Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

2 Тимофеймӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Павелӕй — Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол чи у, уымӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, Хуыцау зӕрдӕ цы цардӕй бавӕрдта, уый тыххӕй фехъусын кӕнынмӕ — уыцы цард лӕвӕрд цӕуы Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы.

2 Ӕз фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ!


Бузныджы куывд

3 Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомӕй Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.

4 Дӕ цӕссыгтӕ куы ӕрхъуыды кӕнын, уӕд мӕ бафӕнды дӕ фенын, цӕмӕй мӕ зӕрдӕ байдзаг уа цинӕй.

5 Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы дӕ мадымад Лоидӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕйы зӕрдиаг уырнындзинад. Дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын.

6 Уымӕ гӕсгӕ ма дын иу хатт зӕгъын: мӕ къухӕрӕвӕрды руаджы Хуыцау дӕуӕн кӕй радта, уыцы курдиаты арт ахуыссын ма бауадз.

7 Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.

8 Уӕдӕ нӕ Бардарӕджы тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый ӕфсӕрмиагыл ма нымай, стӕй, ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мемӕ иумӕ тухӕн кӕн Фарны Уацы сӕраппонд.

9 Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,

10 ӕргом та абон раци — нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ Фарны Уацы руаджы ӕрхаста мыггагмӕйы цард.

11 Уыцы Фарны Уацы фидиуӕг, апостол ӕмӕ ахуыргӕнӕг сдӕн ӕз Хуыцауы фӕндӕй!

12 Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.

13 Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зонды хос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.

14 Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый.


Апостолы ӕмкусджытӕ

15 Зоныс ӕй, асиӕгтӕ иууылдӕр, семӕ Фигел ӕмӕ Ермоген дӕр, мӕн кӕй ныууагътой, уый.

16 Бардарӕг арфӕ ракӕнӕд Онисифоры хӕдзарӕн. Бирӕ хӕттыты мӕ барӕвдыдта, мӕ рӕхыстӕ дӕр ӕй нӕ урӕдтой — къӕмдзӕстыджы хос ын нӕ уыдысты.

17 Уый нӕ, фӕлӕ, Роммӕ куы ӕрцыд, уӕд мӕ агуырдта зӕрдиагӕй ӕмӕ мӕ ссардта.

18 Бардарӕг ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын Тӕрхоны бон Уый уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan