Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

3 Паддзахӕдтӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Адониа бӕллы паддзахы бынатмӕ

1 Паддзах Давид тынг базӕронд ис, ӕмӕ-иу ӕй цыфӕнды хъарм куы стыхтой, уӕддӕр йӕ зӕронд стджытӕ нал тӕфстысты,

2 ӕмӕ йын йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Фарн дӕм бадзурӕд, нӕ хицау, нӕ паддзах, бар нын ратт ӕмӕ дын, чи дӕм зила ӕмӕ дын чи лӕггад кӕна, иу ахӕм ӕрыгон чызг бацагурӕм. Дӕ хъӕбысы хуысдзӕн ӕмӕ нын нӕ хицау, нӕ паддзахы бахъарм кӕндзӕн».

3 Израилы къуымты зилын байдыдтой рӕсугъд чызг агурӕг. Шунемы сахары йыл фӕхӕст сты — Авишаг, зӕгъгӕ, йӕ ном — ӕмӕ йӕ ӕрбалӕууын кодтой паддзахмӕ.

4 Чызг уыдис ӕмбисонды рӕсугъд. Давидмӕ зылди, лӕггад ын кодта, фӕлӕ паддзах ӕмуат никуы ӕрцыд йемӕ.

5 Уыцы заман Хагиты лӕппу Адониа йӕхиуыл тынг фервӕссыд, паддзах суыдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлдта. Уый самал кодта паддзахы уӕрдон, баххуырста барджытӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз фӕсдзӕуины.

6 Йӕ фыд ын уайдзӕф дӕр никуы бакодта, цӕмӕн афтӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Адониа хӕрзконд лӕппу уыд, саджы фисынтыл амад кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм. Давидӕн райгуырди Авессаломы фӕстӕ.

7 Адониа баныхас кодта Церуайы фырт Йоав ӕмӕ сауджын Авиафаримӕ, ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ систы.

8 Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.

9 Иу бон Адониа Ен-Рогелы донгуырӕнмӕ ӕввахс, Зохелеты дур, зӕгъгӕ, уыцы бӕрӕг бынаты цур скодта куывд. Аргӕвдын кодта фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фӕхуыдта йе ’ппӕт ӕфсымӕрты дӕр, паддзахы фыртты, стӕй, иудейӕгтӕй паддзахы кӕрты чи лӕггад кодта, уыдон.

10 Ӕрмӕст пехуымпар Натаны, Бенайайы, Давиды ӕхсарджынты ӕмӕ йе ’фсымӕр Соломоны нӕ фӕхуыдта.

11 Пехуымпар Натан Соломоны мад Вирсавимӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хагиты лӕппу Адониа нӕ хицау Давиды ӕвастӕй паддзах кӕй сси, уыцы хабар нӕ фехъуыстай?

12 Цы дын зӕгъон, уый бакӕн ӕмӕ ма бабын уай дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фырт Соломон дӕр.

13 Паддзах Давидмӕ ӕвӕстиатӕй бацу ӕмӕ йӕ бафӕрс: „О мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! Ард мын куы бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ паддзахы бадӕны, зӕгъгӕ, уӕд ныр Адониа цӕмӕн спаддзах?“

14 Йемӕ ма ныхас кӕндзынӕ, афтӕ уӕм ӕз дӕр мидӕмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ ныхас айсдзынӕн».

15 Вирсави бацыди паддзахы уатмӕ. Паддзах бынтондӕр базӕронд ис, уым ын шунемаг Авишаг кодта лӕггад.

16 Вирсави ныллӕг бакуывта паддзахӕн, ӕмӕ йӕ уый бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?»

17 «Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! — дзуапп ын радта уый. — Айразмӕ мын дӕ Хуыцауӕй, Дунедарӕгӕй, ард бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ.

18 Фӕлӕ ныр де ’вастӕй, зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакодтай, афтӕмӕй спаддзах ис Адониа.

19 Бирӕ галтӕ, хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фыстӕ акусарт кодта ӕмӕ дын йӕ куывдмӕ фӕхуыдта де ’ппӕт фыртты дӕр, стӕй сауджын Авиафар ӕмӕ ӕфсады хицау Йоавы, ӕрмӕст дын дӕ фырт Соломоны нӕ фӕхуыдта.

20 Гъемӕ ныр ӕппӕт Израилы адӕмӕн дӕр дӕумӕ у сӕ каст, мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах, ӕмӕ сын фехъусын кӕн, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый тыххӕй.

21 Науӕд, мӕ паддзах йӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрхуысса, уӕд ӕз мӕ фырт Соломонимӕ фыдгӕнджытыл нымад ӕрцӕудзыстӕм».

22-23 Вирсави йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбахызт пехуымпар Натан. Паддзахӕн фехъусын кодтой: «Пехуымпар Натан ам ис». Уӕд уый паддзахы размӕ бацыд ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывта.

24 Натан загъта: «Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ды, мыййаг, афтӕ загътай, мӕ фӕстӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн Адониа ӕмӕ мӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕн, зӕгъгӕ?

25 Абон уый ацыд ӕмӕ бирӕ кусӕрттӕгтӕ аргӕвста: галтӕ, хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фыстӕ. Йӕ куывдмӕ дын де ’ппӕт фыртты дӕр фӕхуыдта, стӕй ӕфсады хицау Йоавы ӕмӕ сауджын Авиафары. Уым иууылдӕр цӕл кӕнынц, нуазынц ӕмӕ сидынц: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Адониа!“

26 Ӕрмӕст Адониа нӕ фӕхуыдта мӕн — дӕ лӕггадгӕнӕджы, стӕй сауджын Цадокы, Йеходайы фырт Бенайайы ӕмӕ дӕ фырт Соломоны.

27 Дӕу фӕндӕй ӕрцыдаид ацы хъуыддаг ӕви нӕ, мӕ паддзах? Стӕй йӕ дӕ иузӕрдион цагъарӕй куыд басусӕг кодтай, дӕ фӕстӕ дӕ къӕлӕтджыны чи хъуамӕ сбада, уый ном?»


Паддзах Соломон

28 Паддзах Давид загъта: «Фӕдзурут-ма мын Вирсавимӕ!» Уый ӕрбацыд ӕмӕ паддзахы раз ӕрлӕууыд.

29 Паддзах расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, алы фыдбылызӕй дӕр-иу мӕ Чи фервӕзын кодта, Уымӕй!

30 Амӕй размӕ дын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, куыд расомы кодтон, мӕ фӕстӕ дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ, афтӕ абон сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд».

31 Вирсави зӕххы онг ӕркуывта паддзахӕн ӕмӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах Давид, цӕр ӕнусмӕ!»

32 Паддзах Давид бардзырд радта, цӕмӕй йӕм иумӕ ӕрӕмбырд уой сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа. Уыдон ӕрлӕууыдысты паддзахы раз,

33 ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут.

34 Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрдӕнт, цӕмӕй суа Израилы паддзах. Уӕд-иу сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ ныхъхъӕр кӕнут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“

35 Уый фӕстӕ йӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбакӕнут ӕмӕ йӕ сбадын кӕнут мӕ къӕлӕтджыны. Нырӕй фӕстӕмӕ Соломон уыдзӕни уӕ паддзах мӕ бӕсты. Ӕз бафӕдзӕхстон уымӕн, цӕмӕй Израил ӕмӕ Иудейы адӕмӕн суа сӕ фӕтӕг».

36 Йеходайы фырт Бенайа паддзахӕн загъта: — Аммен, мӕ паддзах! Дӕ ныхас дын ныффидар кӕнӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау!

37 Дунедарӕг Хуыцау мӕ паддзахыл куыд аудыдта, афтӕ аудӕд Соломоныл дӕр ӕмӕ йын йӕ къӕлӕтджын мӕ паддзах Давиды къӕлӕтджынӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд!

38 Сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ ацыдысты, Соломоны паддзах Давиды хӕргӕфсыл сбадын кодтой ӕмӕ йӕ акодтой Гихонмӕ.

39 Цадок ӕрбахаста Цатырӕй оливӕйы сойы сыкъа ӕмӕ Соломоны байсӕрста. Уый фӕстӕ сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм ӕмдзыхӕй ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!»

40 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр Соломоны фӕдыл рацыдысты; уадындзтӕй цагътой, сӕ цины хъӕртӕ афтӕ тынг азӕлыдысты, ӕмӕ-иу зӕхх сӕнкъуысти.

41 Адониа ӕмӕ йӕ уазджытӕн сӕ бадт кӕронмӕ куы ахӕццӕ, раст уыцы рӕстӕг сӕ хъустыл цины уынӕр ауади. Йоав куыддӕр сыкъауадындзы уасын айхъуыста, афтӕ афарста: «Цымӕ уый цӕй хъӕрахст цӕуы сахары ’рдыгӕй?»

42 Йоав йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбацыди сауджын Авиафары фырт Йонатан. Адониа йӕм дзуры: «Рахиз мидӕмӕ, ды ӕууӕнкджын лӕг дӕ ӕмӕ хорз хабархӕссӕг уыдзынӕ».

43 Йонатан ын загъта: «Нӕ уыдзынӕн! Нӕ паддзах Давид йӕ паддзахдзинад Соломонӕн радта.

44-45 Йӕ хӕргӕфсыл ӕй сбадын кӕнын кодта ӕмӕ йын йемӕ Гихоны доны онг арвыста сауджын Цадокы, пехуымпар Натаны, Йеходайы фырт Бенайайы, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты. Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрстой, ӕмӕ сси нӕ паддзах. Уӕд уырдыгӕй цингӕнгӕ рараст сты фӕстӕмӕ, ӕмӕ сахар ӕмызмӕлд сси. Ныр дӕр уыцы уынӕр уайы уӕ хъустыл.

46 Ныридӕгӕн йӕ паддзахы бадӕны сбадти Соломон.

47 Паддзах Давидмӕ та йӕ дӕлдӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнынц: „Хуыцау дын дӕ номӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд Соломоны ном, дӕ паддзахы бадӕнӕй йын ноджы цытджындӕр скӕнӕд йӕ бадӕн!“ Ӕмӕ Давид рабадти йӕ сынтӕджы, акуывта йӕ сӕрӕй

48 ӕмӕ загъта: „Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Йӕ хорзӕхӕй мӕ паддзахы бадӕны ног паддзах сбадти, ӕмӕ ӕз уый мӕхи цӕстӕй уынын“».

49 Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ, Адониайы уазджытӕ фыр тӕссӕй сӕ бынӕттӕй фӕгӕппытӕ ластой ӕмӕ алырдӕмты фӕлыгъдысты.

50 Адониа йӕхӕдӕг дӕр фӕтарсти Соломонӕй ӕмӕ ацыд ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныххӕцыд.

51 Соломонмӕ фӕхабар кодтой: «Адониа дӕ тӕрсы ӕмӕ йӕ къухтӕй нывондхӕссӕны сыкъатыл ныххӕцыд ӕмӕ зӕгъы: „Соломон уал мын ард бахӕрӕд, йӕ цагъары карды амӕттаг кӕй нӕ бакӕндзӕн!“».

52 Соломон загъта: «Кӕд ӕууӕнкджын лӕг разына, уӕд йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн. Намӕ дзы фыдвӕнды хабар райхъуысти, зӕгъгӕ, уӕд амӕлдзӕн».

53 Паддзах Соломон арвыста Адониамӕ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цурӕй йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта. Уый йын ныллӕг акуывта йӕ сӕрӕй, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ацӕуыны бар дын ис».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan