2 Петр 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМӕнгахуыргӕнджытӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпарты фӕзынды тыххӕй рагагъоммӕ ныхас 1 Израилаг адӕмы ’хсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон семӕ ӕрхӕсдзысты мӕлӕтмӕ кӕнӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕрибар сын Чи ӕрхаста, уыцы Бардарӕгыл ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕты амӕттаг сӕхи бакӕндзысты. 2 Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг. 3 Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. 4 Тӕригъӕды чи бацыди, суанг уыцы зӕдтыл дӕр нӕ бацауӕрста Хуыцау, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ Тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй; 5 рагон дунейыл нӕ бацауӕрста, бахызта ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады фидиуӕг Нойы йӕ бинонтимӕ — аст адӕймаджы, ӕнӕхуыцӕутты дуне та доны хъаймӕтӕй фесӕфта; 6 Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ фестын кодта ӕртхутӕг, рахаста сын сыскъуыныны тӕрхон, фидӕны ӕнӕхуыцӕуттӕн уый зонды хос куыд уа, афтӕ; 7 хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта, 8 уымӕн ӕмӕ уый царди се ’хсӕн, алы бон дӕр се ’нӕуаг хъуыддӕгтӕ уыдта ӕмӕ хъуыста, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ рысти. 9 Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд, 10 уӕлдайдӕр та, чъизи монцты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн. Сӕрхызт ӕмӕ ӕнаккаг, ахӕм адӕм, уӕларвон тыхтыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ, уыдонӕн сӕ азарӕй дӕр нӕ тӕрсынц. 11 Афтӕмӕй сӕ, бирӕ тыхджындӕр ӕмӕ хъомысджындӕр чи у, уыцы зӕдтӕ та Бардарӕджы раз азымы нӕ дарынц ӕмӕ нӕ фауынц. 12 Уыдон та фауынц, цы не ’мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се ’рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ, кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ. 13 Уыдонӕн сӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй. Ӕхсызгон сын сты се ’рвылбоны хиирхӕфсӕнтӕ; ӕлгъӕгтӕ ӕмӕ ӕгадгӕнджытӕ, райгонд вӕййынц сӕ фӕливӕн митӕй, уемӕ куы фӕцӕл кӕнынц, уӕд. 14 Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты, 15 ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Балаамы фӕндагыл — уый бабӕллыд тӕригъӕд хъуыддаджы фӕрцы пайда скӕнынмӕ. 16 Фӕлӕ йын йӕ азым комкоммӕ загъдӕуыди: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта ӕнӕсӕрфат мийӕ. 17 Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны саудалынг. 18 Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты. 19 Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибарӕй, афтӕмӕй сӕхӕдӕг та мӕлӕты цагъартӕ сты, уымӕн ӕмӕ, чи кӕмӕн басасти, уый уымӕн цагъар у. 20 Кӕд нӕ Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы базоныны фӕрцы фервӕзтысты дунейы чъизитӕй, фӕлӕ та дзы ногӕй аныгъуылдысты ӕмӕ сӕ амӕттаг баисты, уӕд сӕ фӕстаг уавӕр фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн. 21 Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид. 22 Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ» ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia