Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Соломон кувы иннӕ адӕмты хуыцӕуттӕм

1 Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,

2 кӕд ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн уыцы адӕмты тыххӕй афтӕ фӕдзӕхста, семӕ хӕстӕгдзинад ма бакӕнут, намӕ уӕ ӕнӕмӕнг сӕ хуыцӕуттӕм кувыныл фӕцахуыр кӕндзысты, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ Соломоны зӕрдӕ ӕгӕр уарзӕгой разынд уыцы ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕм.

3 Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.

4 Куы базӕронд ис, уӕд ӕй фӕцахуыр кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл, ӕмӕ йӕ фыд Давидау тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, зӕгъгӕ, уый зӕгъӕн дзы нал уыд.

5 Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.

6 Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттыл бафтыд, йӕ фыд Давидӕй хъауджыдӕр, зӕрдиаг ӕмӕ удуӕлдай лӕггад нал кодта Дунедарӕгӕн.

7 Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.

8 Ахӕм кувӕн къуыбыртӕ скодта йе ’ппӕт ӕндӕрбӕстаг устыты хуыцӕуттӕн дӕр, ӕмӕ сын уыдон уымыты сӕ номыл сыгътой буд ӕмӕ кодтой кусӕрттӕ.

9-10 Дунедарӕг уыдӕтты тыххӕй смӕсты ис Соломонмӕ. Кӕддӕр ӕм дыууӕ хатты фӕзынд ӕмӕ йын дыууӕ хатты дӕр бафӕдзӕхста, ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кув, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ныр Соломон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, уыцы фӕдзӕхст нал ӕххӕст кодта.

11 Уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Афтӕ кӕй кӕныс, не ’хсӕн цы фидыд уыд, уый кӕй фехӕлдтай ӕмӕ дын цы уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон кӕй не ’ххӕст кӕныс, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ паддзахдзинад байсдзынӕн ӕмӕ йӕ дӕ цагъарӕн ратдзынӕн.

12 Ӕцӕг дын, дӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, де ’гасӕй нӕ бакӕндзынӕн уыцы хъуыддаг. Дӕ паддзахдзинад дын ратондзынӕн дӕ фырты къухтӕй.

13 Фӕлӕ уый къухтӕй дӕр паддзахдзинад ӕнӕхъӕнӕй нӕ байсдзынӕн. Дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй ма йын иуы ныууадздзынӕн, мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Йерусалимы сахар кӕй равзӕрстон, уый фӕрцы».


Хуыцау Соломоны ныхмӕ самидин кодта фыдгулты

14 Дунедарӕг Соломонӕн йӕ ныхмӕ сардыдта йе знаджы: Едомы паддзӕхты мыггаджы байзӕддаг Хадады.

15-17 Кӕддӕр Давид едомӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд ма Хадад чысыл лӕппу уыд ӕмӕ йӕ фыды фӕсдзӕуинтӕй цалдӕримӕ Мысырмӕ алыгъд. Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Давиды ӕфсады хицау Йоав араст, Едомы зӕххыл израилаг хӕстонтӕй чи фӕмард, уыдоны мӕрдтӕ баныгӕнынмӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ Едомы фӕци ӕхсӕз мӕйы бӕрц, цалынмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты иууылдӕр ныццагъта, уӕдмӕ.

18 Хадад йӕ фӕсдзӕуинтимӕ араст ис Мидианӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Паранмӕ. Уырдыгӕй ма семӕ ракодтой иу къорд лӕджы ӕмӕ ацыдысты фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ. Фараон Хададӕн радта хӕдзар ӕмӕ зӕххы хай, фӕкасти йӕм хӕлцӕй дӕр.

19 Фараоны зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыди Хадад, ӕмӕ йын бинойнагӕн радта йӕ ус-ӕхсин Тахпенесы хойы.

20 Тахпенесы хо Хададӕн ныййардта фырт, йӕ ном Генуват. Тахпенес бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ хъомыл кӕной фараоны галуаны, ӕмӕ Генуват галуаны царди фараоны фырттимӕ иумӕ.

21 Хадад Мысыры фехъуыста, зӕгъгӕ, Давид йӕ фыдӕлты размӕ бацыд, йе ’фсады хицау Йоав дӕр амард, ӕмӕ фараонмӕ бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ мӕ фыдызӕхмӕ ацӕуон».

22 Фараон ӕй бафарста: «Исты хъуаг мӕм ӕййафыс, мыййаг? Цӕмӕн дӕ фӕнды дӕ фыдызӕхмӕ ацӕуын?» Хадад ын дзуапп радта: «Ӕз хъуаг ницӕмӕй ӕййафын, фӕлӕ дӕ уӕддӕр курын, ауадз мӕ».

23 Хуыцау Соломоны ныхмӕ сардыдта Елйадайы фырт Резоны дӕр. Уый алыгъд йӕ паддзахӕй — Цовайы паддзах Адад-Езерӕй,

24 Давид Адад-Езерӕн йе ’фсад куы ныддӕрӕн кодта, уӕд Резон ӕрӕмбырд кодта адӕмы, сӕ балхон сси ӕмӕ иуахӕмы бабырста Дамаскмӕ, бацахста йӕ, ӕмӕ йӕ уым адӕм спаддзах кодтой.

25 Афтӕмӕй Резон сси Сирийы паддзах ӕмӕ, цалынмӕ Соломон царди, уӕдмӕ уый дӕр Хададау ӕдзух архайдта Израилы ныхмӕ, кастис ӕм фыдгулы цӕстӕй.

26 Соломоны лӕггадгӕнджытӕй дӕр иу, Йоровам, зӕгъгӕ, ефремон, паддзахы ныхмӕ сыстади. Йоровам, Наваты фырт, уыди Цередайы сахарӕй, йӕ фыд ӕгас нал уыд ӕмӕ йӕ мад Цериа царди идӕдзӕй.

27 Ныр паддзахы ныхмӕ кӕй фӕци, уымӕн та йӕ хъуыддаг уыди афтӕ. Соломон ногӕй аразын райдыдта Миллойы зылд, ӕмпъызта йӕ фыд Давиды сахары быруйы хуынкъ.

28 Йоровам та ӕрыгон, фӕлӕ сӕрӕн лӕг уыд. Ӕмӕ, хъуыддаджы лӕг кӕй у, уый Соломон куы федта, уӕд ӕй Йосеф ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл бегарайы куыстытӕм скодта цӕстдарӕг.

29 Уыцы заман Йоровам рацыд Йерусалимӕй, ӕмӕ йыл фӕндагыл, йӕ уӕлӕ ног пӕлӕз, афтӕмӕй амбӕлд Ахийа-пехуымпар, Силомы сахайраг. Сӕхицӕй уӕлдай сӕ разы ничи уыд.

30 Ӕмӕ Ахийа йӕ ног пӕлӕз раласта, дыууадӕс хӕцъилыл ӕй аскъуыдтӕ кодта

31 ӕмӕ Йоровамӕн загъта: «Адонӕй дӕс хӕцъилы дӕхицӕн айс. Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ӕз Соломоны къухӕй байсдзынӕн паддзахад ӕмӕ дын дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй дӕс дӕ къухы бакӕндзынӕн.

32 Соломонӕн ма дзы, Мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Мӕхицӕн Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты зӕххытӕй цы сахар равзӕрстон, уыцы Йерусалимы сӕраппонд ныууадздзынӕн иу.

33 Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.

34 Ӕцӕг, паддзахад Соломонӕн йӕхи къухӕй нӕ байсдзынӕн. Йӕ амӕлӕты бонмӕ йын ӕй ныууадздзынӕн, Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кодта, кӕй равзӕрстон, Мӕ уыцы цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ.

35 Уый фӕстӕ йӕ байсдзынӕн йӕ фырты къухӕй ӕмӕ дзы дӕуӕн ратдзынӕн дӕс хӕдзарвӕндаджы,

36 уый фыртӕн та дзы ратдзынӕн иу хӕдзарвӕндаг, цӕмӕй Мӕхицӕн, Мӕ ном дзы цӕра, зӕгъгӕ, кӕй равзӕрстон, уыцы сахар Йерусалимы мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды цырагъ макуы ахуысса.

37 Дӕу та Ӕз паддзахӕй ӕвзарын, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзынӕ, цӕуыл дӕ бафӕнда, ууыл цӕудзӕн дӕ бар, ды уыдзынӕ Израилы паддзах.

38 Ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый Мын, Мӕ цагъар Давидау, куы аразай, Мӕ фӕдыл куы цӕуай, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттыл дӕхи куынӕ тигъ кӕнай ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дыл ауддзынӕн. Давидау дӕуӕн дӕр дӕ паддзахы хӕдзарвӕндаг сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, Израил дын бакӕндзынӕн дӕ къухы.

39 Давиды байзӕддӕгтӕ мыл сӕхи кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ мыггагмӕ нӕ“».

40 Соломон бахъавыд Йоровамы амарынмӕ, фӕлӕ уый ӕвӕстиатӕй алыгъди Мысырмӕ, Мысыры паддзах Шишакмӕ, ӕмӕ Соломоны амӕлӕты бонмӕ царди уым.


Соломоны паддзахиуӕджы кӕрон

41 Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл та, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ куырыхон зондыл дзырдӕуы Соломоны хъуыддӕгты чиныджы.

42 Соломон Израилӕн Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы.

43 Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan