Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иудейы паддзах Авиам

1 Наваты фырт Йоровамы паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз Иудейӕн паддзах сси Авиам.

2 Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕртӕ азы. Йӕ мад уыди Авессаломы чызг Мааха.

3 Авиам алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ размӕ йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ. Йӕ фыдӕл Давиды хуызӕн иузӕрдион нӕ уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл.

4 Фӕлӕ йын уӕддӕр Дунедарӕг Хуыцау йӕ паддзахы хӕдзарвӕндаджы цырагъ ахуыссын нӕ бауагъта, йӕ фӕстӕ йын паддзах скодта йӕ фырты ӕмӕ бахъахъхъӕдта Йерусалим. Уыдӕттӕ бакодта Давиды сӕр нымайгӕйӕ,

5 уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.

6 Роховам ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн цы хӕстытӕ райдыдтой, уыдон цыдысты, цалынмӕ Авиам паддзахиуӕг кодта, уӕдмӕ.

7 Авиамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, цыдӕриддӕр бакодта, уыдон, фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». Авиам ӕмӕ Йоровамы ’хсӕн цыди хӕстытӕ.

8 Авиам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса.


Иудейы паддзах Аса

9 Израилы паддзах Йоровамы паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Аса.

10 Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта иу ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ фыдымад уыди Авессаломы чызг Мааха.

11 Аса, йӕ фыдӕл Давидау, арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ.

12 Йӕ зӕххӕй фӕсырдта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, аппӕрста, йӕ фыдӕлтӕ цы хуыцаугӕндтӕ скодтой, уыдон.

13 Суанг ма йӕ фыдымад Маахайӕн дӕр айста йӕ ус-паддзахы кады ном, Ашерӕйы ӕлгъаг гуымиры кӕй саразын кодта, уый тыххӕй. Аса бардзырд радта, цӕмӕй уыцы гуымирыйы акъуырой ӕмӕ йӕ Кедроны тӕрфы басудзой.

14 Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта. Фӕлӕ уӕддӕр Аса цӕрӕнбонты иузӕрдион уыди Дунедарӕгыл.

15 Аса Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бахаста, йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр Кувӕндонӕн цы снывонд кодтой, уыдон: ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ алы дзауматӕ.

16 Аса цӕрӕнбонты хӕцыди Израилы паддзах Баасаимӕ.

17 Иуахӕмы Израилы паддзах Бааса бабырста Иудеймӕ ӕмӕ уым Рамайы сахары аразын райдыдта фидар, цӕмӕй, ууылты Иудейы паддзах Асамӕ цы фӕндаг цӕуы, уый ӕрӕхгӕна ӕмӕ йыл дыууӕрдӕм дӕр цӕуӕн мауал уа.

18 Уӕд Аса йӕ минӕвӕртты арвыста Дамаскмӕ, Сирийы паддзах Бен-Хададмӕ, Хезионы фырт Тавримоны фыртмӕ. Минӕвӕрттимӕ йын арвыста лӕвӕрттӕ, Кувӕндон ӕмӕ галуаны хӕзнадӕтты ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Сирийы паддзахӕн зӕгъой:

19 «Демӕ мӕ фӕнды цӕдис скӕнын, мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды ’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Цӕдисы нысанӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ курын: Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал ӕмӕ бацархай, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй айса йӕхи».

20 Бен-Хадад сразы ис паддзах Асайы фӕндоныл ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ арвыста Израилы ныхмӕ. Уыдон бацахстой Израилы сахартӕ Ийон, Дан, Авел-Бет-Мааха, уыимӕ Неффалимы хӕдзарвӕндаджы ӕппӕт зӕхх, стӕй Киннереты алыварс зӕххытӕ иууылдӕр.

21 Бааса уыцы хабар куы базыдта, уӕд ныууагъта Рамайы фидар аразын ӕмӕ аздӕхти Тирцайы сахармӕ.

22 Ныр паддзах Аса та фӕдзырдта иудейӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, фӕстаг лӕджы онг иууылдӕр куыд ӕрбацӕуой, афтӕ. Рамайы сахарӕй сын рахӕссын кодта, Бааса фидар аразынӕн дурӕй, хъӕдӕй цыдӕриддӕр ӕрмӕг ӕрцӕттӕ кодта, уыдон ӕмӕ уыцы ӕрмӕгӕй ногӕй рацарӕзта, Бениамины зӕххыл цы сахартӕ уыд, уыдон — Гевӕ ӕмӕ Мицпа.

23 Асайы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, йе ’хсар, цы сгуыхтдзинӕдтӕ равдыста ӕмӕ цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». Зӕрондырдӕм йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ цӕуынхъом нал уыд.

24 Аса куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат.


Израилы паддзах Надав — Йоровамы мыггаджы фӕстаг паддзах

25 Йоровамы фырт Надав Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм аз. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.

26 Йӕ фыдау уый дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ, Йоровам Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.

27 Ахийайы фырт Бааса, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ амардта филистимаг сахар Гиббетоны цур, Надав ӕмӕ ӕгас Израил сахарыл куы ӕрхъула кодтой, уыцы заман.

28 Бааса йӕ амардта ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз.

29 Бааса паддзах куы сси, уӕд Йоровамы мыггаг ныццагъта, иуы дӕр дзы нал ныууагъта, Дунедарӕг йӕ лӕггадгӕнӕг силомаг Ахийайы уылты куыд загъта, афтӕ.

30 Уыцы карз ӕфхӕрд сыл ӕрцыдис, Йоровам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл хӕст кӕй уыди, Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕдтыл кӕй бафтыдта ӕмӕ уымӕй Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, кӕй смӕсты кодта, уый тыххӕй.

31 Надавы иннӕ хабӕрттӕ, цыдӕриддӕр бакодта, уыдон фыст ӕрцыдысты «Израилы паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

32 Аса ӕмӕ Израилы паддзах Баасайы ’хсӕн ӕдзух цыди хӕстытӕ.


Израилы паддзах Баасайы тыххӕй

33 Иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз Ахийайы фырт Бааса Тирцайы сахары сси Израилы паддзах ӕмӕ йын паддзахиуӕг фӕкодта цыппар ӕмӕ ссӕдз азы.

34 Бааса кодта, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ, фӕзмыдта, Израилы адӕмы тӕригъӕдты чи бафтыдта, уыцы тӕригъӕдджын Йоровамы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan