Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Тимофеймӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстон

1 Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.

2 Ӕмӕ, бирӕ ӕвдисӕнты раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уый ды та фӕхӕццӕ кӕн, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл ис, иннӕты дӕр сахуыр кӕнынмӕ чи сарӕхсдзӕн, ахӕмтӕм.

3 Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ.

4 Никӕцы хӕстон лӕг бацӕудзӕн ӕрвылбоны царды сагъӕсты цъысымы — уый ӕрмӕстдӕр уымӕ тырны, цӕмӕй дзы йе ’фсӕддон хицауы зӕрдӕ райгонд уа.

5 Ерысты архайӕг хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн, ерысты уаг куы хала, уӕд.

6 Цы хор ӕрзад, уымӕй хай фыццаг хъуамӕ ӕрхауа, чи йыл фыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕгмӕ.

7 Ахъуыды кӕн, ӕз дын цы зӕгъын, ууыл. Бардарӕг дын раттӕд ӕппӕт дӕр ӕмбарыны зонд.

8 Дӕ зӕрдыл дар Йесо Чырыстийы. Уый у Давиды байзӕддаг, мӕрдтӕй растӕг — ууыл дзурӕг у, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.

9 Уыцы Фарны Уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.

10 Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы кадӕй.

11 Ӕцӕг сты ацы ныхӕстӕ: «Кӕд Йемӕ амардыстӕм, уӕд цӕргӕ дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм.

12 Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд паддзахиуӕг дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.

13 Мах Ыл нӕ зӕрдӕ куы аивӕм, уӕд дӕр Уый иузӕрдионӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕхиуыл бавдисӕн кӕнын Йӕ бон нӕу».

14 Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕу ныхас ма цӕуа — уыцы быцӕутӕ ӕрмӕстдӕр зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн.

15 Бацархай, цӕмӕй Хуыцауы раз разынай аккаг, йӕ куысты тыххӕй къӕмдзӕстыг чи нӕу, ӕцӕгады ныхас раст чи амоны, ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт куыстгӕнӕг.

16 Ӕлгъаг ӕвдӕлон ныхӕстӕй дӕхи хъахъхъӕн. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй.

17 Гангренӕйау ахӕлиу уыдзӕни сӕ ахуырад. Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Филит.

18 Уыдон фӕиппӕрд сты ӕцӕгадӕй, дзурынц, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй халынц иуӕй-иуты уырнындзинад.

19 Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».

20 Стыр хӕдзары та ис ӕрмӕст сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ, фӕлӕ, хъӕд ӕмӕ ӕлыгӕй конд чи у, ахӕмтӕ дӕр, зынаргъ мигӕнӕн дзы куыд ис, афтӕ дзы ис хуымӕтӕг дурын дӕр.

21 Уӕдӕ, йӕхи алы ӕвзӕрдзинадӕй чи ссыгъдӕг кӕна, уый уыдзӕнис кадджын ӕмӕ уаз мигӕнӕн — пайда дзы кӕны Хӕдзары Хицау ӕмӕ бӕззы алы хорз хъуыддагӕн дӕр.

22 Лӕппуйы монцтӕй хиз дӕхи. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Бардарӕгмӕ чи кувы, уыдонимӕ тырн рӕстӕй цӕрынмӕ, уырнындзинадмӕ, уарзт ӕмӕ фидыдмӕ.

23 Ӕдзӕлгъӕд ӕмӕ ӕнӕфенд быцӕутӕй дӕхи хиз, — уыдон хъаугъатӕ кӕй расайынц, уый дын зындгонд у.

24 Бардарӕджы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не ’мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, зонд амонынмӕ арӕхса ӕмӕ маст ма хӕсса йӕ зӕрдӕйы,

25 ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, фӕсмон сӕм ӕрцӕуа ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый базоной,

26 ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕ бархъомыс сыл чи сӕвӕрдта, уыцы хӕйрӕджы къӕппӕгӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan