Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Тимофеймӕ 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хуыцауы раз, стӕй, Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:

2 хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.

3 Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ;

4 ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты ӕмӕ баууӕнддзысты аргъӕуттыл.

5 Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс Фарны Уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.

6 Мӕн та рӕхджы ӕрхастӕуыдзӕн нывондӕн, ӕмӕ ацы дунейӕ мӕ ацӕуыны афон ралӕууыд.

7 Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.

8 Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Бардарӕг, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе ’рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр.

9 Цы гӕнӕн ис, уымӕй мӕ тагъд бабӕрӕг кӕн!

10 Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.

11 Маркы ракӕн демӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ уый Хуыцауы куысты хъӕугӕ кӕны.

12 Тихикы арвыстон Эфесмӕ.

13 Куы цӕуай, уӕд рахӕсс, Карпмӕ Троадӕйы кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй чингуытӕ, уӕлдайдӕр сӕракыл фыст чингуытӕ.

14 Бирӕ фыдбылызтӕ мын сарӕзта ӕрхуыгуырд Александр. Бардарӕг ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.

15 Ды дӕр дзы дӕхи хъахъхъӕн, уымӕн ӕмӕ тынг лӕууыди, цы дзырдтам, уый ныхмӕ.

16 Фыццаг хатт мӕхи сраст кӕныны тыххӕй куы раныхас кодтон тӕрхоны раз, уӕд мӕ цуры ничи уыди, уымӕн ӕмӕ мӕ иууылдӕр ныууагътой. Хуыцау сын ӕй ныббарӕд!

17 Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.

18 Бардарӕг мӕ бахиздзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн Йӕ Уӕларвон Паддзахадӕн. Кад Ын уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.


Кӕронбӕттӕн

19 Саламтӕ ратт Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры хӕдзаронтӕн.

20 Эраст баззади Коринфы, Трофимы рынчынӕй ныууагътон Милеты.

21 Бацархай ӕмӕ, зымӕг цалынмӕ нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ ӕрцу. Саламтӕ дын ӕрвитынц Эввул, Пуд, Лин ӕмӕ Клавдиа, стӕй ӕфсымӕртӕ иууылдӕр.

22 Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan