Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Пехуымпар Илийайы рагуац хус рӕстӕджы тыххӕй

1 Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Дунедарӕг ауды Илийайыл

2 Дунедарӕг Илийайӕн загъта:

3 «Дӕ сӕр бафснай. Ацу скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы фалемӕ, ӕмӕ уым къададон Кериты былгӕрон дӕхи бамбӕхс.

4 Йӕ донӕй йын сӕтдзынӕ дӕ дойны, сынтытӕн та Ӕз бафӕдзӕхстон, ӕмӕ дын хӕринаг хӕсдзысты уырдӕм».

5 Илийа Дунедарӕгмӕ байхъуыста, Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызт ӕмӕ царди Кериты былгӕрон.

6 Сынтытӕ йын уырдӕм ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр хастой дзул ӕмӕ дзидза. Кериты донӕй та Илийа саста йӕ дойны.

7 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Кериты къада бахуыскъ, уымӕн ӕмӕ къӕвдатӕ нал уарыд.

8 Дунедарӕг та Илийайӕн загъта:

9 «Ацу сидойнаг сахар Сарептӕмӕ ӕмӕ уал уым цӕр. Ӕз уым иу идӕдз усӕн загътон, ӕмӕ дӕ уый хӕрд ӕмӕ нозтӕй цух нӕ уадздзӕн».

10 Ӕмӕ Илийа уырдыгӕй араст ис Сарептӕмӕ. Сахары кулдуармӕ куы бахӕццӕ, уӕд дын кӕсы, ӕмӕ уым иу сылгоймаг артӕн каухалӕнтӕ ӕмбырд кӕны. Фӕдзырдта йӕм ӕмӕ йын загъта: «Истӕм-ма мын дон рахӕсс ӕмӕ бануазон».

11 Ус куы фӕцӕйуад, уӕд ма йӕ фӕстӕ адзырдта: «Иу дзулы къӕбӕр дӕр ма мын-иу райс демӕ».

12 Уый йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, къӕбӕры мур мӕм нӕй. Ӕрмӕстдӕр мӕм дурыны мидӕг ис иу армыдзаг ссад, хъуырауы мидӕг та — иу чысыл сой. Ӕмӕ мӕнӕ суджы дыууӕ лыггаджы ахӕссон, фӕстаг хӕринаг скӕнон мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн, стӕй амӕлдзыстӕм».

13 Илийа йын загъта: «Ацу ӕмӕ скӕн, цы загътай, уый. Ӕрмӕст уал фыццаг мӕнӕн иу гыццыл сойыфых акӕн ӕмӕ мын ӕй ардӕм рахӕсс. Дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн та уый фӕстӕ скӕндзынӕ. Мацӕмӕй тӕрс,

14 уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ссады дурын не сафтид уыдзӕни ӕмӕ сой дурыны нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕни, цалынмӕ Дунедарӕг зӕхмӕ къӕвда рауадза, уӕдмӕ“».

15 Сылгоймаг ацыд ӕмӕ йын Илийа куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕмӕ афтӕмӕй се ’ртӕ дӕр цасдӕр рӕстӕджы дӕргъы хӕрдхъуаг нӕ уыдысты.

16 Дурыны ссад нӕ куынӕг кодта, хъуырауы дӕр сой нӕ къаддӕр кодта, Дунедарӕг Илийайы уылты куыд загъта, афтӕ.


Пехуымпар Илийа райгас кодта идӕдзы лӕппуйы

17 Иуахӕмы идӕдз усӕн, Илийайы фысымӕн, йӕ лӕппу фӕрынчын ис. Низ ыл бынтондӕр стыхджын, ӕмӕ куынӕуал улӕфыд,

18 уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»

19 Илийа йын загъта: «Ӕри-ма мӕм дӕ лӕппуйы». Ӕмӕ йын лӕппуйы йӕ хъӕбысӕй райста, пехуымпарӕн уӕлхӕдзары цы хатӕн уыд, уырдӕм ӕй систа, уым ӕй йӕ сынтӕгыл ӕрӕвӕрдта

20 ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Ау, мӕн чи суазӕг кодта, уыцы идӕдз усы бафхӕрдзынӕ, йӕ лӕппуйы йын амардзынӕ?»

21 Ӕртӕ хатты дӕлгоммӕ ӕрфӕлдӕхти сабийыл ӕмӕ-иу алы хатт дӕр скуывта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Ацы сабийӕн йӕ уд фӕстӕмӕ йӕ мидӕг бацӕуӕд!»

22 Дунедарӕг Илийайы куывд фехъуыста, ӕмӕ сабийӕн йӕ уд фӕстӕмӕ йӕ мидӕг бацыд, ӕмӕ райгас.

23 Уӕд ӕй Илийа йӕ хъӕбысмӕ систа, фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕриста, йӕ мадмӕ, ӕмӕ загъта: «Ӕрбакӕс-ма, дӕ лӕппу ӕгас у».

24 Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ныр ӕй зонын, ды Хуыцауы минӕвар дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй цы дзурыс, ууыл ӕцӕгӕйдӕр ис ӕууӕндӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan