3 Иоанн 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСтауӕн ныхас Гайы тыххӕй 1 Хистӕрӕй — мӕ уарзон Гаймӕ, ӕцӕгӕй кӕй уарзын, уымӕ. 2 Мӕ уарзон хӕлар, ӕз кувын, цӕмӕй уай ӕнӕниз ӕмӕ дын алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыса, дӕ удӕн куыд ӕнтысы, афтӕ. 3 Ӕфсымӕртӕ куы ӕрцыдысты ӕмӕ, ды ӕцӕгадыл ӕнувыд кӕй дӕ ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд ӕз тынг бацин кодтон. 4 Мӕ сывӕллӕттӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фехъусынӕй стырдӕр цин мӕнӕн нӕй. 5 Мӕ уарзон хӕлар, ӕфсымӕртыл, стӕй дзы кӕй нӕ зоныс, суанг уыдоныл дӕр кӕй узӕлыс, уымӕй дӕр иузӕрдион дӕ. 6 Уыдон аргъуанӕн радзырдтой дӕ уарзты тыххӕй. Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ сӕ фӕндагмӕ куы срӕвдз кӕнай, уӕд уымӕй хорз бакӕндзынӕ. 7 Уыдон балцы ацыдысты Чырыстийы сӕраппонд, муртаттӕгтӕй та ӕххуыс нӕ исынц. 8 Ӕмӕ ахӕмтӕн мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕцӕгадӕн ӕмкусджытӕ куыд уӕм, афтӕ. Диотреф ӕмӕ Димитрий 9 Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф мах ницӕмӕ дары. 10 Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы, ӕмӕ йӕм уый дӕр фаг нӕ кӕсы, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты йӕхӕдӕг дӕр нӕ уазӕг кӕны ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр ӕвӕры цӕлхдуртӕ ӕмӕ сӕ тӕры аргъуанӕй. 11 Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта. 12 Димитрийы тыххӕй хорз дзурынц се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ дзы афтӕ зӕгъы ӕцӕгад йӕхӕдӕг дӕр. Мах дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ, нӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый хорз зоныс. Кӕронбӕттӕн 13 Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дӕм ныффыссин, фӕлӕ мӕ милдонӕй фыссын нӕ фӕнды — 14 мӕ зӕрдӕ дарын дӕу рӕхджы феныныл, ӕмӕ уӕд лӕгӕй-лӕгмӕ фӕныхас кӕндзыстӕм. 15 Фӕрнӕйдзаг у. Салам дын ӕрвитынц хӕлӕрттӕ. Ды дӕр салам ратт хӕлӕрттӕй алкӕмӕн дӕр. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia