Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Савайы ус-паддзах — Соломоны уазӕг

1 Соломон Дунедарӕгӕн стыр кад кӕй кодта ӕмӕ номджын паддзах кӕй сси, уый Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст, ӕмӕ йӕм ӕрбацыди базон-базонтӕй йӕ бафӕлварынмӕ.

2 Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ йын Йерусалиммӕ теуатыл ӕрбаласта бирӕ хъӕздыг лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, тынг бирӕ сыгъзӕрин ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд ын, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ фӕдзырдта.

3 Ӕмӕ йын Соломон йӕ фӕрстытӕй иу дӕр ӕнӕдзуапп нӕ ныууагъта.

4 Савайы ус-паддзахӕн фыр дисӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, Соломоны куырыхон зонд ын иууылдӕр куы сбӕрӕг, уӕд. Афӕлгӕсыд ын йӕ галуаныл дӕр,

5 федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.

6 Уый Соломонӕн загъта: «Савайы дӕу тыххӕй цы хабӕрттӕ фехъуыстон, дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ куырыхон зонды тыххӕй, уыдон ӕцӕг разындысты.

7 Фӕлӕ мӕ нӕ уырныдтой, цалынмӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дӕ мӕхи цӕстытӕй федтон, уӕдмӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыг исбон дзӕвгар фылдӕр куы сты, ӕз сӕ цы фехъуыстон, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕн мын се ’мбисы бӕрц дӕр нӕ радзырдтой.

8 Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон.

9 Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕхцон Кӕмӕн уыдтӕ ӕмӕ дӕ Израилы паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта! Дунедарӕг Израилы адӕмы мыггагмӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕ скодта сӕ паддзах, цӕмӕй сын хӕссай рӕстаг тӕрхон».

10 Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты, тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ балӕвар кодта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.

11 Хирамы наутӕ дӕр, Соломонӕн Офирӕй сыгъзӕрин чи ласта, уыдон, уырдыгӕй ноджыдӕр ӕрбаластой тынг бирӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ хӕзнадуртӕ.

12 Уыцы хъӕдӕрмӕгӕй Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ йӕ Галуанӕн скодта цӕджындзтӕ. Ноджы ма дзы Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕн скодта хъисфӕндыртӕ ӕмӕ дыууадӕстӕнонтӕ. Ахӕм диссаджы хъӕдӕрмӕг ныронг никуыма ӕрбафтыд Йерусалиммӕ.

13 Паддзах Соломон йӕхӕдӕг дӕр Савайы ус-паддзахы сбуц кодта йӕ лӕвӕрттӕй, ноджы ма йын радта, йӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ дзы йӕхи дзыхӕй цыдӕриддӕр ракуырдта, уыдӕттӕ дӕр. Ӕмӕ Савайы ус-паддзах йӕ фӕсдзӕуинтимӕ сӕхимӕ аздӕхт.


Паддзах Соломоны ӕмбисонды хъӕздыгдзинад

14 Соломонмӕ ӕрвылаз цы сыгъзӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз таланты.

15 Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин хӕццӕ кодта йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджерты куыстӕй, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕй ӕмӕ Аравийы паддзӕхтӕй дӕр.

16 Соломон скодта дзӕбугӕй цагъд ӕмӕ сыгъзӕринӕй астӕрд дыууӕсӕдӕ стыр уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.

17 Ноджы ма скодта ӕртӕсӕдӕ чысыл уарты, уыдон дӕр дзӕбугӕй цагъд сыгъзӕринӕй астӕрд, сӕ сыгъзӕрины уӕз уыди фӕйнӕ ӕртӕ минӕйы. Паддзах уыцы уартытӕ иууылдӕр бафснайдта Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны.

18 Соломон пылыстӕгӕй скодта паддзахы егъау къӕлӕтджын ӕмӕ йӕ састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.

19-20 Паддзахы къӕлӕтджынмӕ цыди ӕхсӕз къӕпхӕны, ӕмӕ алы къӕпхӕнӕн дӕр йӕ фӕйнӕ кӕроны лӕууыди фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы, цонгӕнцайӕнты цур дӕр — фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы. Йӕ чъылдымыл сӕрӕй уыди тымбыл ӕмбӕрзӕн конд. Ахӕм диссаджы къӕлӕтджын иунӕг паддзахӕн дӕр нӕ уыд.

21 Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ уыдысты сыгъзӕринӕй конд, йӕ ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны дзауматӕ та иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы кад уыди.

22 Паддзахмӕ уыдис, Таршишмӕ цӕуынхъом чи уыд, ахӕм наутӕ, ӕмӕ йын уыдон Хирамы денджызонтимӕ ӕртӕ азӕй ӕртӕ азмӕ ластой сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ пылыстӕг, стӕй маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ.

23 Дунейы паддзӕхты ’хсӕн Соломоны куырыхон зонд ӕмӕ йӕ хъӕздыгӕн ӕмбал нӕ уыд.

24 Алы бӕстӕтӕй йӕм цыдысты йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ, Хуыцау ын цы куырыхон зонд балӕвар кодта, уый фенынмӕ.

25 Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта йӕ лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, хъӕздыг дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ.

26 Соломон ӕртымбыл кодта бирӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ. Тохуӕрдӕттӕ йӕм уыди мин цыппарсӕдӕ, хӕстон бӕхтӕ та — дыууадӕс мины. Дардта сӕ, тохуӕрдӕтты ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уым, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы.

27 Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы арӕх уыди хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.

28 Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысыр ӕмӕ Кувӕйӕ. Уым-иу сӕ бӕлвырд аргъыл балхӕдтой паддзахы сӕудӕджертӕ.

29 Тохуӕрдӕттӕ дӕр ластой Мысырӕй, иу уӕрдоны аргъ уыди ӕвзисты ӕхсӕзсӕдӕ шекелы, иу бӕхы аргъ та — ӕвзисты сӕдӕ фӕндзай шекелы. Соломоны сӕудӕджертӕ-иу тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ хеттаг ӕмӕ сириаг паддзӕхтӕм дӕр фӕхӕццӕ кодтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan