2 Петр 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстБардарӕг ӕрыздӕхдзӕн 1 Ныридӕгӕн уӕм дыккаг фыстӕг фыссын, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ. Дыууӕ фыстӕджы дӕр уын уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй архайын уӕ сыгъдӕг хъуыдытӕ райхъал кӕныныл. 2 Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст. 3 Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты: 4 «Кӕм ис, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, Чырыстийы уыцы дыккаг ӕрцыд? Уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр амардысты, фӕлӕ дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ ӕппӕт дӕр баззад, цы уыдис, уымӕй». 5 Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ зонынц: Хуыцауы ныхасӕй рагзаманы арв ӕмӕ зӕхх скондӕуыди донӕй ӕмӕ доны фӕрцы. 6 Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын. 7 Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй хъахъхъӕд цӕуынц артӕн — Тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр. 8 Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, иу хъуыддаг сымахӕн хъуамӕ сусӕг ма уа: Бардарӕгӕн иу бон мин азы хуызӕн у, мин азы та — иу боны хуызӕн. 9 Иуӕй-иутӕм куыд кӕсы, афтӕ Бардарӕг фӕстиат нӕ кӕны Йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ, фӕлӕ уын бирӕ быхсы — фӕнды Йӕ, иу адӕймаг дӕр куыд нӕ фесӕфа, фӕлӕ иууылдӕр куыд ӕрфӕсмон кӕной. 10 Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты. 11 Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд сымах та цавӕр хъуамӕ уат? Сымах уӕ сыгъдӕг царды хъуамӕ ӕнувыд уат Хуыцауыл, 12 ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы ӕрцыды бонмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ апырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты. 13 Фӕлӕ махӕн Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстад кӕм ӕрцӕрдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ. Кӕронбӕттӕн 14 Уӕдӕ афтӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл. 15 Ӕмӕ, нӕ Бардарӕг бирӕ кӕй быхсы, уый нымайут фервӕзыны фадатыл; нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр уӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд зондӕй уый тыххӕй фыста. 16 Афтӕ Павел фыссы йе ’ппӕт фыстӕджыты, уыдӕтты кой куы фӕкӕны, уӕд. Йӕ фыстыты ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ ӕнӕфенд ӕмӕ, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц Сыгъдӕг Фысты иннӕ хӕйттау ӕмӕ уый аххосӕй фесӕфынц. 17 Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уыдӕтты тыххӕй сымах зонут ныридӕгӕн ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, хӕлд адӕмы рӕдыд фӕндагыл куыд нӕ ацӕуат ӕмӕ, фидар цӕуыл лӕуут, уымӕй куыд нӕ фӕиппӕрд уат, афтӕ. 18 Рӕзут нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут, ноджы хуыздӕр Ӕй куыд базонат, уымӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Аммен. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia