аивгъуыдта, адон та се ’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта. 30 Уӕд Илийа адӕмӕн загъта: «Ӕввахс-ма мӕм ӕрбалӕуут!» Ӕмӕ йӕм сӕхи ӕрбаввахс кодтой. Илийа бавнӕлдта Дунедарӕджы пырх нывондхӕссӕн ногӕй саразынмӕ. 31 Дунедарӕг, Израил уыдзӕни дӕ ном, зӕгъгӕ, кӕмӕн загъта, уыцы Йаковы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ Илийа дыууадӕс дуры райста 32 ӕмӕ дзы Дунедарӕджы номыл сарӕзта нывондхӕссӕн, йӕ алыварс та йын, дыууӕ мӕрты бӕрц хор кӕм бацӕуа, ахӕм уӕрм скъахта. 33 Уый фӕстӕ нывондхӕссӕныл сугтӕ равӕрдта, уӕныджы суӕнгтӕ кодта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сугты уӕлӕ сӕвӕрдта 34 ӕмӕ загъта: «Цыппар дурыны дзаг дон ауадзут иууылсудзинаг нывондыл ӕмӕ сугтыл». Стӕй ма сыл ноджыдӕр дыууӕ хатты фӕйнӕ уый бӕрцы дон рауадзын кодта. 35 Дон нывондхӕссӕны алыварсмӕ ӕркалди ӕмӕ къахт донӕй байдзаг ис. 36 Изӕры нывонд хӕссын афон пехуымпар Илийа нывондхӕссӕнмӕ бацыд ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Израилы Хуыцау! Ацы бон иууылдӕр базонӕнт, Ды Израилӕн иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, ӕз та Дӕ лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн ӕмӕ ацы хъуыддаг иууылдӕр Дӕ дзырдӕй кӕй бакодтон, уый. 37 Фехъус мӕ, Дунедарӕг, фехъус мӕ! Ацы адӕм базонӕнт, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ та сын сӕ зӕрдӕ Дӕхи ’рдӕм кӕй раздахдзынӕ, уый». 38 Уыйадыл Дунедарӕг арвӕй ӕркалдта арт, ӕмӕ уыцы арт бахордта канд иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сугтӕ нӕ, фӕлӕ дуртӕ дӕр, нывондхӕссӕны алыварс сыджыт дӕр ӕмӕ, къахты цы дон уыди, уый дӕр. 39 Уый фенгӕйӕ, адӕм иууылдӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ загътой: «Дунедарӕг — нӕ Хуыцау! Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!» 40 Илийа сын загъта: «Баалы пехуымпарты ӕрцахсут, иу дӕр сӕ куыннӕ аирвӕза, афтӕ». Ӕрцахстой сӕ, ӕмӕ сӕ Илийа Кишоны мӕсчъы донмӕ акодта ӕмӕ сӕ уым амарын кодта. Хус рӕстӕджы кӕрон 41 Илийа Ахавӕн загъта: «Цу, хӕр ӕмӕ нуаз! Ныр мӕ хъустыл къӕвдайы уынӕр уайы». 42 Ӕмӕ Ахав минас кӕнынмӕ ацыд, Илийа та Кармелы хохмӕ ссыди, зӕхмӕ ӕргуыбыр кодта, йӕ сӕр йӕ уӕрджыты ’хсӕн бакодта 43 ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Цу-ма, денджызы ’рдӕм акӕс». Уый ацыд, афӕлгӕсыд ӕмӕ загъта: «Ницы дзы зыны». Афтӕ йӕ Илийа арвыста авд хатты. 44 Ӕвдӕм хатт ӕй куы арвыста, уӕд ын йӕ лӕггадгӕнӕг загъта: «Денджызы ’рдыгӕй армытъӕпӕны йас мигъ ссӕуы». Илийа йын загъта: «Цу ӕмӕ Ахавӕн фехъусын кӕн: дӕ уӕрдон, зӕгъ, сифтындз ӕмӕ хӕдзармӕ фӕтагъд кӕн, цалынмӕ дӕ къӕвда нӕ раййӕфта, уӕдмӕ». 45 Ахав ӕвӕстиатӕй йӕ уӕрдоны абадт ӕмӕ Изреелмӕ ацыди. Уалынмӕ дымгӕ ӕрбахаста мигътӕ, ӕмӕ тӕрккъӕвда ныккалдта. 46 Ныр Илийайыл та Дунедарӕг йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ уый йӕ фӕччитӕ йӕ роны атъыста ӕмӕ Ахавы уӕрдоны разӕй суанг Изреелы онг фезгъордта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia